Нӕ историон адрис — не ‘взаг

0
267

Хуыцау бахизӕд, фӕлӕ ирон адӕм сӕ фыдӕлты ӕвзагыл сӕ къух бынтондӕр систой ӕмӕ ӕндӕр ӕвзаг райстой, зӕгъгӕ, уӕд нӕ нӕ алыварс дзырдхъом  адӕмтӕ, нӕ рагфыдӕлтӕ скифтӕ, сӕрмӕттӕ ӕмӕ алантӕм, нӕ историмӕ ӕхсты бӕрцмӕ дӕр нал бауадзиккой. Ныр дӕр ӕм сӕ бӕттӕнтӕ куы тонынц, сӕхиуыл ӕй рабар-бабар кӕнынц, фӕлӕ сыл ӕппындӕр нӕ бады, нӕ фидауы, дӕлӕсин-уӕлӕсин дӕр дзы не сты. Сӕ «наукон» хатдзӕгтӕ ирон ӕвзагыл базгъӕлӕнтӕ вӕййынц.

Афтӕ рауад ивгъуыд ӕнусы 70-90-ӕм азты Зеленчукы цыртыл фысты хъуыддаг дӕр, В.Ф. Миллер ӕмӕ Абайты Васойы хъуыды, иронау фыст кӕй у, уый ныхмӕ растадысты ӕмӕ йӕ алчидӕр йӕхирдӕм ласыныл ацархайдта. Уый тыххӕй мӕнӕ куыд фыссы историон наукӕты доктор, зындгонд ахуыргонд Цыбырты Людвиг йӕ чиныг «Рӕстӕджы фӕндӕгтыл»-ы иу хайы:

“Быцӕуы архайӕг ахуыргӕндтӕй иутӕ (А.Ж. Кадев) рагон фысты бакастысты адыгагау (кӕсгонау), иннӕ (М. Кудаев) — балхъайрагау, аннӕ (Я. С. Вагапов) — цӕцӕйнагау. Ӕмӕ сӕ быцӕу ныхас цӕуыл фӕци, уымӕн кӕронбӕттӕн хатдзӕг скодта зындгонд америкаг ахуыргонд Ласло Згуста: «Зеленчукы ӕрфыст ӕххӕстгонд ӕрцыд алайнаг — ирон ӕвзагыл ӕмӕ йӕ ныффыссыны рӕстӕг та у XI-XII ӕнусты”.

Гъе уыцы хатдзӕгтыл хъуыдытӕ кӕнгӕйӕ, искуы искӕм ирон сывӕллӕтты иронау хъӕлдзӕг ныхас кӕнгӕ, хъазгӕ куы фенын, уӕд мӕ зӕрдӕ хурварс абады, ӕмӕ мӕ фырцинӕй ӕнӕнхъӕлӕджы сирвӕзы: «Дӕ райсом хорз, мӕ Ир, дӕ райсом!» Уый хуры тын ныккӕсы зӕрдӕмӕ, батавы йӕ, ирон адӕмы рӕсугъд фидӕныл ӕууӕнк ӕй срухс кӕны, ныфс дзы бауадзы. Нӕ мадӕлон ӕвзаг фесӕфыны тас ме уӕнгӕй райсомы мигъау сысты ӕмӕ ӕрбайсӕфы.

