0
259

Хъалонтæ фидыны хуымæтæгдæр фæтк æмæ æндæр фарстытæ

«Закъоны проект балæвæрдта республикæйы Сæргълæууæг, хъуамæ, бадзырды бындурыл бынæттон хиуынаффæйады разамонæджы бынат бацахсынмæ чи хъавы, уыдон се ‘фтиæгты, хæрдзты, исбонад æмæ исбонадон бæрндзинады тыххæй хабæрттæ афойнадыл дæттой», — знон Парламенты советы æмбырды закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур фæбæрæг кодта ахсджиаг документ.

Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев.
Ортабайы-фырт куыд бамбарын кодта, афтæмæй Центрон æвзарæн къамис дæр æрбалæвæрдта хъæппæристæ. Баст сты æвзæрстытимæ, зæгъæм, æвзарæн къамис саразыны кæройнаг æмгъуыдимæ, политикон партитæн сæ уæнгты ивыны баримæ æмæ æндæр хъуыддæгтимæ.
«Комитетмæ нæм æрбацыд Людмилæ Афанасьева, хъуамæ йæ, уынаффæ хæссыны баримæ, Центрон æвзарæн къамисы уæнгæй равзарæм. Нæ фарстытæн нын дзуаппытæ радта», — бафиппайдта Ортабайты Тимур.
«Цымæ кæцы партийæ у, уыдоны адрис исчи зоны?» — бафарста Кучиты Гари. Куыд рабæрæг, афтæмæй у Демократон партийы уæнг. Фæлæ сфæнд кодтой, Парламенты æмбырдмæ партийы разамонæджы дæр æрбахонын.
Бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Гогаты Аслан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хицæн хъалонфидджытæ дыууæ азы æмгъуыдмæ рахиздзысты хуымæтæгдæр фæткмæ. Хъуамæ сын сæ хъалонты бæрц 7,5 проценты къаддæр фæкæной.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, фарстыл æрдзырдтой Хъалонты службæимæ, иу аз æгæр цыбыр æмгъуыд у. Уымæ гæсгæ дыууæ азыл æрлæууыдысты. Алексей Мачневы ныхасмæ гæсгæ, азы дæргъы куыд æмбырд кæндзысты хъалонтæ, уымæ æркæсдзысты, æмæ уæд бæрæг уыдзæн.
Хабаровскы крайы закъонæвæрджытæ æрхатыдысты Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустинмæ, цæмæй Хъалонты кодексмæ бахæсса ивддзинæдтæ, æмæ хицæн адæймæгтæ транспортон, исбонадон æмæ зæххы хъалон фидой сентябры. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус рæгъмæ рахаста, нæ республикæйы Хицауады закъоны проект. Ныртæккæ фылдæр ныхас цæуы, цæрæнуæттæ бирæсывæллонджын бинонтæн дæттыныл, фæлæ ахæм хъуагдзинæдтæ æййафæг æндæр граждæнтæ дæр ис. Зæгъæм, Советон Цæдисы, Уæрæсейы Хъæбатыртæ, ветерантæ, инвалидтæ, ахуырад æмæ æндæр къабæзты кусджытæ. Уыдоныл дæр хъуамæ закъонтæ æххæссой.
«Цæрæнуæтты кодексмæ» ивддзинæдтæ бахæссыны закъоны проектыл рауад ныхас. Бокойы-фырт куыд бамбарын кодта, афтæмæй бирæ регионты ис бындурон цалцæгæн фидыны алыхуызон æмгъуыдтæ. Паддзахадон Думæйы уæнгтæ хъавынц æмхуызон æмгъуыдмæ сæ раивын. Челдыты Виталийы ныхасмæ гæсгæ, адæймаг дæргъвæтин рæстæг фæфиддзæн, бындурон цалцæджы афон кæддæр куы æрцæуа, уæдмæ разамонæг кампани йæхи айсдзæн, æмæ уæд адæм сæ фарстытæ кæмæ дæтдзысты.
Бокоты Эльбрус куыд бацамыдта, афтæмæй цæрджытæн сæ бон у фиддонтæ хицæн сæрмагонд хыгъды æмбырд кæнын. Аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон комитеты сæрдар Тетцойты Георги рæгъмæ рахаста, цæрæгойтæм бæрнон цæстæй кæсыны æмæ сæ уынинаг хъуыддæгты пайда кæныны закъоны проект. Ныхас цыд цæугæ зоопарктыл, уым сырдтæ вæййынц уынгæг бынæтты, фаг хæринаг сын нæ дæттынц. Фæсарæнты ахæм цæугæ зоопарктæ нал уадзынц. Брянскы облæсты закъонæвæрджытæ цы хъæппæрис рахастой, уый баст у экологон экспертизæ фæрæвдздæр кæнынимæ. Уый тыххæй дæр радзырдта Тетцойы-фырт.
Социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ куыд радзырдта, афтæмæй Паддзахадон Думæйы Коммунистон партийы фракцийы уæнгтæ рæгъмæ рахастой «Хæсты сывæллæттæ»-йы тыххæй закъоны проект. Хъавынц æхцайы æххуыс фидын, медицинон лæвар лæггæдтæ æмæ æндæр фæзилæнтæ сфидар кæнын. Челдыты Виталийы ныхасмæ гæсгæ, 80 азы кæуыл рацæуа, уыдон афтæ дæр ахæм æххуыс райсдзысты.
Ныхас ма рауад æндæр ахсджиаг закъонты проекттыл дæр. Фæбæрæг кодтой Парламенты æмбырдмæ хаст боны фæтк.
Бутаты Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here