Цӕвиттон, раджы цӕхджын суадон уыдис цӕугӕдон Майрӕмададжы был, ӕмӕ йӕм сырдтӕ цыдысты нуазынмӕ. Цуанӕттӕ дӕр бадӕнтӕ сарӕзтой йӕ цуры, хъӕддаг сырдты цагътой ӕнцад-ӕнцойӕ. Сӕрдыгон Майрӕмададжы доны стыр малтӕ вӕййы, ӕмӕ уырдӕм цуанон Хъаныхъуаты Дудары фырт Хабос ӕрцыд Хъобанӕй.
Сӕрдыгон ӕнтӕф бон уыдис. Хабос дӕр ӕрбадти суадоны был, ӕнхъӕлмӕ кӕсы, кӕд искӕцӕй сырд фӕзынид, зӕгъгӕ. Уалынмӕ доны фаллаг фарсӕй стыр саг ӕрбацыд, малмӕ ныххызт, ӕмӕ дзы схуыссыд. Цуанон ӕнхъӕлмӕ каст, зӕгъгӕ, саг сыстдзӕн, хӕстӕгдӕр ӕрбацӕудзӕн цӕхджын донмӕ. Фӕлӕ уый хуыссы малы. Йӕ фӕстӕ та бирӕгъ хъуызгӕ ӕрбацыд. Уӕлдӕр ссыд, ӕртыдта залмысыф, ӕрӕппӕрста йӕ доны, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ аскъӕфтой дӕлӕмӕ. Саджы цурмӕ куы ‘рхӕццӕ, уӕд уый фӕтарст. Залмысыф куы фӕдӕле, уӕд саг фӕстӕмӕ ӕрхуыссыд.
Бирӕгъ уӕд дыккаг сыф ӕртыдта, рауагъта йӕ доны, саг та фестъӕлфыд, фӕлӕ стгӕ нал скодта. Ӕртыккаг сыф ӕрбахаста бирӕгъ, дон ӕй аласта саджы цурмӕ. Уый йӕм февнӕлдта ӕмӕ йӕ ахордта.
Уӕд бирӕгъ цыппӕрӕм хатт ӕртыдта залмысыф. Йӕ дзыхы йӕ ӕрбахаста донмӕ, йӕхӕдӕг ныббырыд доны бынмӕ. Дон фӕйнӕрдӕм фӕйлауы залмы сыфы уӕлейы, бирӕгъ та уӕлӕмӕ нӕ зыны. Цӕуы доны бынты ӕмӕ ӕрхӕццӕ саджы цурмӕ.
Ныр дӕр та саг февнӕлдта залмы сыф хӕрынмӕ. Фӕлӕ йӕм бирӕгъ уыцы рӕстӕг фӕлӕбурдта, ныххӕцыд саджы хурхыл. Саг ӕмӕ бирӕгъ хъуырдухӕн кӕнынц доны астӕу. Цуанон Хабос, куыд ӕй фӕндыд, афтӕ ныхъхъавыд. Фехста ӕмӕ нӕмыг бирӕгъӕн йӕ сӕрыл сӕмбӕлд, сагӕн та йӕ бӕрзӕй асаста.
Иу ныхасӕй, мӕгуыр цуанон иу гӕрахӕй саг ӕмӕ бирӕгъы амардта.
Ӕрмӕг ист ӕрцыд Хъесаты Валодяйы чиныг
«Ирон цуанӕтты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕвзаг»-ӕй














