Сыфтӕртӕ ма судзут

0
289

Дыргъдӕтты, бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртыты, уынгты, бульварты, паркты, ӕндӕр ӕхсӕнадон бынӕтты — кӕмдӕриддӕр бӕлӕсты хъайлайы хуызӕн бур зӕлдаг сыфтӕртӕ чысыл дымгӕмӕ дӕр ӕрызгъӕлынц зӕхмӕ. Горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты цӕрджытӕ, куыстуӕттӕ ӕмӕ организациты коллективтӕ ӕфснайынц сӕ алывӕрстӕ. Алы ран дӕр хус сыфтӕртӕ кӕй бамбырд, уый тыххӕй сыл иуӕй-иу ӕнӕрхъуыды адӕм арт бандзарынц, ӕмӕ уымӕй стыр фыдбылыз ӕрхӕссынц канд алфамбылай ӕрдзӕн нӕ, фӕлӕ ма сӕхицӕн дӕр.

Сыфтӕртӕ уалдзӕджы ӕмӕ сӕрды цы зианхӕссӕг буаргъӕдтӕ бацъирынц, уӕлдайдӕр ӕвзалытуаг газ, уыдон, арты басудзгӕйӕ, ӕппӕрст ӕрцӕуынц уӕлдӕфмӕ. Медицинон иртасӕнтӕй бӕлвырдгонд куыд ӕрцыд, афтӕмӕй хус сыфтӕрты фӕздӕгӕй тӕссаг у адӕймаджы улӕфӕн оргӕнты низтӕ фӕзынынӕй, уӕлдайдӕр ракӕй. Уымӕ гӕсгӕ санитарон домӕнтӕ бар нӕ дӕттынц, бӕлӕстӕй цы хус сыфтӕртӕ ӕрызгъӕлы, уыдон ӕмӕ ӕндӕр бырӕттӕ дӕр цӕрӕн бынӕтты раз судзынӕн.

Уӕйыджы хъусы уад уайы, фӕзӕгъынц. Алы хатт дӕр фӕззӕджы ӕмӕ уалдзӕджы горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты цӕрджытӕ хус сыфтӕрты ӕртытӕ скӕнынц уынгтӕ ӕмӕ дыргъцӕхӕрадӕтты. Ахӕм архайдӕн санитарон домӕнтӕ бар кӕй нӕ дӕттынц, уымӕй ис бӕлвырд хатдзӕг скӕнӕн. Хус сыфтӕрты фӕздӕг горӕты кӕнӕ хъӕуы уынгты куы апырх вӕййы, уӕд, хъуырты низтӕ кӕй хъыгдарынц, уыцы рынчынтӕ цы фӕуой, уый нал фӕзонынц. Уымӕн ӕмӕ хус сыфтӕрты арты фӕздӕджы зианхӕссӕг буаргъӕдтӕ вӕййы, цас ӕмбӕлы, уымӕй 200-300 хатты фылдӕр.

Хус сыфтӕртӕ басудзгӕйӕ, атмосферӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхынц, бӕлӕстӕ уалдзӕджы ӕмӕ сӕрды мӕйты кӕй фӕцъырдтой,уыцы промышленнон куыстуӕтты ӕмӕ автотранспорты ӕппӕрстыты маргджын химион буаргъӕдтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, УФ-йы административон ӕгъдаухӕлдтыты кодексы закъонмӕ гӕсгӕ ахӕм артгӕнджытӕ цӕуынц иваргонд. Кӕд сыфтӕртӕй арт йӕ фӕстӕ зынгсирвӕзт расайы, уӕд ивары бӕрц цалдӕр хатты фӕфылдӕр вӕййы.

Мах ӕнхъӕл стӕм, ӕмӕ ныр йӕхи ахӕм уавӕрмӕ ничи ӕруадздзӕн. Хъуамӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнӕм санитарон домӕнтӕ. Хӕдзардзин адӕймагӕн та фӕззыгон сыфтӕртӕ фӕздӕджы хуызы нӕ ацӕуынц. Цалдӕр раны сӕ бамбырд кӕны, уалдзӕгмӕ бамбийынц ӕмӕ дын лӕвар хъацӕн дӕ цӕхӕрадонмӕ базилынӕн. Уымӕй уӕлдай ацы мадзал феххуыс уыдзӕн канд дӕхи нӕ, фӕлӕ ма дӕ алыварс цӕрджыты цард фӕдаргъдӕр кӕнынӕн дӕр.

Беслехъоты Ирӕ,

Дохтыр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here