0
498

Ахуыргонд æмæ йæ фæллæйттæ

Зындгонд советон æмæ уæрæсейаг этнограф, историон наукæты доктор, профессор, ССР Цæдисы Наукæты академийы этнографийы институты Кавказы секторы сæйраг наукон кусæг, РЦИ-Алани æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны наукæты сгуыхт архайæг Калоты Алыксандры фырт Барисы райгуырдыл (1916-2006) 15 февралы сæххæст 105 азы.

Уый райгуырд Захъайы комы Байкомы хъæуы зæхкусæг бинонты æхсæн. 1940 азы Барис каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт. Немыцаг-фашистон æфсæдтæ нæ Райгуырæн бæстæмæ куы ныббырстой, уæд, Фæскавказаг æфсæддон-политикон училищæйы курсант уæвгæйæ, ацыд хæцæг æфсады рæнхъытæм. Архайдта горæттæ Ростов-Доныл, Таганрог, Донбасс немыцаг-фашистон æфсæдтæй суæгъд кæныны карз хæстыты. 1943 азы июлы уæззау цæф фæцис æмæ йæхи дзæбæх кодта æфсæддон госпитæлы. Фæстæдæр ногæй æрлæууыд Сырх æфсады рæнхъыты.
Калоты Барис йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæнты ордентæй æмæ 15 майданæй. 1945 азы 24 июны архайдта таурæгъон Уæлахизы парады Сырх фæзы.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы Калоты æртæ æфсымæры сæ хæс бафыстой Райгуырæн бæстæйы раз. Æфсымæртæй астæуккаг Солтанбег уыдис дохтыр, медицинон службæйы инæлар-майор. Хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны орденæй, Сырх Стъалыйы дыууæ орденæй, майдан «Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй», майдан «Ирыстоны намыс»-æй æмæ æндæртæй. Амард 1997 азы 13 мартъийы Мæскуыйы, ныгæд æрцыд Кунцевы уæлмæрдты.
Кæстæр æфсымæр Хазби уыдис ирон поэт, æмдзæвгæты, поэмæтæ æмæ драмон уацмысты автор. 22-аздзыдæй кæстæр лейтенанты цины 1943 азы хъæбатырæй фæмард Курскы къæлæты. Æрыгон поэт ныгæд æрцыд Курскы облæсты Обоянскы районы хъæу Красная полянæйы.
Калоты Барисы тыххæй нæ ныхас дарддæр куы кæнæм, уæд 1948 азы Этнографийы институты аспирантурæйы ахуыр кæнынæй райдыдта йæ наукон биографи. 1951 азы уый бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци «Моздокские осетины (историко-этнографическое исследование)», 1969 азы та — докторон диссертаци «Осетины. Проблемы этногенеза и этнографическая характеристика». Афтæ уыд æмæ, 1950-2006 азты уый этнографийы институты Кавказы секторы кæстæр наукон кусæгæй схызт сæйраг наукон кусæджы бынатмæ. 1970-1980 азты Калоты Барис ахуыргæнæгæй куыста Максим Горькийы номыл литературон институты.
Ахуыргонды наукон куыстытæм куы ‘ркæсæм, уæд уый у 14 монографийы, 150 уацы æмæ очеркæй фылдæры автор ирæтты æмæ Цæгат Кавказы иннæ адæмты историйы, этнографи æмæ культурæйы тыххæй. Йæ зындгонддæр фæллæйттæ сты: къорд хатты уагъд æрцæуæг монографи «Осетины», «Миллер — кавказовед» (1963), «Осетины глазами русских и иностранных путешественников (1967), «Материальная культура и прикладное искусство осетин» (1973), «М.М. Ковалевский и его исследования горских народов Кавказа» (1979), «Вторая родина Коста» (1988), «Моздокские осетины» (1995). Уымæй уæлдай, Калойы-фырты къухæй рацыдысты бирæ уацтæ, дыууæтомон энциклопедион дзырдуат «Мифы народов мира» (1980) æмæ æндæртæ дæр.
