0
213

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæтты арæзтад æмæ цалцæг

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг КÆсÆбиты Игор цы кусæг æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы кусæндæтты арæзтад æмæ цалцæгыл.

Фембæлды архайдтой Хицауады Сæрдары хæдивæг — æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан, арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин, медицинон кусæндæтты сæйраг дохтыртæ, стæй республикон министрадтæ æмæ ведомствæты бæрнон минæвæрттæ.
Æмбырды архайджытæ се ‘ргом, фыццаджы-фыццагдæр, аздæхтой, Горæтгæрон районы Центрон рынчындоны рацарæзт куыд цæуы, уымæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй медицинон кусæндоны æппæтвæрсыг цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой 2020 азы ноябры. Абоны онг уал аразджытæ бакодтой куыстыты зынгæ хай. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй рынчындоны цалцæг хъуамæ ахицæн уа азы кæронмæ.
Куыстытæ цæуынц Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзты паддзахадон программæйы уагæвæрдмæ гæсгæ.
Аразджытæ куыд архайынц, уый тыххæй бæстон радзырдта Горæтгæрон районы Центрон рынчындоны сæйраг дохтыры хæстæ æххæстгæнæг Наниты Аскер. Йæ ныхасмæ гæсгæ, рацарæзты фæстæ медицинон кусæндоны уавæр дзуапп дæтдзæн æппæт нырыккон домæнтæн дæр. Цы ногдзинæдтæ дзы фæзындзæн, уыдоны нымæцы: «тагъд медицинон æххуысы» сæрмагонд дæлхайад, амбулаторон хирургийы центр, конференц-зал, Интернеты бастдзинады фæрæзтæ æмæ афтæ дарддæр. Уыимæ, рынчынты удæнцойæн æппæт диагностикон хайæдтæ дæр æрбынæттон уыдзысты фыццаг уæладзыджы.
Афтæ бæстон æмбырды архайджытæ æрдзырдтой, Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны цур цы ног поликлинкæ арæзт æрцыд, уый техникон цæттæдзинадыл дæр. Уыцы объекты æппæт арæзтадон куыстытæ дæр ныридæгæн ахицæн сты, ныртæккæ дзы æвæрд цæуынц медицинон техникæ æмæ æндæр хъæугæ фæрæзтæ. Рынчындоны сæйраг дохтыр Икъаты Мурат куыд фæнысан кодта, афтæмæй поликлиникæ кусын райдайдзæн мартъийы.
Ацы æмæ иннæ медицинон кусæндæтты цалцæг æмæ арæзтад уæлдай ахсджиаг хъуыддагыл банымайгæйæ, Кæсæбиты Игор куыд фæнысан кодта, афтæмæй «ног поликлиникæтæ æмæ рынчындæттæ хорзæрдæм сахаддзысты адæмы æнæниздзинад æмæ царды æмвæзадыл, медиктæн дæр сæ архайды уавæртæ зынгæ сырæздзысты».

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here