Кӕнӕ куыд ӕхсызгон вӕййы ирон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, алыхуызон гӕлӕбуты базыртау, сӕ аив кӕркӕ-мӕркӕ уӕлӕдарӕсы сценӕйы куы ралӕууынц ӕмӕ сӕ цъӕхснаг хъӕлӕстӕй рӕсугъд  ирон ӕвзагыл ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсын, зарын, чысыл сценикон нывты хъазын куы райдайынц. О, ныммӕлӕн дын макуы уа, нӕ мадӕлон ирон ӕвзаг! Мады дзыхӕй цӕуыс, ӕмӕ дӕ мадӕлон дӕр уымӕн хонӕм. Мады рӕвдыдау адджын дӕ цотӕн, кӕстӕртӕн, хистӕртӕн. Ӕмӕ дӕ уыдон ӕнусты сӕрты дӕттынц фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Афтӕмӕй дын фӕуӕн, кӕрон нӕй.  ӕрхӕццӕ махмӕ дӕр, мин азты сӕрты ӕрхызт ӕмӕ цӕры немӕ. Нӕ зӕрдӕты цӕфимӕ баиу йӕ зӕл, йӕ аивдзинад, йӕ тых ӕмӕ фӕлгонц. Ссис нӕ царды стырдӕр, ахадгӕдӕр, табуйагдӕр, арфӕйагдӕр фарны хотых. Ӕмӕ у нӕ бахъахъхъӕнинӕгты ахсджиагдӕр, нӕ фӕстӕ цы фӕлтӕртӕ цӕуой, уыдонмӕ нӕ адӕттын цы хъӕуы, уыдоны хуыздӕрты хуыздӕр.

Махӕн, ирон адӕмӕн, ныры нӕрӕмон дуджы нӕ размӕ лӕууы бирӕ ахсджиаг фарстатӕ. Алкӕцыдӕр дзы хъӕуы лыг кӕнын. Фӕлӕ сӕ ахсджиагдӕртӕ, историон цӕлхъыты рӕстӕг цӕмӕй ӕвыдӕй баззайӕм, уымӕн стыр ахъаз чи у, уыдон сты: ирон ӕвзаг бахъахъхъӕнын, нӕ адӕмы нымӕц фылдӕр кӕнын ӕмӕ нӕ ӕрдзы сыгъдӕгдзинадыл кусын. Ирон ӕвзаг бахъахъхъӕнын у сӕйрагдӕр. Фыццаг бынаты дӕр уымӕн ӕвӕрд ис. Уый махӕн у нӕ историон адрис, ӕмӕ йӕ куы фесафӕм, уӕд сӕфынц нӕ истори ӕмӕ нӕ фыдӕлтимӕ бастдзинад. Ӕнӕистори, ӕнӕфыдӕл адӕм та дзӕгъӕл сывӕллонӕй уӕлдай не сты, алкӕмӕдӕр хӕлӕггӕнгӕ, сӕркъулӕй кӕсынц. Хуыцау нӕ уыцы уагӕй бахизӕд! Йӕ хорзӕх нӕ уӕд, фӕлӕ нӕхи дӕр базмӕлын хъӕуы. Гъе уымӕ гӕсгӕ мах дӕр куырдтам, 2009 аз Ирыстоны ирон ӕвзаджы азыл нымад куы ӕрцыдаид, уый. ӕхсызгон у, Къостайы номимӕ йӕ кӕй бабастой. Къостайау нӕ, бӕргӕ, алчидӕр куы риссид не ‘взаджы хъысмӕтыл. Цы ӕвӕджиау уацмыстӕ йыл сфӕлдыста, уыдон ын сты уды, цӕрӕнбоны хос.

2007 аз Уӕрӕсейы Федерацийы Президент В.В. Путин йӕ уынаффӕйӕ сфидар кодта Уырыссаг ӕвзаджы азӕй, ӕмӕ афӕдзы дӕргъы уырыссаг ӕвзаг хуыздӕр базоныны хъуыддагмӕ цыд хуыздӕр цӕстдард. Уый ӕрмӕст бӕстӕйы ӕппӕт регионты нӕ, фӕлӕ хӕстӕг, стӕй дард фӕсарӕйнаг бӕстӕты дӕр. 2008 аз та ноябры Бетъырбухмӕ ӕрӕмбырд кодтой, дунейы алы бӕстӕты уырыссагау чи дзуры, стӕй йӕ иннӕ нацитӕй чи ахуыр кӕны, уыдоны минӕвӕртты. Уыцы егъау конгрессмӕ уазджытӕ фӕхуыдтой Хуссар Ирыстонӕй дӕр, куыд фӕсарӕйнаг ног паддзахады минӕвӕрттӕ, афтӕ.

