0
554

Сабырдзинад æмæ национ фидыды сæраппонд

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Цæгат Ирыстоны Пысылмæтты удварны управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымуратимæ.

Ныхасы архайджытæ се ‘ргом аздæхтой алы динтæ æмæ адæмты минæвæртты ‘хсæн фидыд фидардæр, республикæйы цæрджыты æнгомдзинад хъомысджындæр кæныны фарстытæм.

Битарты Вячеслав йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй Пысылмæтты удварны управлени ахадгæ куыст кæны æрыгон фæлтæры раст хъомыладыл, иудадзыгдæр аразы алыхуызон хæрзаудæн мадзæлттæ. Уыимæ, управленийы уæнгтæ æххуысхъуаг адæмыл аудынц, кæцы адæмыхаттæй у æмæ цавæр диныл хæст у, уымæ нæ кæсгæйæ.

— Нæ республикæ алкæддæр бæрæг дардта йæ адæмты кæрæдзимбарынад æмæ хæлар ахастæй. Æмæ уыцы æууæл нæ республикæйы хъомысыл хорзæрдæм ахады, æхсæнады цард кæны сабырдæр æмæ нывылдæр. Æмæ уыцы хъуыддаджы, кæй зæгъын æй хъæуы, ахадгæ у республикæйы дины æхсæнадты, национ-культурон иугæндты архайд. Цæгат Ирыстоны Пысылмæтты управлени зынгæ мадзæлттæ аразы, цæмæй республикæйы цæрджыты удварн рæза, цæмæй фидардæр кæна алы динты минæвæртты ‘хсæн фидыд, — загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Гуæцæлты Хадзымурат йæ раныхасы бæстон æрлæууыд управленийы 2020 азы куысты бæрæггæнæнтыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, кæд коронавирусы пандемийы аххосæй сæвзæргæ эпидемиологон уавæр æппæт цардархайдыл дæр фæзынд, уæддæр, ивгъуыд аз сæ размæ цы нысантæ сæвæрдтой, уыдоныл ахадгæ куыст цыд. Уымæй уæлдай, Гуæцæлы-фырт куыд фехъусын кодта, афтæмæй 17 мартъийы уыдзæн Пысылмæтты удварны республикон управленийы дзуапдæттæн-æвзарæн æмбырд. Уым æвзæрст æрцæудзæн республикæйы муфти хæстæгдæр 5 азæн.

Фембæлды кæронбæттæны Битарты Вячеслав Пысылмæтты удварны управленийы разамындæн бузныг загъта, регионы нывыл цард фидардæр кæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here