0
221

Æрыдоны район: архайды нысантæ

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владиславимæ. Ныхасы рæстæг æркастæуыд муниципалитеты дарддæры социалон-экономикон райрæзты фарстытæм.

Фембæлды райдайæны Битарты Вячеслав ногæй раздæхт, районы цæрджытимæ фембæлдтыты йæм адæм цы алыхуызон куырдиæттимæ бахатыдысты, боны фæткмæ цы лыггæнинаг фарстытæ бахастой, уыдонмæ. «Адæм рæгъмæ рахастой сæ тыхстаг фарстытæ. Уыцы фембæлдтыты фæстиуæгæн æз бæлвырд амынддзинæдтæ радтон республикон ведомствæтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн. Уыимæ, адæмы куырдиæттæ сæххæст кæнынæн æмæ тыхстаг фарстытыл бакусынæн дихгонд æрцыд уæлæмхасæн фæрæзтæ республикон бюджетæй. Иу хатт ма мæ зæгъын фæнды, адæмы æппæт куырдиæттæм дæр хъуамæ уа бæстон цæстдард. Хицауады оргæнтыл адæмы раз цы хæcтæ ис, уыдон хъуамæ бæстон æмæ афойнадыл æххæстгонд цæуой», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Ивгъуыд азы куысты хатдзæгтæй ныхасы архайджытæ рахызтысты Æрыдоны районы рæзты фыццаградон нысантæм. Уыимæ, сæрмагонд æргом аздæхтой нысанмæарæзт паддзахадон программæтæ æмæ фыццаградон проектты уагæвæрдтæ æххæст кæныны хъуыддагмæ.
Тотраты Владиславы ныхасмæ гæсгæ, 2020 азы республикæйы разамынды æххуысæй район йе ‘ппæт пълантæ дæр сæххæст кодта. Зæгъæм, федералон программæты фæрæзты фæрцы бындурон æгъдауæй цалцæггонд æрцыдысты Хъæдгæрон æмæ Цымытийы хъæуты Культурæйы хæдзæрттæ, республикон бюджеты æххуысæй та рацарæзтой Æрыдоны культурæйы хæдзар. Фыййаджыбыл æмæ Рассветы хъæуты ахицæн фелсырон-акушерон пунктты арæзтад, Красногоры та фæзынд ног амбулатори.
Районы къæпхæнгай æхæстгонд цæуынц республикон программæты уагæвæрдтæ дæр. Афтæ, «РЦИ-Аланийы граждæнтæн аслам æмæ æппæтфадатджын цæрæнуæттæ дæттын”-ы программæйы фæлгæты ивгъуыд аз сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кодтой 14 бинонтæ. Уымæй уæлдай, ацы азы райдайæны ног фатерты дæгъæлтæ радтой, сидзæр æмæ æвæгæсæгæй чи баззад, уыцы сывæллæтты къордæн (уый фæрцы та сæ царды уавæртæ фæхуыздæр сты 17 бинонтæн).
Тотраты Владислав куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы аз дæр адарддæр кæндзысты социалон инфраструктурæйы объектты арæзтад æмæ цалцæг, æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты рацарæзт… Сæрмагонд ныхасы аккаг у, Æрыдоны цы ног спортивон комплекс аразынц, уый дæр. Уыцы кусæндон куы байгом уа, уæд районы дзæвгар фылдæр фадæттæ уыдзæн спорты алы хуызты архайынæн, стæй бæрзонд æмвæзады ерыстæ кæнынæн.
Районы сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын бафтыд къухы, муниципалитеты æфтиæгтæ зынгæ кæй фæфылдæр сты, уый фæрцы дæр. Бюджетон фарстытыл кусгæйæ, фылдæр æргом здæхт цæуы амалхъомады кусæндæтты райрæзтмæ, стæй районмæ инвесторты æргом раздахынмæ.
— Ахадгæ мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй инвестортæ сæ проекттæ районы æххæст кæной. Цымыдисаг проекттæ æххæст кæнынæн та, фыццаджы-фыццагдæр, хъæудзæн зæххы хæйтты фонд. Уыцы зæххытæ бакæнæн уыдзæн инвесторты бæрны, цæмæй бакусой хъæууонхæдзарадон æмæ промышленнон куыстады райрæзтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, бакусын æмбæлы æндæр организацион уагæвæрдтыл дæр, цæмæй инвесторты архайдæн уа уæрæх фадæттæ, — фæнысан кодта Битарты Вячеслав.
Æрыдоны районы агропромышленнон комплексы рæзты нысантыл дзургæйæ, Битары-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы куысты ахсджиаг у кæсагдарынады къабаз.
— Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Æрыдоны районæн фадæттæ ис, цæмæй дзы æххæстгонд æрцæуой цымыдисаг инвестицион кæсагдарæн проекттæ. Ахæм инвестициты фæрцы, æнæмæнг, фæзындзысты ног кусæн бынæттæ, фæфылдæр уыдзысты бюджеты æфтиæгтæ, — загъта Битарты Вячеслав.
Ныхасы архайджытæ æркастысты Æрыдоны районы дарддæры райрæзты иннæ вазыгджын фарстытæм дæр.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here