Бетъырбухы егъау ӕмбырды уырыссаг ӕвзаджы хъысмӕтыл, фылдӕр адӕмы йӕм ӕрӕмхиц кӕныны, йӕ рӕзты ӕмӕ фидӕны фарстатыл ныхас кодтой Австри ӕмӕ Азийы, Африкӕ ӕмӕ Европӕйы, Уӕрӕсе ӕмӕ Америчы бӕстӕты цӕрӕг уырыссаг дзыхӕй дзурӕг адӕмы минӕвӕрттӕ.

Ахӕм хорз фӕрӕзтӕй, мадзӕлттӕй, гӕнӕнтӕй пайда кӕнынц, се ‘взаг дунейыл уӕрӕх кӕмӕн ӕнхъӕвзы, уыцы стыр уырыс. Уыдон дӕр ма йын цӕмӕйдӕр куы тӕрсынц ӕмӕ йӕ хъысмӕтыл аудынц бирӕвӕрсыгӕй. Уӕд мах, ирӕттӕ, уадзыг стӕм ӕви фынӕй? Нӕ мадӕлон ӕвзаг нӕ цӕсты раз ӕрлӕууыд ӕмӕ ма ‘рцуйы фӕндагыл. Ирыстоны дӕр ыл ирӕттӕ сӕхи атигъ кодтой. Дард бӕстӕты: Германы, Францы, Канадӕ ӕмӕ иннӕты ахуыргӕндтӕ нӕм сидынц бахъахъхъӕнут ӕй, зӕгъгӕ. Хуыцауы лӕвар уын у, сымах ӕвджид ӕй бакодта, ӕмӕ Хуыцауы хӕрзиуӕг уӕ къахы бырынкъӕй ма акъуырут. Уӕ фӕстагӕттӕ уыл бахъоды кӕндзысты. Фӕлӕ нӕм сӕ сидт нӕ хъары.  ЮНЕСКО йӕм йе ‘ргом раздӕхта, йӕ ӕххуысы хай йын кӕны. Фӕлӕ цӕуыл хардзгонд цӕуы, уый хӕйрӕг дӕр нӕ равзардзӕн. Хицауадмӕ, йӕ мадӕлон ӕвзагыл ма иузӕрдион чи у, уыдоны хъӕрзын сыхъуысы, батыхсын сӕ кӕны, бахъынцъым кӕнынц, ӕмӕ ӕмбырдтӕ ацаразынц. ӕвзаджы хъысмӕтыл уырыссагау аныхӕстӕ кӕнынц. Стӕй хатдзӕг скӕнынц: «Нӕй, нӕма сӕфы не ‘взаг. Нырма «Дӕ бон хорз» зӕгъын иронау куы зонӕм», Ирон ӕвзаджы хъысмӕты фӕдыл уынаффӕтӕ рахӕссынц, йӕ ахуыр кӕныныл уырыссагау фыст концепцитӕ-йедтӕ сфидар кӕнынц. Хъуыддагӕй та рӕстмӕ зынгӕ ницы кӕны.

