РЦИ-Аланийы физкультурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Аланӕн нӕ республикӕйы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ 22 октябры цы фембӕлд уыд, уым ныхас цыд федералон программӕ «Спорт — нӕ царды нормӕ» -мӕ цы фарстытӕ хауынц, уыдон Ирыстоны куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, ууыл. “Рӕстдзинад”-ы уацхӕссӕг дӕр уыд уыцы фембӕлды ӕмӕ йӕм радта цалдӕр фарсты:
— Нӕ республикӕйы куыд цӕуынц куыстытӕ спортивон комплекстӕ ӕмӕ спортивон фӕзтыл?
— Ныртӕккӕ куыст цӕуы, нӕ республикӕйы алы рӕтты цы цыппӕрдӕс спортивон комплекс ӕмӕ фӕзы аразӕм, уыдоныл. Растдӕр зӕгъгӕйӕ та, уыцы спортивон фӕзтӕн сӕ фылдӕр арӕзт ӕрцыдысты. Мах не ‘ргом тынгдӕр здахӕм, нӕ фӕсивӕдӕн, куыд гӕнӕн ис, афтӕ хуыздӕр ифтонггонд спортивон фӕзтӕ аразынмӕ. Хъуамӕ сын уа ӕппӕт уавӕртӕ дӕр, се ‘нӕниздзинад ӕмӕ спортивон цӕттӕдзинад фидардӕр кӕнынӕн. Цы цыппӕрдӕс спортивон фӕзы кой кӕнын, уыдон арӕзт цӕуынц 2020 азы онг федералон проектмӕ гӕсгӕ. Уый фӕрцы ацы аз нӕ къухы бафтыд ахӕм фӕзтӕ саразын Хуымӕллӕджы, Црауы, Алагиры дыууӕ раны, Даргъ-Къохы, Мичурины, Змейкӕйы, Ӕрыдоны, Камбилеевкӕйы ӕмӕ Мӕздӕджы районы фондз раны: поселок Черноярскийы, станицӕ Терскаяйы, хъӕутӕ Веселое, Предгорное ӕмӕ Киевскоейы. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, иннӕ азы проектмӕ дӕр хаст кӕй ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ ма нӕ иннӕ хъӕуты дӕр ахӕм фӕзтӕ кӕй сараздзыстӕм, ууыл.
— Дзӕуджыхъӕуы цы спортивон центр арӕзт цӕуы, уый кӕд байгом уыдзӕн ӕмӕ дзы цавӕр гӕнӕнтӕ уыдзӕн?
— Мах ӕм рагӕй бӕллыдыстӕм, ӕмӕ ацы азы кӕрон хъуамӕ байгом уа. Уым уыдзӕн уӕгъдибар ӕмӕ грекъаг-ромаг хъӕбысхӕсты залтӕй уӕлдай, дзюдойы зал дӕр. Уыдзӕн дзы ӕппӕт уавӕртӕ дӕр спортсментӕн сӕ физикон цӕттӕдзинадыл кусынӕн.
— Спортивон центры цавӕр ерыстӕ аразӕн уыдзӕн?
— Сӕйраг залы уыдзӕн трибунӕтӕ спортуарзджытӕн. Спортивон ерыстӕн дзы уыдзӕн ӕппӕт уавӕртӕ, уӕлдайдӕр та хъӕбысхӕстӕн. Ног центры аразӕн уыдзӕн хъӕбысхӕст, бокс, лӕгӕй-лӕгмӕ тохты алы хуызтӕй ӕмӕ ма бӕрнон ерыстӕ дӕр.
— Цавӕр спортивон фӕзтӕ саразынмӕ ма хъавут?
— Куыд загътон, афтӕмӕй ацы аз фӕци цыппар азы паддзахадон программӕ «Спорт — нӕ царды нормӕ». Ныр нӕ иннӕ цыппаразон программӕмӕ федералон проекты фӕрцы бахӕссынмӕ хъавӕм Дзӕуджыхъӕуы стыр ленкгӕнӕн спорты центр дӕр. Йӕ проектыл ныридӕгӕн куыст цӕуы. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ саразӕм ӕхгӕд футболон манеж ӕмӕ боксы центр. Иу ныхасӕй, нӕ фӕндты ис бирӕ хъӕугӕ хъуыддӕгтӕ саразын ӕмӕ нӕ ныфс ис, нӕ республикӕйы разамонджыты фӕрцы нын федералон программӕмӕ хаст кӕй ӕрцӕудзысты, ӕмӕ сӕ хӕстӕгдӕр азты нӕ цӕстӕй кӕй фендзыстӕм, уымӕй.
Ныхас ныффыста Баскаты Уырызмӕг
Къам систа Хъайырты Дианӕ














