Цӕвиттон, 1990 азы ӕз куыстон геологон-сгарӕн партийы, нӕ лагер та уыдис Памиры бӕрзонд хӕхты. Райсом хуыцаубон у ӕмӕ кусджытӕй, инженерон-техникон специалисттӕй чи йӕ фӕллад уадздзӕн, чи та йӕ уӕлӕдарӕсмӕ зилдзӕн. Фӕлӕ мӕ зӕрдӕ та ӕндӕр хъуыддагмӕ ӕхсайдта. Цалдӕр боны ме ‘мкусӕг, мӕ хӕлар ӕмӕ зындгонд бынӕттон цуанон Махмадбег йемӕ хоны цуаны ацӕуынмӕ. Дыууӕ нӕ загътон ӕз дӕр йӕ фӕндоныл, мӕнмӕ дӕр хӕцӕнгарз уыдис, уӕдӕ гилдзытӕй дӕр хъуаг нӕ уыдтӕн.
Райсом раджы, бон чысыл куы ‘рбаирд, уӕд араст кодтам цуаны. Сабыргай цӕуӕм Федченкойы бӕрзонд цъитийы ӕфцӕгмӕ, йӕ сӕрмӕ куы схызтыстӕм, уӕд аходӕн скодтам. Цалынмӕ улӕфыдыстӕм, уӕдмӕ хур йӕхи бӕрзонд систа, Махмадбег биноклӕй хӕхтыл афӕлгӕсыд ӕмӕ загъта: «Ам сырд не ссардзыстӕм, цом дӕлӕ бӕрзонд ӕрдузтӕм. Уым дзӕбидыртӕ, ӕнӕмӕнг, хиздзысты зӕронд хӕрӕнты».
Дарддӕр арӕхстгай цӕуӕм сырдты нарӕг къахвӕндагыл. Кӕсӕм ӕмӕ нӕ размӕ мадӕл дзӕбидырты, сӕныччыты дзуг хизы цъӕх кӕрдӕгыл. Ӕддӕдӕр стыр цӕу хицӕнӕй лӕууыд бӕрзонд къуыбырыл. Йе стыр сыкъатӕ цыма хурмӕ тавта, уыйау сӕ хӕрдмӕ систа. Лӕмбынӕгдӕр ыл нӕ цӕст куы ӕрхастам, уӕд гӕркъӕраг ауыдтам хъӕддаг сырды сӕрыл. Йӕ бырынкъ нӕ иста дзӕбидыры дыууӕ сыкъаты астӕуӕй, цыдӕртӕ дзы агуырдта. Махӕй ферох сты нӕ хӕцӕнгӕрзтӕ, ахӕм цымыдисӕй кастыстӕм гӕркъӕраджы «куыстмӕ». Ӕз дис кодтон, ацы маргъ цы ми кӕны дынджыр, уӕныджы хуызӕн нӕл дзӕбидыры сӕрыл, ууыл.
Махмадбег бамбӕрста ме ‘дзынӕг каст ӕмӕ мын радзырдта:
— Ма дис кӕн, — загъта уый. — Ацы хӕхты канд адӕм нӕ, фӕлӕ сырдтӕ ӕмӕ мӕргътӕ дӕр цӕрынц тынг хӕларӕй. Ды ахӕм хъуыддаг фыццаг хатт уыныс, ӕз та бирӕ хӕттыты федтон гӕркъӕрӕгты ӕрсытыл, бирӕгътыл, дзӕбидыртӕ ӕмӕ ӕндӕр хъӕддаг сырдтыл лӕугӕ. Сӕ хъӕдгӕмттӕ сын сыгъдӕг фӕкӕнынц, куы схӕф вӕййынц ӕмӕ сӕ быр куы фӕзыны, уӕд. Ӕнӕмӕнг ацы стыр зӕронд цӕуӕн дӕр йӕ сыкъаты бын ис хъӕдгом, быр-кӕлмытӕ дзы фӕзындысты. Гӕркъӕраг дзӕбидырӕн у йӕ ирвӕзынгӕнӕг. Памиры бӕрзонд хӕхты хъӕддаг сырдтӕн мӕргътӕй уӕлдай ӕндӕр дохтыртӕ нӕй.
Бирӕ фӕкастыстӕм хӕххон дзӕбидырты дзугмӕ. Сӕ диссаджы сыкъатӕй хъазт цавӕрдӕр ӕхсызгондзинад лӕвӕрдта зӕрдӕйӕн. Мах топпы иу гӕрах дӕр нӕ фӕкодтам. Цыма исты стыр хорз хъуыддаг сарӕзтам, уыйау сӕрыстыр ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрбаздӕхтыстӕм лагермӕ.
Фӕлӕ нӕ ныхас ам нӕ фӕуд кӕнӕм. Куыд зонӕм, афтӕмӕй гӕркъӕрӕгтӕ арӕх сты Цӕгат Ирыстоны ӕрдзон бынӕтты дӕр, ӕмӕ канд хъӕддаг сырдты дохтыртӕ не сты. Маргъ йӕ даргъ бырынкъӕй дзӕбӕх фӕкӕны хӕдзарон цӕрӕгойты дӕр. Мах ӕй уӕлдай арӕхдӕр фенӕм хъӕууон хуыты синтыл бадгӕ ӕмӕ сӕ царм сыгъдӕг фӕкӕны хилджытӕй.
Раст куы зӕгъон, уӕд гӕркъӕраджы мах канд йӕ «дохтырдзинадӕй» нӕ зонӕм. Уый ма у, адӕймаджы цӕрӕнуӕттӕй чи давы, ахӕм маргъ дӕр. Афтӕ вӕййы ӕмӕ, зӕгъӕм, гом рудзынджы тӕрхӕгыл исчи къухдарӕн кӕнӕ сыгъзӕринӕй конд ӕндӕр дзаума куы фӕуадза, уӕд ӕй гӕркъӕраг хатгай смидӕг кӕны йӕ ахстоны. Ахӕм диссаг сты ацы маргъы ӕрдзон миниуджытӕ.
Хестанты Мӕирбег














