Историон æвæрæнтæ хъахъхъæнджытæ
Сæ дæсныйадмæ гæсгæ сæ куыст архивтимæ баст кæмæн у, уыдон 10 мартъийы сбæрæг кодтой сæ профессион бæрæгбон — Архивты æппæтуæрæсеон бон. Цæгат Ирыстоны Архивон службæйæн та уый уыд дывæр бæрæгбон, уымæн æмæ йыл ивгъуыд аз сæххæст сæдæ азы. Уый фæдыл Национ музейы знон арæзт æрцыд кадджын бæрæгбон.
Сæдæ азы гыццыл не сты. Уыцы дзæвгар рæстæджы дæргъы архивон службæйы кусджытæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ æмбырд кодтой æмæ бахъахъхъæдтой, стæй абон дæр хъахъхъæнынц, аргъ кæмæн нæй, Уæрæсейы Хуссаримæ баст уыцы историон гæххæттытæ — раджы замантæй абоны онг. Уыцы архивон бынты ссарæн ис хицæн адæймæгты, æнæхъæн мыггæгты кæнæ та адæмыхæттыты историон фæд æмæ сæ хъысмæт. Уыцы цæстæй акæсгæйæ, архивон æвæрæнтæн аргъ нæй. Æнæдызæрдыгæй, архивтимæ баст куыстæн ис паддзахадон нысаниуæг.
Цæгат Ирыстоны Архивты службæйы кусджытæн сæ профессион бæрæгбоны фæдыл арфæ ракæнынмæ æрбацыд республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег.
— Нæ республикæйы Архивон службæ йæ сæдæ азыл æнтыстджынæй сæмбæлд ивгъуыд, 2020 азы. Юбилеймæ цы мадзæлттæ нысан кодтам, уыдон, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, къухы бынтон нæ бафтыдысты. Фæлæ уæддæр афæдзы дæргъы арæзт цыдысты конкурстæ, равдыстытæ, презентацитæ. Архивтæ сты, æнусты дæргъы адæмы цардимæ баст цыдæриддæр историон бынтæ ис, уыдонæн сæ хъæздыг æвæрæнтæ. Нæ республикæйы цы архивтæ ис, уыдон та уыцы æвæрæнтæн сты сæ хай, æмæ сæ, цæстыгагуыйау, кæй хъахъхъæнут, сæ хъæздыгдæр кæныныл зæрдиагæй кæй архайут æмæ сæ афтæмæй иу фæлтæрæй иннæмæ кæй дæдтут, уый тыххæй уын стыр бузныг. Мæ зæрдæ уын зæгъы бирæ ног æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ. Уæ куыстæй разы куыд уат, æнæниз æмæ амондджынæй куыд цæрат, ахæм арфæ уæ уæд, — загъта Фадзайты Æхсарбег.
РЦИ-Аланиийы Архивты службæйыл сæдæ азы кæй сæххæст, уыцы кадджын боны фæдыл, йæ куысты уæлдай сгуыхтдзинæдтæ йæ къухы кæмæн бафтыд, архивон службæйы къабазы уыцы кусджытæ хорзæхджын æрцыдысты Кады æмæ Зæрдылдарæн нысантæй.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон хицауады оргæнты бирæ азты дæргъы æнтыстджынæй кæй фæкуыста, уый тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон граждайнаг службæйы кусæджы кадджын ном лæвæрд æрцыд Томæ Алиевайæн — РЦИ-Аланийы Архивон службæйы финансон-экономикон куысты æмæ гæххæттытæй æххæст кæныны хайады сæргълæууæгæн.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы архивон къабазы кусгæйæ, сæ къухы уæлдай стырдæр æнтыстдзинæдтæ кæй бафтыд, уый тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном лæвæрд æрцыд: Арбиаты Зæлинæйæн — РЦИ-Аланийы ногдæр историйы паддзахадон архивы директорæн; Уаниты Эльвирæйæн — РЦИ-Аланийы ногдæр историйы æмæ историко-политикон документацийы центры директорæн; Кцойты Фатимæйæн — РЦИ-Аланийы ногдæр историйы паддзахадон архивы директоры хæдивæгæн.
Архивон куыст нæ республикæйы райрæзын кæныны хъуыддагмæ стыр бавæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцыдысты: Тебиаты Еленæ — РЦИ-Аланийы Архивон службæйы разамонæг; Батырты Аслан — РЦИ-Аланийы Архивон службæйы разамонæджы хæдивæг; Фидараты Ритæ — РЦИ-Аланийы Центрон паддзахадон архивы директоры хæдивæг.
Сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæджытæ райстой нæ республикæйы Архивон службæйы хуыздæр кусджытæ æмæ специалисттæ: Æлбегаты Аллæ, Зассеты Ларисæ, Золойты Фатимæ, Хъесаты Илонæ, Мамытты Нуну, Сæлбиты Жаннæ, Ларисæ Торгашина, Тасойты Тамарæ æмæ Хекъилаты Светланæ.
Архивон службæйы разамонæг Тебиаты Еленæ арфæ ракодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймуразæн æмæ йæ хæдивæг Фадзайты Æхсарбегæн, архивон службæйæн се ‘рвылбоны куысты стыр æххуыс кæй кæнынц, стæй, Центрон паддзахадон архивæн ног бæстыхай саразыны фарстамæ се ‘ргом кæй аздæхтой, уый тыххæй. Фадзайты Æхсарбегæн уый балæвар кодта, нæ республикæйы Архивон службæйы 100 азмæ цы зæрдылдарæн майдан рауагътой, уый, стæй, ацы бæрæг- бонмæ ма цы чингуытæ уагъд æрцыд, уыдон — юбилейон рауагъд «Æнусон истори хъахъхъæнджытæ» («Хранители вековой истории») æмæ «1886 азмæ Терчы облæсты Дзæуджыхъæуккаг зылды мыггæгтæм гæсгæ цæрæн бынæтты номхыгъдтæ», зæгъгæ, ацы чиныджы æхсæз томы.
Кæронбæттæны Архивон службæйы кусджытæ Фадзайты Æхсарбегимæ систой зæрдылдарæн къам.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ
Къам систа
ХЪАЙЫРТЫ Дианæ