Ай-гъай, Калоты Барис æнæ иртасгæ нæ фæцис не стыр хæзна, ирон Нарты кадджытæ дæр. Нæ фыдæлты адæмон сфæлдыстады фарстыты фæдыл дыууæ хатты раныхас кодта Æппæтцæдисон нартаг конфенциты Орджоникидзе æмæ Сухумы дæр, архайдта ирон Нарты кадджыты иумæйаг æртæ тексты мыхуыры рауадзыныл дæр. Уæдæ уый уыдис фæлтæрдджын быдырон иртасæг дæр. 1953 азæй фæстæмæ къорд азы дæргъы лæууыд историон-этнографион экспедициты сæргъы Цæгат Кавказы, бæлвырддæр зæгъгæйæ, Дагестаны, Адыгейы, Цæцæны, Мæхъхъæлы æмæ æндæр рæтты дæр.
Калоты Алыксандры фырт Барис амард 2006 азы 23 октябры. Йæ чингуыты фонд цалдæр мин иуæджы лæвæрд æрцыдысты Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты наукон библиотекæйæн. Ахуыргонд йæ фæстæ цы наукон фæллæйттæ ныууагъта, уыдоны фæдыл сæ хъуыдытæ зæгъынц:
Хъаныхъуаты Зæлинæ, историон наукæты доктор, профессор, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты директор.
«Калоты Барис, аргъ кæмæн нæй, ахæм æвæрæн бахаста ирæтты национ хæдзонддзинады рæзтмæ. 1967 азы йæ бындурон фæллой «Осетины», рауагъдад «Наукæ»-йы рухс куы федта, уæд ыл æхсæнад сæмбæлд тынг æхсызгонæй. Адæм кæрæдзимæ телефонæй дзырдтой, цæмæй ацы хабар тагъддæр фехъусын кæной сæ хиуæттæн, зонгæтæн. Чидæртæ та куырдтой, цæмæй сæм уыцы чиныг исчи иу æхсæв уæддæр куы авæрид бакæсынмæ. Уымæн æмæ уый фыццаг фæллой уыд ирæтты истори æмæ традицион культурæйы равзæрды тыххæй. Æрмæстдæр нæм уæд æрцыд æмбарынад, æмæ мах кæй стæм, уæз кæм ис, уыцы академион фæллой кæуыл фыст æрцыд, ахæм адæм. Уымæ гæсгæ Калоты Барисы ном аккаг бынат ахсы кавказиртасынады æмæ ирон æвзаг ахуырады дæр. Йæ разамындæй историон-этнографион экспедицитæ арæзт æрцыд, йæ наукон консультацитæн та стыр ахадындзинад ис, ныронг бирæ зындгонд кавказиртасджытæ профессион ахуыргæндтæ кæй систы, уым. Нæ институтæн Калойы-фырты хисæрмагонд библиотекæ лæвæрд кæй æрцыд, уый та абон дæр ахсджиаг фæрæз у æрыгон ахуыргæндтæ цæттæ кæнынæн».
Цыбырты Людвиг, историон наукæты доктор, профессор, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты этнологийы хайады сæргълæууæг.
«Калоты Барис йæ бирæ фæллæйттимæ наукæйы историмæ бацыд куыд этнографион кавказиртасынады бындурæвæрæг. Кæд æвзаджы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ирæтты равзæрды иртасæнтæй разæй цæуы Абайты Васо, уæд этнографи æмæ адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ та — Калоты Барис. Йæ наукон фæллой «Осетины» у ирон царды æнæхъæн энциклопеди. Уый фыццаг ахæм чиныг у нæ адæмы тыххæй, æмæ хъуамæ стъолыл æвæргæ чиныг суа алы ирон бинонтæм дæр.
