Мыртгӕ

0
485

Арӕх фӕззыгон, хъӕдбынмӕ бацӕугӕйӕ, нӕ цӕст ӕрхӕцы, йӕ сӕр кӕмӕн ӕркъул, мыртгӕйы ахӕм къутӕрыл. Цыма сырх фӕрдгуытӕ вӕййынц, уыйау йӕ гагатӕ ферттивынц фӕззыгон хуры тынтӕм. Уӕвгӕ зымӕгон уазӕлтты дӕр мыртгӕ цупӕлттӕй баззайы къалиутыл, ӕмӕ ӕвӕджиау холлаг вӕййы зымӕгиуатгӕнӕг мӕргътӕн.

Махӕн дӕр мыртгӕ у уарзон зайӕгой. Кӕцыфӕнды хӕринаг дзы куы скӕнай, уӕддӕр уыдзӕн хӕрзад. Сӕйрагдӕр та ӕвдадзы хос вӕййы нӕ иуӕй-иу низты ныхмӕ. Арӕхдӕр дзы дзӕбӕх кӕнӕм хуыфӕг. Йӕ фӕлмӕн дидинджытӕ ӕмӕ сырх гагатӕ афтӕ дзӕбӕх сты, ӕмӕ адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ ис кӕлӕнгӕнӕн тых.

Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй мыртгӕйы алцыдӕр у пайдахӕссӕг: йӕ дыргътӕ, дидинджытӕ ӕмӕ суанг йӕ цъар дӕр. Цӕттӕ та йӕ кӕнынц уалдзӕджы, дидинӕг куы нӕма ракалы, уӕд ӕмӕ йӕ лыстӕггондӕй фӕхъӕуы бахус кӕнын. Ис дзы ахӕм пайдайаг буаргъӕдтӕ, куыд органикон туаггӕдтӕ, чъиутӕ, ӕлдыгъгӕнӕн буаргъӕдтӕ, витаминтӕ С ӕмӕ Р. Мыртгӕйы цъары фыхдоны вӕййы изовалерианон туагад дӕр. Уымӕ гӕсгӕ дзы арӕхдӕр пайда кӕнынц ӕгъуыссӕджы ӕмӕ ӕгӕр мӕсты нӕ кӕныны тыххӕй дӕр.

Мыртгӕйы дидинджытӕ куы баудайай, уӕд сӕ донӕй дзӕбӕх кӕнынц, йӕ туагад дӕлдӕр кӕмӕн у, ахӕм гастриттӕ. Уӕлдай пайдадӕр та сты йӕ дыргътӕ. Уыдон, куыд загътам, афтӕмӕй къалиутыл баззайынц зымӕг-зымӕджы дӕргъы дӕр, ӕмӕ сын ницавӕр хъызт рӕстӕг батых кӕндзӕн.

Ацы лыстӕг сырх фӕрдгуыты витамин С ӕмӕ провитамин А, лимон ӕмӕ апельсинӕй вӕййы дыууӕ хатты фылдӕр. Сӕры магъзы чырӕгты ӕхсызгон чи хъӕуы, ахӕм ӕфсӕйнаг ӕмӕ фосфор та — цитрустӕй фондз хатты фылдӕр. Мыртгӕйы дон кӕнӕ фыхдон дӕргъвӕтин рӕстӕджы куы нуазай, уӕд холестерин фӕныллӕгдӕр вӕййы туджы, сойӕгты ивддзинӕдтӕ та тыхджындӕр кӕнын райдайынц.

Адӕттӕй уӕлдай мыртгӕмӕ ис доны хуыпп ӕддӕмӕ тӕрыны миниуӕг дӕр, хорз ӕххуыс кӕны зӕрдӕйы низтӕ дзӕбӕх кӕнынӕн. Йӕ фыхдонӕй пайда кӕнынц, зӕнӕгдонӕй туг куы фӕцӕуы, уӕд. Дзӕбӕх дзы кӕнынц  геморрой, ахсӕны-тъӕнгты ӕмӕ уыргты низтӕ.

Мыртгӕйы дыргътӕ куы сфыцай мыды, уӕд ахӕм хосӕй сӕр нал фӕриссы, туджы ӕлхъывдад фӕныллӕгдӕр вӕййы. Пайда сты хуыфӕджы ныхмӕ, уӕллаг улӕфӕнты низтӕ дзӕбӕх кӕнынӕн, хатгай фаг вӕййы мыртгӕйы гагаты армыдзаг бахӕрын дӕр, цӕмӕй хъизӕмары хуыфӕгӕй фервӕзай. Арӕх чи суазал вӕййы, уыдонӕн та фӕамонынц, иудадзыг мыртгӕйы дон нуазын. Мыртгӕйы цай ӕмӕ мыртгӕджынтӕ та афтӕ хӕрзад вӕййынц ӕмӕ сӕм мард дӕр ма рабаддзӕн.

Беслехъоты Иринӕ,

дохтыр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here