0
432

Цæмæй фæсивæд спортмæ æмхицдæр уой

Уæрæсейы футболон цæдис, УФ-йы Спорты министрад, РЦИ-Аланийы Хицауад æмæ Футболы республикон федераци бафыстой æмархайды бадзырд. Уыцы гæххæтт цæттæгонд æрцыд 2030 азы онг футболы райрæзты стратеги æмæ сæрмагонд федералон проект «Спорт — царды уаг»-ы бындурыл.

Бадзырды фæткмæ гæсгæ республикæйы цы мадзæлттæ арæзт цæудзæн, уыдоны тыххæй сæ кусæг фембæлды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ РЦИ-Аланийы Футболы федерацийы президент Зозырты Игор.
Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй республикæйы хæстæгдæр азты фæзындзæн 15 ног командæйы, стæй сараздзысты инфраструктурон 20 объектæй фылдæр: футболон манеж æмæ фæзтæ… Уыимæ, Цæгат Ирыстоны фæзындзысты 14 бирæкъабазджын спортивон залы футболон фæзтимæ, рацараздзысты дыууæ стадионы. Цæгат Ирыстоны ныронг цы футболон турниртæ арæзт цыд, уыдоныл ма ноджыдæр бафтдзæн.
Федералон ведомствæтимæ бадзырды бындурыл республикæйы футболон скъолатæй иуæн ратдзысты Уæрæсейы футболон цæдисы регионалон центры статус. Уыцы уагæвæрд скъолайæн фадат ратдзæн, цæмæй йын уæлæмхасæ консультацион æмæ методикон æххуыс кæной Уæрæсейы футболон цæдисы раззагдæр специалисттæ, уыимæ йын æххуыс уыдзæн спортивон ифтонггæрзтæй дæр. Уыцы регионалон центры бындурыл профессион дæсныйад уæлдæр кæныны ахуыртæ араздзысты тренертæ, тæрхонгæнджытæ æмæ иннæ футболон специалисттæн. Уымæй уæлдай, бадзырды бындурыл сараздзысты, футболы дарддæры райрæзтæн ахъаз чи суыдзæн, ахæм мадзæлттæ. Зæгъæм, футболон академи æмæ спортивон скъолаты хуыздæр тренертæн снысан кæндзысты сæрмагонд стипендитæ æмæ премитæ, къабазы кусæг специалисттæн уыдзæн æндæр зæрдæдарæнтæ дæр.
Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй дызæрдыг нæ кæны, ацы бадзырд, куыд профессион, афтæ дзыллон спорты дарддæры райрæзтæн дæр ахъаз кæй уыдзæн, ууыл.
— Цæгат Ирыстон рагæй зындгонд у йæ хъæздыг спортивон традицитæй, республикæ тырны футболы дарддæры райрæзтмæ. Федералон структурæтимæ цы бадзырд бафыстам, уый нын дæтты футболы рæзтæн уæлæмхасæн ахадгæ фадæттæ. Уыимæ, ацы куысты сæйрагдæр у, цæмæй фылдæр фæсивæд се ‘ргом аздахой спортмæ, цæмæй æмхиц уой æнæниз цардыуагмæ. Æрмæстдæр афтæмæй нæ къухы бафтдзысты сæрмагонд федералон проект «Спорт — цардыуаг»-ы нысантæ. Æппæт Уæрæсе æмæ дунейы бирæ бæстæты дæр хорз зындгонд сты ирыстойнаг футболистты нæмттæ. Уыцы спортсментæй мах стæм сæрбæрзонд, фæнды нæ, цæмæй сæ фарсмæ æрбалæууой кæстæр фæлтæры минæвæрттæ дæр. Æмæ уыцы нысанæн республикæйы арæзт цæуынц бæлвырд мадзæлттæ. Зæгъæм, 2020 азы августы Дзæуджыхъæуы байгом футболы академи «Алани». Уыцы ахуырадон кусæндоны сæйрагдæр нысан у хъомыл кæнын, фæстæдæр кадджындæр æмæ зындгонддæр футболон профессион клубты хъазыны хъомыс кæмæ уа, ахæм фæсивæд, — бафиппайдта Битарты Вячеслав.
Ныхасы архайджытæ се ‘ргом аздæхтой æндæр фарстытæм дæр.
Фембæлды кæронбæттæны Зозырты Игор Уæрæсейы футболон цæдисы номæй зæрдылдарæн лæвæрттæ ракодта республикæйы Сæргълæууæгæн.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ
Возможно, это изображение (2 человека и текст)
Нравится

 

Комментировать
Поделиться

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here