Фæлæ Калойы-фырты фæллæйттæй хатдзæгтæ куы кæнæм, уæд фарст нæ бон афтæ æвæрын у, æмæ ахуыргонд аккаг æвæрæн бахаста адæмон сфæлдыстадмæ дæр, бæлвырддæр та Нарты кадджыты ахуырадмæ. Уый бирæ азты быдырон этнографион æрмæг æмбырд кодта Цæгат Ирыстоны алы кæмтты дæр. Ныхæй-ныхмæ сæ Нарты кадджыты тексттимæ равæргæйæ, сбæрæг сты, скифаг — ирон этнокультурон æнгæстæ, стæй ирæтты культурæ скифтæй-сæрмæттæй æмæ алантæй кæй рацыд æмæ ирæтты равзæрды ирайнаг хъæстæ дæр кæй ис, уыдæттæ.
Калоты Барис, куыд зындгонд специалист, алы хатт дæр æмгуыстадмæ хуынд цыдис ирон Нарты кадджыты радон рауагъдтæм. Суанг 1951 азы Нарты кадджытæ рацыдысты Мæскуыйы. Калойы-фырт Абайты Васоимæ, Джусойты Нафи æмæ Р.А. Ивневимæ уыдис, чиныг чи арæзта æмæ рауагъдадæн æмбарынгæнæнтæ æмæ фæсныхасыл чи куыста, уыцы ахуыргæндтимæ. Дзырдуат æмæ æмбарынгæнæнтæ Барис бацæттæ кодта чингуытæ «Сказания о нартских богатырях» (М., 1960) æмæ «Сказания о нартах. Осетинский эпос»-æн дæр (М., 1978).
Ай-гъай, Калоты Барисы куыст-иу нæ банцад ирон кадджыты тексттæн æрмæст хатдзæгтæ кæныныл. Уый сæ æрæвæрдта æндæр адæмты нарты кадджыты фарсмæ æмæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, ирон нарты эпос иннæтæй хицæн кæны аив композицийæ, стæй дзы, æнæхъæн цалдæргай алæмæты диссаджы циклтæ дæр кæй ис, æндæр адæмты таурæгъты та, дам, ахæмæй ницы ис. Калойы-фырт разы у, эпосы райдайæн къæпхæн VIII-VII æнустæ чи нымайы, уыцы ахуыргæндтимæ, стæй хæцы, эпосы иртасджытæй уый бындурон апп æндидзын алайнаг дуджы райдыдта, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, уыдоны фарс дæр. Ахуыргонд бæлвырд кæны нарты кадджыты цалдæр дуджы, уыимæ монгойлаг дæр æмæ нымайы, кæцыдæр кадджытæ кæй фæзындысты, ирæтты фыдæлтæ нырыккон Ирыстоны арæнтæй дарддæр куы апырх сты, уыцы рæстæджыты. Ахуыргонд эпос иртасы æмæ хатдзæгтæ кæны этнографион цæстæнгасæй, ссары бирæ æнгæстæ культурæйы къабазæй, ирон цардыуагæй æмæ нарты æхсæнадæй. Уыимæ дзæвгар фæхъæздыгдæр кодта нарты кадджыты наукон ахуырад, аккаг æвæрæн бахаста ирон адæмы равзæрды иртасæнтæ æмæ ирæтты этникон культурæмæ, бæлвырддæр куы зæгъæм, уæд та скифаг-алайнаг-ирон равзæрды проблемæмæ».
Бесолты Еленæ, филологон наукæты доктор, профессор, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты ирон æвзагахуырады хайады сæргълæууæг.
