Зокъотӕ зонын хъӕуы

0
301

Зокъотӕ бирӕ ис нӕ республикӕйы ӕрдзон бынӕтты. Уӕйгӕнгӕйӕ сӕ нӕ базартӕй уӕлдай фенӕн вӕййы суанг республикӕйы фӕндӕгтыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ мах ацы зайӕгойы тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр зонӕм, цӕмӕй искуы ма фӕрӕдийӕм.

Зокъотӕ афӕдзы дӕргъы дӕттынц ӕртӕ тыллӕджы. Фӕстаг хатт — августӕй ӕрӕгвӕззӕгмӕ. Ацы рӕстӕг зокъотӕ вӕййынц фидар, сыгъдӕг, ӕнӕсахъат. Хорз сты зымӕгмӕ цӕхджын ӕмӕ хус кӕнынӕн дӕр. Фӕлӕ зокъотӕ алы хъӕды нӕ зайынц. Уымӕл кӕнӕ та сӕ хус рӕтты ӕппындӕр нӕ фендзынӕ. Тӕвд рӕстӕг скодта, уӕд зокъоты агур нӕзы бӕлӕсты бын. Уарынджын фӕззӕг та арӕхдӕр сты хъӕды ӕрдузты. Ай-гъай, зонын хъӕуы, зокъотӕ куыд агургӕ сты, уый дӕр. Саунӕмыг ӕмӕ цилтӕ арӕх кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты мӕлдзыджыты губаччытӕм ӕввахс фӕзайы сырхбын бындзмар зокъо. Йӕ алыварс фендзынӕ хӕрынӕн бӕзгӕ зокъотӕ дӕр.

Фылдӕр хатт зокъо иунӕгӕй нӕ зайы. Бафиппайдтай ацы зайӕгой, уӕд аракӕс-бакӕс кӕн, ӕмӕ ма йӕ алфамбылай ӕндӕртӕ дӕр ссардзынӕ. Уыимӕ ӕрдз дӕр хъахъхъӕнын хъӕуы. Зокъотӕ ӕмбырд кӕнгӕйӕ сын сӕ уидӕгтӕ ӕмӕ алыварс зӕххы уӕлцъар хъыгдарӕн нӕй, науӕд зокъодӕттӕг уидӕгтӕ бахуыскъ уыдзысты. Афтӕ цӕмӕй ма рауайа, уый тыххӕй, иугӕр зокъо стыдтай, уӕд дзыхъхъ фӕстӕмӕ сыджытӕй ӕрӕхгӕн. Ӕмбырд кӕнын та хъӕуы, хорз кӕй зоныс, ӕмӕ чи нӕма базӕронд, ахӕм зокъотӕ. Уӕд маргджын зокъотӕй дӕхи бахиздзынӕ. Маргджын ӕмӕ хӕрынӕн бӕзгӕ зокъотӕ та хатгай ӕмхуызон вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ зонын хъӕуы: кӕцыфӕнды урс зокъойы зӕнг дӕр фӕлурссырх куы уа, уӕд маргджын у, ӕмӕ йӕ тонӕн нӕй.

Сӕрды райдайӕнӕй фӕстӕмӕ шампиньонты рӕстӕг у. Арӕхдӕр зайынц фослӕууӕнты, цӕхӕрадӕтты кӕрӕтты, фаджысджын мӕры. Фӕлӕ ацы зокъойӕ фӕззӕджы дӕхи хъахъхъӕн. Шампиньонты ӕхсӕнты ӕрзайынц сӕ халдих фӕлурс, сырххъӕстӕ зокъотӕ — бындзмартӕ дӕр. Уӕдӕ бындзӕфхадонтӕ, ома, «опята» кӕй хонынц, ахӕм зокъоты ӕхсӕн дӕр маргджынтӕ разыны. Ам дӕр та цырддзаст уӕвын хъӕуы. Кӕд зокъойы худы бын фӕлурс кӕнӕ морӕхуыз уа, уӕд у хӕрынӕн бӕзгӕ бындзӕфхадон, кӕд бур, цъӕхбын, уӕд — маргджын, ӕмӕ дӕхи фыдбылызӕй хъахъхъӕн.

Зокъотӕм цӕуын хъӕуы райсомӕй. Уыцы афон зокъотӕ ӕргомдӕр вӕййынц, ӕмӕ сӕ агурын у ӕнцондӕр. Хъуамӕ алы ӕмбырдгӕнӕгмӕ дӕр уа саджил лӕдзӕг сыфтӕрты бын зокъотӕ агурыны тыххӕй.

Зокъотӕ ӕмбырд кӕнынӕн хуыздӕр у лыстӕг уисӕй быд чыргъӕд. Уӕд сӕм уӕлдӕф хуыздӕр цӕудзӕн, фӕндагыл нӕ фӕхъыгдард уыдзысты.

Цы зокъотӕ ӕмбырд кӕнай, уыдонӕн сӕ худтӕ бынмӕ, афтӕмӕй сӕ ӕвӕрын хъӕуы чыргъӕды. Хурӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй та сӕ ӕрӕмбӕрзӕн ис тулдзы сыфтӕртӕй.

Ӕрдз хъахъхъӕнын зӕрдыл дарын хъӕуы. Хъыгагӕн, иуӕй-иутӕ хъӕдмӕ куы бацӕуынц, уӕд пырх кӕнын райдайынц маргджын зокъоты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый у ӕнӕхъоладзинад. Нӕй ахӕм зокъо, кӕцы нӕ хъӕуы цӕрӕгойты, уӕлдайдӕр мӕргъты. Цӕрӕгойтӕй бирӕтӕ сӕхи дзӕбӕх кӕнынц маргджын зокъотӕй. Зӕгъӕм, цӕгатаг саг маргджын зокъо бахӕры гуыбыны кӕлмытӕ марыны тыххӕй. Тыртына та сӕ бӕлӕсты къалиутыл ныссадзы зымӕджы хӕлцӕн.

Ӕрдз бирӕ чи уарзы, фидӕны бӕркадыл чи хъуыды кӕны, уыдон хатгай зӕронд зокъо ныммуртӕ кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ мыггаг дымгӕ тагъддӕр фӕйнӕрдӕм фӕхӕсса. Дыууӕ — ӕртӕ азы фӕстӕ уыцы мадзалы руаджы бирӕ алыхуызон зокъотӕ фӕзыны хъӕды.

Бырнацты Мӕхӕмӕт,

хими ӕмӕ биологийы раздӕры ахуыргӕнӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here