Ирон фӕндыры зӕлты бӕрӕгбон

0
274

Нӕ адӕмы уарзондӕр музыкалон инструмент — ирон фӕндыр — арӕхстджын музыканты къухтӕм куы бахауы, йӕ амонӕнтыл йе ‘нгуылдзтӕ куы азгъорынц, ӕмӕ нӕ йӕ алӕмӕты зӕлты фӕрцы ӕнахуыр дунейы куы балӕууын кӕны, уӕд лӕгӕн йӕ цыфӕнды зынтӕ ӕмӕ сагъӕстӕ дӕр, хуры хъарм тынты фӕлмы мигътӕ куыд атайынц, афтӕ айсӕфынц.

Нӕ республикӕйы Адӕмон сфӕлдыстады хӕдзар фестивал «Ирон фӕндыр» ныр фӕндзӕм хатт аразы. Фӕлӕ коронавирусы аххосӕй йӕ архайджытӕ сӕ арӕхстдзинад ӕвдыстой дӕрддзӕгмӕ. Сӕйраг концерты райдайӕны йӕ архайджытӕн арфӕ ракодта Адӕмон сфӕлдыстады республикон хӕдзары директоры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Лалыты Хъазыбег.

— Фестивал «Ирон фӕндыр» у Адӕмон сфӕлдыстады хӕдзары зындгонддӕр проекттӕй иу. Уарзон у канд махӕн нӕ, фӕлӕ нӕ республикӕйы ӕппӕт аивадуарзджытӕн. Кӕддӕриддӕр дзы нӕ республикӕйы музыканттӕй уӕлдай фӕархайынц Цӕгат Кавказ ӕмӕ нӕ бӕстӕйы фӕндырдзӕгъдджытӕ. Коронавирусы низимӕ тӕссаг уавӕр кӕй сӕвзӕрд, уымӕ гӕсгӕ фестивалы архайджытӕ сӕ арӕхстдзинад фӕндыр ӕмӕ ӕндӕр адӕмон музыкалон инструменттӕй цӕгъдынӕй ӕвдыстой, алчидӕр кӕцы районӕй у, уым, — дзырдта Адӕмон сфӕлдыстады хӕдзары хайады сӕргълӕууӕг, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Битарты Ларисӕ.

Азӕй-азмӕ фестивал «Ирон фӕндыр»-ы архайджыты нымӕц рӕзы, республикӕйы районты культурӕйы артдзӕстыты арӕзт цӕуы ног аивадон къордтӕ. Фестивалы хӕс ӕмӕ нысан у сӕ аивадимӕ сын нӕ республикӕйы цӕрджыты базонгӕ кӕнын.

Ацы хатт фестивал арӕзт ӕрцыд Уӕлахизы 75 азы кадӕн. Цӕмӕй ӕмбӕлгӕ уагыл ацӕуа, ууыл та зӕрдиагӕй бацархайдтой Адӕмон сфӕлдыстады республикон хӕдзары, Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администраци ӕмӕ нӕ республикӕйы районты культурӕйы управлениты разамонджытӕ.

Анвараты В.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here