«Космонавтикæйы скъола»-йы тыххæй
«Уый уыдис цыппар азы размæ, 2017 азы, сентябры бацыдтæн нæ планетаримæ, цы хуызы уыдис, уымæй мæ зæрдæ фæрыст. Фæлæ йæ зыдтон, æнæ бавналгæ йæм нæй. Фыццагдæр нæм æрбацыдысты Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы студенттæ. Уыдон 10 егъау уæзласæны байдзаг кодтой бырæттæй, фæхастой сæ уырдæм. Стыр бузныг сын фæуæд», — знон «Космонавтикæйы скъола» саразыны хъæппæрис равдисæг, космосон аппаратты конструктор Къомайты Руслан æрымысыд уыцы бонты фыдæбæттæ.
Ацы фембæлдмæ æрбахуыдтой, планетарий саразынæн чи фæахъаз, уыцы арæзтадон куыстуæтты, ахуырадон кусæндæтты разамонджытæ æмæ Хицауады уæнгты. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй йæ зæрды ацы фембæлд раздæр скæнын уыд, фæлæ йæ пандеми баурæдта. «Фарон нæм байгом «Космонавтикæйы скъола», уырдæм сывæллæтты районтæй, Дзæуджыхъæуы скъолатæй ласынц. Тынг цымыдисæй дзы пайда кæнынц. Уырны мæ, нæхи космонавттæ æмæ Къомайты Русланы фæдонты схъомыл кæндзыстæм», — загъта Битары-фырт.
Куыд бафиппайдта, афтæмæй Къомайы-фырты хъомысджын архайд бæрæг дардта, йæ ныхасмæ гæсгæ «ахæм адæймæгты фæрцы фæзынынц диссаджы объекттæ». «Нæ хистæр тынг бацархайдта, цæмæй нæм фæзына «Космонавтикæйы скъола», иннæтæ та сæ гæнæнтæ æмæ авналæнты фæрцы йæ цуры балæууыдысты, сæ бавæрæн бахастой арæзтадмæ. Фыдыбæстæмæ уарзондзинад хъуыддæгтæй баргæ у. Стыр бузныг уын фæуæд, æнæниз æмæ фæрнджын ут», — фæбæрæг кодта республикæйы Сæргълæууæг.
Космосон аппаратты конструктор, Къомайты Руслан куыд загъта, афтæмæй дзы кæй æппæлынц, уымæй æфсæрмы кæны. «Мæ бон у арфæ ракæнын, мæ цуры чи уыд, æххуыс мын чи кодта, уыдонæн. Аразджытæн, Сæбæтхъуаты Æхсарбегæн, уайтагъд-иу нын æхца кæй ссардта, Олысаты Альбинæйæн, æвзонг уацхæсджыты-иу нæм кæй æрæрвыста. Уыдон-иу æмбаргæ æрмæг ныммыхуыр кодтой. Нæ куыст кæнæм, ныридæгæн нæм 3,5 мин сывæллоны æрбахуыдтой. Ис дзы цавæрдæр къуылымпытæ дæр, ахуырады ведомствæ æвæры фарстытæ, мах сын хъуыддæгтæй дзуапп дæттæм. Нырма ис, нæ республикæйы кæй саразынмæ хъавын, ахæм проекттæ», — фæбæрæг кодта Къомайты Руслан.
Дзæуджыхъæуы Аивæдты училищæйы разамонæг Фидараты Фидар куыд загъта, афтæмæй сæм фæсидт республикæйы Сæргълæууæг, культурæйы министр Къубалты Эльбрус та фæхæццæ кодта куырдиат. «Уæдмæ базонгæ стæм Къомайты Русланимæ, йæ ахаст, йæ хъару йын бамбæрстам. Нывкæнынады дыккаг курсы студенттæ, сæ разамонæг Хетæгкаты Аслан, афтæмæй рацыдысты планетаримæ. Хъуамæ иу къулыл скодтаиккой нывтæ. Бацархайдтой нæ фæсивæд, куы йæ фенат, уæд уæ зæрдæмæ фæцæудзæн», — бафиппайдта Фидары-фырт.
Бæстон æмæ лæмбынæг ныхас рауад фембæлды рæстæг, уый фæстæ Битарты Вячеслав «Арфæйы фыстæджытæ» радта «Космонавтикæйы скъола» аразджытæн, стæй дзы сæ фарсмæ чи балæууыд, уыдонæн. Парламенты Сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадзæн; Политехникон техникумы директор Бирæгъты Давидæн; Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы директор Гуыриаты Георгийæн; «Хорс»-ы генералон директор Хъиргъуты Аланæн»; «ФарнСпецСтрой»— бындурæвæрæг Хъæлыцты Люсяйæн; газет «Слово»-йы редактор Олысаты Альбинæйæн; «СКИФОС-РСК»-ы разамонæг Петр Павловæн, Хæххон-металлургон институты архитектурон-арæзтадон факультеты декан Дзанайты Махарбегæн; Дзæуджыхъæуы Аивæдты училищæйы директор Фидараты Фидарæн; «Гермес»-ы коммерцион разамонæг Евгений Фоминæн.
Къомайты Руслан йæхирдыгæй раарфæ кодта Битарты Вячеславæн йæ райгуырæн боны тыххæй æмæ йын балæвар кодта космосимæ баст нысан.
Бутаты Эльзæ
Къам систа
Хъайырты Дианæ