Зӕххы цъарыл ис 6 мин ӕвзаджы бӕрц. Уыдонӕй се ‘мбисӕн у тӕссаг фесӕфынӕй. Иннӕ ӕвзӕгтӕ, скъолаты кӕй ахуыр кӕнынц, газеттӕ, журналтӕ, чингуытӕ фылдӕр цы ӕвзӕгтыл мыхуыр цӕуы, театр кӕмӕ ис, документтӕ фыст кӕуыл цӕуы, адӕм фылдӕр цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдон сӕ ныхъуырынц. Уымӕ гӕсгӕ 1999 азы ноябры ЮНЕСКО-йы Генералон конференцийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ 2000 азы 21 февралы фыццаг хатт бӕрӕг кодтой Мадӕлон ӕвзаджы ӕппӕтдунеон бон. 2001 азы 21 февралы Парижы ЮНЕСКО-йы штаб-квартирӕйы презентаци уыд, фесӕфынӕй тӕссаг кӕмӕн у, уыцы ӕвзӕгты Атлас-чиныгӕн. Афтӕ дунейы адӕмтӕ аудынц, фесӕфынӕй тӕссаг кӕмӕн у, уыцы ӕвзӕгтыл. Владимир Путины хъуыды та у ахӕм: «Чысылнымӕц адӕмты ӕвзагӕн паддзахад куы нӕ ӕххуыс кӕна, уӕд сын фесӕфынӕй тас у».

Иууылдӕр фӕндонӕй, хъуыддагӕй архайынц, цӕмӕй ирон ӕвзаджы хуызӕттӕн дӕр уа фидӕн. Германы Гетингемы университеты иумӕйаг ӕмӕ индогермайнаг ӕвзӕгты факультеты разамонӕг, профессор Михаэль Йоб та нӕм сиды: «Тынг ахсджиаг у, ирӕттӕ сӕхи культурӕ ӕмӕ сӕхи ӕвзаджы нысаниуӕг арф куы бамбариккой, Хуыцауӕй лӕвӕрд сын кӕй у, ӕмӕ ахӕм лӕвар алкӕмӕн кӕй нӕй, уыцы уагыл ӕм сӕ цӕстӕнгас куы аздахиккой. Ӕрмӕстдӕр ирӕттӕм ис уый ӕмӕ ӕндӕр никӕцы адӕммӕ! ӕрмӕстдӕр уыдоны къухты ис ацы ӕвзаджы хъысмӕт. Ӕмӕ диссаджы хорз уаид, сӕ бон куы бауид афтӕ бакӕнын, цӕмӕй ирон ӕвзаджы зӕлланг макуы бамыр уа зӕххыл».

Ацы ныхӕстӕ нӕм уӕддӕр куы бахъариккой, ӕмӕ не ‘взаджы фидӕнмӕ хицауӕй хуымӕтӕг кусӕджы онг, хистӕрӕй-кӕстӕрмӕ бӕрнондӕр цӕстӕй куы акӕсиккам, йӕ хъысмӕтыл ын арфдӕр куы ныхъхъуыды кӕниккам. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу ирон ӕвзаджы аз куы расидиккам. Уӕд афӕдзы дӕргъы хуыздӕр, ахадгӕдӕр, фӕрӕзджындӕр цӕстӕнгас здӕхт ӕрцӕуид ирон ӕвзаг ахуыр кӕныны фарстытӕм, ирон чиныджы, ирон театры хъысмӕтмӕ.

Ирон ӕвзаг Ирыстоны паддзахадон ӕвзагыл нымад у, ӕмӕ йӕм паддзахадон цӕстдард куы уа, уӕд алы ирон дӕр нӕ, фӕлӕ ам немӕ ӕмдзӕрин чи у, уыдон — уырыссагӕй, грекъагӕй, сомихагӕй, тӕтӕйрагӕй, азербайджайнагӕй, гуырдзиагӕй — иууылдӕр тырниккой йӕ базонынмӕ. Уымӕн сын мах, ирӕттӕ, ӕххуыс кӕндзыстӕм зӕрдиагӕй.

