Ӕмбӕлӕггаг

0
349

Черчесты Хъасболат

Радзырд

Згъоры машинӕ размӕ. Йӕ уд ӕрдуйӕ нарӕгдӕр сси. Фӕздӕг ӕмӕ рыджы къуыбылӕйттӕ йӕ фӕстӕ зилдух кӕнгӕ лидзынц. Сурынц ӕй, фӕлӕ йӕ кӕм ӕййафынц. Шофыр Цӕрай дзаг цӕстытӕй кӕсы размӕ. Абон ӕй ноджы къӕрцхъусдӕр уӕвын хъӕуы. Ацы ӕнӕхайыры нозтӕй йӕхи бӕргӕ фӕхъахъхъӕны, фӕлӕ та аууонау йӕ размӕ фӕвӕййы. Ноджы йӕм рагӕй дӕр тӕнзӕрдӕ рахаста. Куыддӕр ӕм «Чермены цӕссыг» йӕ цъӕх-цъӕхид цӕстытӕй бахуды, афтӕ та уымӕн дӕр йӕ зӕрдӕ уӕрыккау скафы ӕмӕ дзы зыдӕй йӕ мондӕгтӕ суадзы.

Абон дӕр та йӕ «цъӕхдзаст ӕрдхордыл» хӕрхӕмбӕлд фӕци. Куыддӕр буфеты къӕсӕрӕй бахызт, тамакотӕ алхӕнон, зӕгъгӕ, афтӕ арахъы цайцымӕны агуывзӕ йӕ къухты стӕлфыд.

— Бахатыр кӕнут, нуазӕн мын нӕй, фӕндагыл дӕн, — хатыр ракуырдта Цӕрай.

— Не ‘ппӕт дӕр фӕндаггӕттӕ стӕм, уый та дын ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕмбӕлӕггаг у ӕмӕ йӕ ӕнӕдзургӕйӕ ануаз, — райхъуыст, фырнардӕй йӕ цармы чи нӕуал цыд, уыцы хистӕры уайдзӕфы ныхас.

Арф ныуулӕфыд Цӕрай. Фынджы уӕлхъус уыны йӕ зонгӕ ӕмбӕлтты. Сӕ тугбадт сырх-сырхид цӕстытӕм сын ӕнкъардӕй ныккаст. Агуывзӕйы лӕгъз буар ма ӕрсӕрфтытӕ кодта, иуцасдӕр ма йӕм фӕкаст, стӕй йӕ уайтагъд фӕдӕле ласта.

— Уый дын лӕг! ӕндӕр мын ды дӕр схӕцыдтӕ таурӕгътӕ кӕныныл. Лӕг кӕмфӕнды куы уа, машинӕйыл цӕуа, космосмӕ тӕха, уӕддӕр хъуамӕ йӕ ирон ӕгъдӕуттыл фидар хӕст уа, — пъамидоры карст ӕм бадаргӕйӕ, сдзырдта, йӕ нард бохъыртӕ кӕмӕн змӕлыдысты, уыцы дыккаг хистӕр.

— Ӕрбад ныр нӕ цуры, — ӕрхатыдысты йӕм ноджы.

— Нӕ сидтӕн нын «оммен» зӕгъ. Афтӕ ӕмбӕлы, афтӕ. Лӕг йе ‘гъдауӕй фидауы, уӕдӕ, куыд, — схор-хор кодтой иннӕтӕ дӕр.

Цы гӕнӕн ма уыд Цӕрайӕн дӕр. Нӕ бацыд сидты хъыджы. Уый фӕстӕ хорз ӕмгары, сыхӕгты, ныййарджыты зӕрдӕхудты дӕр нӕ бацыд.

Бахъӕлдзӕг Цӕрай. Ӕвзаджы нуӕрттӕ феуӕгъд сты. Йӕ фӕлурс рустӕ сырх-сырхид фӕткъуытау тӕмӕнтӕ скалдтой. Дзурын, худӕг ыл бахӕцыд. Йӕ цуры цы ӕмгӕрттӕ бадт, уыдонӕй йын уарзондӕр дун-дунетыл нал уыд, хи ‘фсымӕртӕй йын адджындӕр фестадысты.