— Калоты Алыксандры фырт Барис ахуыргонд дунейæн зындгонд у куыд æвæллайгæ иртасæг-этнолог. Уый у, нырыккон кавказахуырадæн фидар æнцой чи ссис, ахæм бындурон фæллæйтты автор. Барис лæууыд кавказиртасыны наукæйы рæзты фыццаг гуырæнты. Уый хицæн кодта наукон уæрæхдзинад, зæрдæхæлардзинад æмæ арф æмбарынад Кавказы адæмты цард комплексон æгъдауæй ахуыр кæныны стыр нысаниуæг. Æнусы æмбисы бæрц профессор Калойы-фырт цы быдырон æрмæг фембырд кодта, уыцы рæстæг бæрæггонд æрцыдысты архивон æмæ музейон бæрæггæнæнтæ, æмæ сæ фæстæдæр рауад бындурон монографитæ, очерктæ æмæ бирæ уацтæ. Уымæ гæсгæ, æмбæлгæ хуызы куыд нæ хъуамæ аргъ кæнæм наукæ этнографийы стыр фæллойгæнæгæн. Æцæгдæр, æндæр ахуыргæндтæм цы хъуыдытæ нæй, ахæмтæ ссарæн ис Калойы-фырты фæллæйтты, уæлдайдæр ирон æвзаг æмæ æвзагахуырады кусджыты тыххæй. Уыдонимæ, ахуыргонды хъысмæт иу æмæ дыууæ хатты нæ сæмбæлын кодта. Алы хатт дæр-иу уый йæ зæрдæйы хъармæй барæвдыдта адæймаджы, худтысты йæ хъæлдзæг ныхæстыл. Калойы-фырт æмæ Абайты Васойы æхсæн цы хæлардзинад ныффидар, уымæн та уыд царды бындур, уымæн æмæ дыууæ дæр кусæнуатон ахуыргæндтæ нæ уыдысты. Бирæ быдырон æрмæг æрæмбырд кодтой, кавказаг адæмтæ кæм цардысты, уыцы бынæтты. Дыууæйæ дæр архайдтой мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл æмæ сæ фыццаградон хæсыл нымадтой чысылгай нæ историон ном «алантæм» раздæхыны тыххæй».
Гоститы Ларисæ, историон наукæты кандидат, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социологон иртасæнты институты этнологийы хайады наукон кусæг.
— Калоты Барис фæцард, æрвылбон сфæлдыстадон куыст кæнгæйæ. Уый ирд фæд ныууагъта кавказахуырады æмæ иронахуырады дæр. Йæ цæргæбонты йæ нымадтой стыр ахуыргондыл. Фæлæ куы фæзиан, уæддæр йæ тæваг этнологон наукæйы, кавказиртасынады æмæ ирониртасынады дæр нæ фæлæмæгъдæр, хъæддыхдæр цы фæцис, æндæр. Ацы номдзыд ахуыргонд, рæстæг куыд дарддæр цæуы, афтæ ахуыргонд, дунемæ зыны стырæй-стырдæр. Йæ классикон фæллой «Осетин»-ы ныр дæр у, нырыккон иртасджытæй цитатæ арæхдæр цы чингуытæй исынц, уыдонæй иу. Иу ныхасæй, Калоты Барис удæгас фигурæйæ баззад этнологийы рæзты нырыккон къæпхæны».
Бир Ай-гъай, Калоты Барисы куыст-иу нæ банцад ирон кадджыты тексттæн æрмæст хатдзæгтæ кæныныл. Уый сæ æрæвæрдта æндæр адæмты нарты кадджыты фарсмæ æмæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, ирон нарты эпос иннæтæй хицæн кæны аив композицийæ, стæй дзы, æнæхъæн цалдæргай алæмæты диссаджы циклтæ дæр кæй ис, æндæр адæмты таурæгъты та, дам, ахæмæй ницы ис. Калойы-фырт разы у, эпосы райдайæн къæпхæн VIII-VII æнустæ чи нымайы, уыцы ахуыргæндтимæ, стæй хæцы, эпосы иртасджытæй уый бындурон апп æндидзын алайнаг дуджы райдыдта, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, уыдоны фарс дæр. Ахуыргонд бæлвырд кæны нарты кадджыты цалдæр дуджы, уыимæ монгойлаг дæр æмæ нымайы, кæцыдæр кадджытæ кæй фæзындысты, ирæтты фыдæлтæ нырыккон Ирыстоны арæнтæй дарддæр куы апырх сты, уыцы рæстæджыты. Ахуыргонд эпос иртасы æмæ хатдзæгтæ кæны этнографион цæстæнгасæй, ссары бирæ æнгæстæ культурæйы къабазæй, ирон цардыуагæй æмæ нарты æхсæнадæй. Уыимæ дзæвгар фæхъæздыгдæр кодта нарты кадджыты наукон ахуырад, аккаг æвæрæн бахаста ирон адæмы равзæрды иртасæнтæ æмæ ирæтты этникон культурæмæ, бæлвырддæр куы зæгъæм, уæд та скифаг-алайнаг-ирон равзæрды проблемæмæ».
