РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО амыдта республикæйы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд, афтæмæй дзы ныхас цыд регионы оперативон уавæр æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ.
Республикæйы оперативон уавæры тыххæй доклад скодта Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег.
– Республикæйы цыппар районы: Мæздæджы, Рахизфарсы, Алагиры æмæ Горæтгæроны дарддæр дæр тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Ивгъуыд къуырийы дæргъы ахуыссын кæнын бантыст 33 зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны сæрмагонд службæтæ архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæрты. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 91 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 25 адæймаджы. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты æппæт автотранспорты хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл электронон рады æнхъæлмæ кæсынц 177 транзитон уæзласæн машинæйы. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 32320 автотранспортон иуæгæй фылдæр æмæ 108235 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы ахуыссын кæнын бантыст 36 зынгсирвæзты. Боныхъæды уавæртæм гæсгæ, арæзт цæуынц æппæт хъæугæ мадзæлттæ. Бæрæггонд цæуы республикæйы цæугæдæтты доны æмвæзад.
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй 3 августæй 9 августмæ регионы æрцыд 109 фыдракæнды. Раргом кæнын дзы бантыст 62. Ноджы ма раргом кодтой, раздæр сын чи нæ бантыст æмæ бирæ рæстæг кæуыл рацыд, ахæм 8 уголовон хъуыддаджы.
Цæгат Ирыстоны «Роспотребнадзор»-ы хайады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Тъæнгты хæцгæ низтæй рынчынты нымæц у æрвылазы сæрдыгон эпидемиологон бæрæггæнæнтæм хæстæг. Ивгъуыд къуыри ног коронавирусон инфекци бæрæггонд не ’рцыд.
РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы ныхасмæ гæсгæ, республикæйы астæуккаг ахуырадон скъолатæ цæттæ сты ног ахуыры азмæ.
– Ныридæгæн сæ цæттæдзинад сбæрæг кодтам 300 скъолайæн. Дарддæр дæр куыст цæуы графикмæ гæсгæ. Æдæппæтæй ног ахуыры аз сæ дуæрттæ байгом кæндзысты 469 астæуккаг ахуырадон объекты. Уæлдай æргом здæхт цæуы ахуырадон ифтонггарз, педагогон кадртæ æмæ æдасдзинады фарстатæм. Фыццæгæм кълæстæм уал ныридæгæн балæвæрдтой 7731 курдиаты. Уыдонæй 3057 – «портал Госуслуги»-йы уылты. Ноджы ма республикæйы скъолатæ райстой 59 мин ног ахуыргæнæн чиныджы ирон æвзаг æмæ литературæйæ, истори æмæ æхсæнадзонынадæй, – загъта министр.
Алагиры районы тыхджын къæвдатæ цы донивылдтытæ расайдтой, уыдоны аххосæй нуазыны дæтты сыгъдæгдзинад нормæйæ чысыл ахызт. Уый аиуварс кæнынæн æвæрд æрцыдысты уæлæмхасæн ифтонггæрзтæ. Ныртæккæ нуазыны доны хæрзхъæддзинад дзуапп дæтты æппæт нормæтæн дæр.
Сергей Меняйло республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур æмæ арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Маратæн бахæс кодта, регионы æппæт дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæртты дæр зонгæ кæнын сæ куыстимæ.
– Алагиры районы донцъирæн скважинæ хицæн адæймаджы къухы уыд. Цы уавæры уыд æмæ адæм æхца кæмæн фыстой, уый хъуамæ зоной, – фæбæрæг кодта республикæйы разамонæг.
Хъараты Тимур аппаратон æмбырды фехъусын кодта, дарддæр дæр зымæджы хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ кæй цæуынц, уый. Ныридæгæн уал сæххæст кæнын бантыст сæ 72 проценты. Ноджы ма министр йæ ныхасы фæбæрæг кодта, бензины аргъ, сыхаг республикæтимæ абаргæйæ, 15-20 проценты къаддæр кæй у, уый.
Сергей Меняйло бæрнон ведомствæйæн бафæдзæхста, дарддæр дæр бензин уадзын 30-50 литры бæрц, уыимæ йын йæ аргъмæ карздæрæй цæст дарын.
Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














