Кадджын хӕрзиуӕг — газет «Рӕстдзинад»-ӕн

0
260

Ирон адӕмы национ хиӕмбарынады, ӕвзаг, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ культурӕ бахъахъхъӕныны рӕзтыл газет «Рӕстдзинад»-ы редакцийы журналисттӕ кӕддӕриддӕр разӕнгардӕй кӕй архайдтой ӕмӕ сын ныр дӕр уыцы хъуыддӕгты бирӕ кӕй ӕнтысы, ууыл дзурӕг сты, алы азты нӕ Иры фарны фидиуӕг газет «Рӕстдзинад»-ӕн нӕ бӕстӕйы ӕмӕ республикӕйы Хицауад цы кадджын хорзӕхтӕ саккаг кодта, уыдон.

Ӕрӕджы та ма сыл бафтыд майдан «Хӕсты сывӕллӕттӕ». Кадджын уавӕры йӕ газеты сӕйраг редактор Хозиты Барисӕн радта Дзӕуджыхъӕуы Ветеранты советы сӕрдар, зындгонд ӕхсӕнадон архайӕг, амалхъом ӕмӕ национ культурӕйы рӕзтыл аудӕг Лалыты Лев.

— Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты  цӕхӕрмӕ Ирыстонӕй цы хъӕбатыр фырттӕ фӕцыд, знагимӕ тохы дзы лӕгдзинад чи равдыста, уыдонимӕ уыдысты газет «Рӕстдзинад»-ы редакцийы журналисттӕ. Уыдонӕй иутӕ нал сӕмбӕлдысты сӕ райгуырӕн уӕзӕгыл, иннӕтӕ та уӕззау цӕфтимӕ дӕр, сӕ мидисджын  ӕрмӕджытӕй, газеткӕсджыты зӕрдӕтӕ рухс кодтой сӕ царды фӕстаг бонтӕм. Уӕдӕ кӕддӕриддӕр Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты тыххӕй фыст уацтӕ, нӕ Ирыстоны фыртты лӕгдзинады цаутӕ, адӕммӕ парахатӕй хӕссыны хъуыддагмӕ газеты уацхӕсджытӕ кӕддӕриддӕр стыр ӕргом кӕй здахынц, фӕсивӕды патриотон хъомыладыл зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уый зӕрдыл даргӕйӕ, стӕй газеты уацхӕсджытӕй бирӕтӕ хӕсты азты кӕй райгуырдысты, сӕ сабидуг хӕстарыд кӕй уыд, уый зонгӕйӕ уын зӕрдиагӕй аккаг кӕнын ацы майдан, — загъта ацы хӕрзиуӕг дӕттыны кадджын ӕмбырды Лалыйы-фырт.

Майдан «Хӕсты сывӕллӕттӕ» ӕмӕ йын йӕ ӕвдисӕндар исгӕйӕ, йӕ арфӕйы ныхасы Хозиты Барис куыд банысан кодта, афтӕмӕй  алы хорзӕх дӕр ноджы хуыздӕр архайдмӕ разӕнгардгӕнӕнӕн у ахъаззаджы фӕрӕз. Нӕ редакцийы хайӕдты   сӕргълӕуджытӕй ӕмӕ уацхӕсджытӕй  Къӕбысты Харитон,  Цгъойты Хазби, Тохсырты Къоста, Багаты  Аврам ӕмӕ  Баскаты Уырызмӕг райгуырдысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты уӕззау азты. Сӕ мидисджын ӕрмӕджытӕй, нӕ адӕмы патриотон хъомыладмӕ фидӕны дӕр аккаг ӕвӕрӕн кӕй хӕсдзысты, уый нӕ уырны.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here