Бесолты Еленæ, филологон наукæты доктор, профессор, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты ирон æвзагахуырады хайады сæргълæууæг.
— Калоты Алыксандры фырт Барис ахуыргонд дунейæн зындгонд у куыд æвæллайгæ иртасæг-этнолог. Уый у, нырыккон кавказахуырадæн фидар æнцой чи ссис, ахæм бындурон фæллæйтты автор. Барис лæууыд кавказиртасыны наукæйы рæзты фыццаг гуырæнты. Уый хицæн кодта наукон уæрæхдзинад, зæрдæхæлардзинад æмæ арф æмбарынад Кавказы адæмты цард комплексон æгъдауæй ахуыр кæныны стыр нысаниуæг. Æнусы æмбисы бæрц профессор Калойы-фырт цы быдырон æрмæг фембырд кодта, уыцы рæстæг бæрæггонд æрцыдысты архивон æмæ музейон бæрæггæнæнтæ, æмæ сæ фæстæдæр рауад бындурон монографитæ, очерктæ æмæ бирæ уацтæ. Уымæ гæсгæ, æмбæлгæ хуызы куыд нæ хъуамæ аргъ кæнæм наукæ этнографийы стыр фæллойгæнæгæн. Æцæгдæр, æндæр ахуыргæндтæм цы хъуыдытæ нæй, ахæмтæ ссарæн ис Калойы-фырты фæллæйтты, уæлдайдæр ирон æвзаг æмæ æвзагахуырады кусджыты тыххæй. Уыдонимæ, ахуыргонды хъысмæт иу æмæ дыууæ хатты нæ сæмбæлын кодта. Алы хатт дæр-иу уый йæ зæрдæйы хъармæй барæвдыдта адæймаджы, худтысты йæ хъæлдзæг ныхæстыл. Калойы-фырт æмæ Абайты Васойы æхсæн цы хæлардзинад ныффидар, уымæн та уыд царды бындур, уымæн æмæ дыууæ дæр кусæнуатон ахуыргæндтæ нæ уыдысты. Бирæ быдырон æрмæг æрæмбырд кодтой, кавказаг адæмтæ кæм цардысты, уыцы бынæтты. Дыууæйæ дæр архайдтой мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл æмæ сæ фыццаградон хæсыл нымадтой чысылгай нæ историон ном «алантæм» раздæхыны тыххæй».
Гоститы Ларисæ, историон наукæты кандидат, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социологон иртасæнты институты этнологийы хайады наукон кусæг.
— Калоты Барис фæцард, æрвылбон сфæлдыстадон куыст кæнгæйæ. Уый ирд фæд ныууагъта кавказахуырады æмæ иронахуырады дæр. Йæ цæргæбонты йæ нымадтой стыр ахуыргондыл. Фæлæ куы фæзиан, уæддæр йæ тæваг этнологон наукæйы, кавказиртасынады æмæ ирониртасынады дæр нæ фæлæмæгъдæр, хъæддыхдæр цы фæцис, æндæр. Ацы номдзыд ахуыргонд, рæстæг куыд дарддæр цæуы, афтæ ахуыргонд, дунемæ зыны стырæй-стырдæр. Йæ классикон фæллой «Осетин»-ы ныр дæр у, нырыккон иртасджытæй цитатæ арæхдæр цы чингуытæй исынц, уыдонæй иу. Иу ныхасæй, Калоты Барис удæгас фигурæйæ баззад этнологийы рæзты нырыккон къæпхæны».
Бирæгъты Бэллæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here