Фӕлӕ иу заман рудзынгмӕ фӕкомкоммӕ. Уырдыгӕй куыддӕр йӕ хӕдтулгӕйы ауыдта, афтӕ уайтагъд йӕ бынатӕй фестад. Ныллӕууыд цӕуыныл. Йӕ дыстыл ма йын ныххӕцыдысты, ратон-батон ма йӕ кодтой, фӕлӕ йӕ къӕхты фӕрцы раирвӕзт уынгмӕ. Сулӕфыд риуыдзаг, скусын кодта машинӕ. Цӕмӕй йӕ нозты тӕф фӕкъаддӕр уа, уый тыххӕй сдымдта тамако ӕмӕ фидарӕй скарста:

— Куыд ничи мыл фӕгуырысхо уа, афтӕмӕй хӕдтулгӕ ӕвӕстиатӕй колхозы гаражы сӕмбӕлын кӕнын хъӕуы…

… Згъоры машинӕ размӕ. Цӕрай фидар къухтӕй хӕцы рулыл. Йе ‘ппӕт хъарутӕй дӕр архайы, цӕмӕй машинӕ фӕндагыл раст цӕуа, ууыл. Баззадис ма йын нымад километртӕ. Чысыл фӕхъӕлдзӕгдӕр.

Фӕлӕ ӕваст йӕ зӕрдӕ сгуыпп-гуыпп кодта. Асӕрфта цӕстытӕ. Фӕлӕ йӕ уыдон дӕр нӕ сайдтой. Фӕндаджы был цалдӕр лӕгимӕ лӕууыдис пъӕлицӕйы лейтенант. Йӕ цурмӕ куы сцӕйхӕццӕ кодта, уӕд ӕм хъулӕттӕ лӕдзӕг фӕдардта.

— Базыдта мӕ, — удаистӕй сдзырдта Цӕрай. Мӕнгӕй нӕ фӕзӕгъынц, адон се ‘уӕны дӕр кӕсынц, зӕгъгӕ.

Базыр-зыр кодтой йӕ къухтӕ Цӕрайӕн рулыл хӕцгӕйӕ ӕмӕ рахиз къахӕй уромӕнтӕ нылхъывта. Цӕлхыты хъӕрзын уайтагъд райхъуыст.

Пъӕлицӕйы кусӕг бацыд йӕ цурмӕ, радта йын салам ӕмӕ йӕм дзуры:

— Кӕд дын рӕстӕг ис, уӕд ма, мӕнӕ ацы уазджыты, уӕртӕ мыдгӕсты станмӕ бахӕццӕ кӕн. Мӕскуыйӕ ссыдысты, нӕ ӕрдзы рӕсугъддзинӕдтимӕ зонгӕ кӕнынц.

Цӕрай хъуыддаг фембӕрста. Дзурын нӕ бауӕндыд, фӕлӕ йӕ сӕрӕй разыйы дзуапп радта.

Уайтагъд бӕлццӕттӕ абадтысты машинӕйы. Уазджыты хистӕр Цӕрайы фарсмӕ сбадт, иннӕтӕ та лейтенантимӕ гуыффӕмӕ схызтысты. Цӕрай архайы арӕхстгай цӕуыныл. Фӕлӕ хатгай рул йӕ къухтӕй феуӕгъд вӕййы. Ӕмӕ, фӕндӕгтӕ ӕвзӕр кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ йыл ничи гуырысхо кӕны.

Уалынмӕ бахӕццӕ сты мыдгӕсты станмӕ. Уазджытӕ мыдгӕсты цурмӕ бацыдысты. Цӕрай дӕр бахызт. Фӕлӕ… Фӕлӕ фӕлтау куы нӕ бавӕрдтаид йӕ къах дӕр. Иннӕтӕй хъауджыдӕр ыл мыдыбындзыты стыр къорд сӕхи андзӕрстой. Йӕ сӕрмӕ зилдух систой. Цавтой, хостой йӕ. Уый дӕр ма, мӕгуыр, фӕстӕмӕ бӕргӕ згъордта, фӕлӕ йӕ цух кӕм уагътой. Цӕстыбынтӕ, рустӕ адымстысты. Лейтенант цымыдисӕй афарста зӕронд мыдгӕсы:

— Ай та цы диссаг у? Махӕй хъауджыдӕр мыдыбындзытӕ амӕ цӕмӕн фесты?..

— Мыдыбындзытӕ, нозт кӕмӕ хӕццӕ кӕна, уыдонӕй сӕ удхӕссӕг уынынц. Цӕвгӕ ӕмӕ йӕ сӕхицӕй сурӕг фӕкӕнынц…

Бахудтысты уазджытӕ дӕр.

Лейтенант хъуыддаг фембӕрста ӕмӕ рацыд Цӕрайы фӕдыл.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here