Рагæй-æрæгмæ дæр Ирыстоны стыр кад кодтой æфсæддон дæсныйадæн. Æмæ-иу лæппу куы райгуырд, уæд хистæрты стырдæр арфæтæй иу уыди ахæм: «Хуыцау ацы ноггуырды инæлар скæнæд». Æмæ уыцы куывд æрцыд Баскаты Георгийы фырт Аркадийыл дæр.
Райгуырд æмæ схъомыл Дзæуджыхъæуы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта Цæгат Кавказы мидхъуыддæгты æфсæддон училищæйы. Æнтыстджынæй йæ каст фæци 1966 азы æмæ райста лейтенанты цин.
Диссаг у иу хъуыддаг – уыцы азы рауагъдонтæй иуæндæс адæймаджы сæ рæстæджы систы инæлартæ, уыдонимæ Баскаты Аркади дæр, гъе, ахæм бындурон зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад сын радта училищæ. Дзырдæн, рауагъдонтæй сæ иу уыди Анатолий Куликов, сси Уæрæсейы мидхъуыддæгты министр, фæстæдæр та Паддзахадон Думæйы депутат. Баскаты Аркади йæ дæсныйадыл куыст райдыдта курсы афицерæй, дарддæр та уыди фыццаг ротæйы, стæй батальоны, полчъы дивизийы сæргълæууæг. Æмæ алы ран дæр йæ размæ æвæрд хæстæм дардта бæрнон цæстæнгас, архайдта сæ куыд хуыздæр æмæ æххæстдæрæй сæххæст, кæныныл. Адæм алцыдæр уынынц æмæ зонынц – аргъ кæнын дæр æмæ аиппытæ фиппайын дæр. Аркади, куыд рæстзæрдæ, æгъдауыл хæст æмæ стыр бæрнондзинады æнкъарæнты хицау, дæсны специалист, дыууæ хатты фæд-фæдыл æвзæрст æрцыд Уæрæсейы Паддзахадон Думæмæ Мæскуымæ хæстæг цæрæнбынæтты æвзарджыты фæндонæй, уыдис Думæйы æдасдзинады комитеты уæнг. Йе стыр хай бахаста коррупцийы ныхмæ закъоны проект бацæттæ кæнынмæ. Аркади куыд дзырдта, афтæмæй иу æмæ дыууæ нæ уыдысты, уыцы ахсджиаг закъон дунейы рухс ма фена, ууыл тынг чи архайдта, уыцы чиновниктæ, хъыгдаргæ сæ кодтаид…
Йæ хорз службæйы тыххæй Аркадийæн стыр аргъ кодтой йæ дæлбар æфсæддонтæ, æмкусджытæ, уæлдæр разамындæй та бирæ хæттыты райста кады грамотæтæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ. Цыбыр рæстæгмæ æрыгон афицер лейтенанты цинæй схызти булкъонмæ, сси дивизийы командир, радтой йын инæлар-майоры цин. Дарддæр Аркади хызти бæрзондæй-бæрзонддæрмæ службæйы къæпхæнтыл, йæ уæхсчытыл фæзындысты инæлар-лейтенанты, фæстæдæр та – инæлар-булкъоны пъагæттæ. Уыцы ‘фсæддон цинтæ йын-иу радтой æмгъуыдæй раздæр, уый та æфсæддон службæйы арæх нæ вæййы.
Запасы ацæуыны размæ кадимæ æххæст кодта Мидхъуыддæгты министрады Мæскуыйы зылды командæгæнæджы ахсджиаг æмæ вазыгджын хæстæ, уыцы азты зылд нымад уыди Уæрæсейы раззагдæртæй сæ иуыл.
Аркадийæ, кæд йæ цæрæнбынат æмæ куыст Мæскуыйы уыдысты æмæ сты, уæддæр рох никуы уыд йæ райгуырæн Ирыстон, фыдæлты зæхх. Нæ республикæйæ-иу йæм исчи исты фарстайыл куы бацыд, уæд цыфæнды ахсджиаг хъуыддаг дæр ныууагътаид æмæ баххуыс кодтаид йе ’мзæххонæн уынаффæйæ дæр æмæ ахадгæ мадзалæй дæр. Ирон лæджы кад æмæ намыс бæрзонд хæссы, стыр аргъ кæны фыдæлтæй баззайгæ фæтк æмæ ‘гъдауæн.
Ацы бонты Баскаты Георгийы фырт Аркади сбæрæг кæндзæн йæ 80 азы юбилей. Уый фæдыл ын зæрдиаг арфæтæ кæнæм мах, «Рæстдзинад»-ы кусджытæ дæр. Бирæ азты ма нын зæрдæрухсæй, дæ кæстæрты ныфсæй цæр, Аркади, æмæ ма дæу хуызæн сахъгуырд фæсивæд фылдæрæй-фылдæр кæнæд нæ Ирыстоны!
Хæмыцаты Морис