Ирон ӕвзагмӕ иуӕй-иу ирӕттӕ, бӕрнон адӕймӕгтӕ кӕд куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, йӕ хъысмӕт сӕ не ‘ндавы, уӕддӕр махӕн Ирыстоны ӕмӕ ӕндӕр рӕтты, суанг фӕсарӕнты дӕр ис, йӕ бахъахъхъӕныны хъуыддаджы нӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд, ӕндӕр адӕмты ахӕм минӕвӕрттӕ. Ам, нӕхимӕ, бирӕ уырыссӕгтӕ, сомихӕгтӕ, гуырдзиӕгтӕ, тӕтӕйрӕгтӕ, азербайджайнӕгтӕ сыгъдӕг дзурынц иронау, зонынц нын не ‘гъдӕуттӕ, нӕ уаг. Сӕ цот скъолаты зӕрдиагӕй ахуыр кӕнынц ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ, суанг Дзӕуджыхъӕуы дӕр ӕмӕ дзы бирӕтӕ фӕлварӕнты ирӕттӕй райсынц хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ. Вячеслав Иванов каст фӕци Дзӕуджыхъӕуы фӕндзӕм скъола, ирон ӕвзаг дзы афтӕ хорз базыдта, ӕмӕ дӕсныйад райсыны фӕстӕ Бетъырбухы куы ӕрцард, уӕд Интернеты байгом кодта хисӕрмагонд сайт “Вячеслав Иванов». Сӕргонд «Ирон энциклопеди»-йы бынмӕ дзы дунейы адӕмты зонгӕ кӕны Ирыстонимӕ, ирон адӕмы истори, ӕвзаг ӕмӕ нӕ хуыздӕр лӕгтимӕ.

Худинаг у, Ирыстоны цӕргӕйӕ, ирон уӕвгӕйӕ, дӕ мадӕлон ӕвзагыл ма зон дзурын, кӕсын, фыссын. Уӕлдай худинагдӕр та у Вячеслав Ивановы хуызӕтты, ирон нӕ уӕвгӕйӕ йыл ӕнувыд чи у, уыдоны раз, Къостайы уды рис хъуыды кӕнгӕйӕ, нӕ дзӕнӕты бадинаг фыдӕлты рухс ном мысгӕйӕ. Не ‘взаг, нӕ адӕмон сфӕлдыстад, не ‘гъдӕуттӕ базонынмӕ нӕм цӕуынц фӕсарӕнтӕй, ам нӕхиуӕттӕ та сыл былысчъил кӕнынц. Сӕ худинаг сӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, афтӕмӕй. Дыууӕ хатты Ирыстонмӕ дард Францӕй, ӕцӕгӕлон бӕстӕйы сӕйраг горӕт Парижӕй ссыд францаг лӕппу Лоран Алибер. Уый сӕхимӕ францаг ӕвзагыл Нарты кадджытӕ Ж. Дюмезилы тӕлмацӕй куы бакаст, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыдысты, ӕмӕ ӕвзыгъд лӕппу йӕхицӕн хӕсыл банымадта, чи сӕ сфӕлдыста, уыцы адӕмы базонын. ӕмӕ ахуыр кӕнын райдыдта нӕ адӕмон сфӕлдыстад, не ‘взаг, докторон диссертаци дӕр ныффыста Нарты кадджытӕй.

Нӕ Иры фӕсивӕдӕн, рӕзгӕ фӕлтӕрӕн хи ӕрӕмбарынӕн не ‘взаг, наци бахъахъхъӕныны хъуыддаджы, бафӕзминаг адӕм бирӕ ис нӕхи Ирыстоны дӕр. Уӕхи зонут, йӕхи чи нӕ зоны, уый ничи зоны.

Не ‘взаг у нӕ историон адрис. Уый нӕ бӕтты нӕ рагфыдӕлтӕ: скифтимӕ сӕрмӕттӕ ӕмӕ алантимӕ. Уыцы бастдзинад куы фесафӕм, уӕд сӕфынц нӕ истори ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр. Уӕд нын нӕ фыдӕлты сӕхи бакӕндзысты, истори кӕмӕн нӕй, афтӕмӕй ӕнӕбындур — ӕнӕфсонӕй сӕхи алантыл чи бӕтты, абон сӕ зӕххытыл чи цӕры ӕмӕ ма дзы махӕн нӕхимӕ цы баззад, уыдонмӕ дӕр чи лӕбуры, уыцы  цыракӕнон адӕмтӕ.

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here