Рӕзы нӕм сӕрӕн кӕстӕртӕ

0
561

 

Советон заманты нӕ бӕстӕйы равзӕрд физкультурон змӕлд ГТО, ома, «У цӕттӕ фӕллой кӕнын ӕмӕ дӕ бӕстӕ хъахъхъӕнынмӕ».

Уыцы змӕлд йӕ рӕстӕджы тынг фӕахъаз Советон адӕмы физикон цӕттӕдзинад фидардӕр кӕнынӕн. ГТО ма хуыдтой стыр спортмӕ схизыны фыццаг къӕпхӕн дӕр. Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, нӕ бӕстӕйы спортивон кад ӕнтыстджынӕй чи хъахъхъӕдта, дунеон спорты ӕппӕты стырдӕр бӕрзӕндтӕм цы советон фӕсивӕд схызти, уыдон сӕ фыццаг къахдзӕфтӕ кӕнын райдыдтой ГТО-йы.

А фӕстаг азты ацы спортивон змӕлдӕн лӕвӕрд ӕрцыд ног цард ӕмӕ ӕрвылаз цӕуынц ГТО-йы фестивалтӕ. Алы кары нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ  зӕрдиагӕй фӕархайынц, фестивал аразджытӕ цы фӕлварӕнтӕ равзарынц, уыдон сӕххӕст кӕныныл.

Ахӕм фестивал ивгъуыд сабаты цыди Дзӕуджыхъӕуы Виктор Коняевы номыл стадионы. Фестивал аразджытӕ уыдысты Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон администрацийы Фӕсивӕдон политикӕ, физкультурӕ ӕмӕ спорты комитеты кусджытӕ.

Уыцы бон ГТО-йы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ стадионмӕ ӕрбацыдысты Дзӕуджыхъӕуы футболон клуб «Барс»-ы хъомылгӕнинӕгтӕ. Ӕвзонг футболисттӕ дихгонд уыдысты цыппар къордыл: 2009, 2010, 2011 ӕмӕ 2012 азты гуырдтӕ. Уыдонӕй алы къорд дӕр фӕлварӕнтӕ лӕвӕрдта сӕрмагонд домӕнтӕм гӕсгӕ.

Фӕлварӕнтӕ райдайыны размӕ ӕвзонг лӕппутӕн зӕрдиаг арфӕ ракодта Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон администрацийы фӕсивӕды политикӕ, физкультурӕ ӕмӕ спорты комитеты сӕрдар Фидараты Аслан.

Фестивал цыдис хъӕлдзӕг уавӕры. Музыкӕйы зӕлтӕ ӕмӕ рӕсугъд, зӕрдӕмӕдзӕугӕ зарджытӕ ӕвзонг спортсменты разӕнгард кодтой сӕхи сӕрӕнӕй равдисынмӕ. Кӕстӕрты архайд фенынмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты сывӕллӕтты ныййарджытӕ ӕмӕ хиуӕттӕ.

Кӕстӕртӕ фӕлварӕнтӕ лӕвӕрдтой: згъорыны дыууӕ хуызӕй, гӕпп кӕнынӕй, къухтӕй хи хӕрдмӕ ‘лвасынӕй…Фӕсивӕд фӕлварӕнтӕ куыд ӕххӕст кодтой, уый сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд: Дзӕуджыхъӕуы фӕсивӕдон политикӕ, физкультурӕ ӕмӕ спорты комитеты цур ӕхсӕнадон советы сӕрдар Цакъоты Эдуардӕн, зындгонд рапиристкӕ ӕмӕ тренер, РЦИ-Аланийы ахуырады сгуыхт кусӕг Кадиты Виолетӕйӕн, Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон администрацийы спорты академийы директор Уалыты Артурӕн.

Ӕвзонг футболисттӕ фӕлварӕнтӕ куыд сӕххӕст кодтой, уымӕй разыйӕ баззад Дзӕуджыхъӕуы ГТО-йы домӕнтӕ ӕххӕстгӕнӕг хайады сӕргълӕууӕг Куыдзиаты Дзерассӕ дӕр.

Фӕлварӕнтӕ, цы 80 лӕппуйы лӕвӕрдтой, уыдон иууылдӕр сарӕхстысты ӕппӕт домӕнтӕ дӕр сӕххӕст кӕнынмӕ, ӕмӕ сын  саккаг кодтой сӕрмагонд риуылдаргӕ нысӕнттӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Баскаты Уырызмӕг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here