0
410

Ирон театры баззади йæ фарн

Фыдæлтæ-иу афтæ загътой, цард хистæр æмæ кæстæры æгъдауыл æнцой кæны. Ацы хъуыдыйы æцæгдзинад кæм банкъарæн ис, уый у Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театр. Ацы аивады артдзæсты йæ курдиатæй æмæ æцæг нæртон ирон лæджы æгъдауæй, сфæлдыстадон фæлтæртæм æмæ театрдзауты зæрдæтæм фæндаг чи ссардта, уыцы зындгонд актертæй иу уыд УФ-йы сгуыхт æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артист, цæстуарзон, уæздан хистæр Тылаттаты Бексолтан.

Афæдзы размæ адæмы уарзон артист фæхъуыд не ‘хсæнæй. Бирæ азты цы адæмæн фæллæггад кодта, аивады фæндагыл кæй арæзта, уыцы артистты ныры фæлтæры нæма уырны, сæ уарзон, фæлмæнзæрдæ хистæр сæ йæ зæрдæйы рухсæй нал барæвдаудзæн, спектаклыл кусгæйæ сын ныфсы мæсыг — хистæрау, кæй нал уыдзæн, театры сценæйы, йæ уарзон театрдзаутимæ зæрдæйæ-зæрдæмæ кæй нал аныхас кæндзæн, уый. Фæлæ йæ ном рох кæй нæу, театры коллектив, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ йæ кæй мысынц, уый бæрæг уыд, театры фойейы Бексолтанæн цы мысæн изæр æмæ йæ театралон мемуарты чиныг «Царды фæндæгтæ»-йы презентаци арæзт кæй æрцыд, уымæй. Йæ райдайæны зындгонд актеры цард æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон фæндагыл мидисджын афæлгæст сарæзта изæрамонæг, йæ саразыны хъæппæрис равдисæг, зындгонд режиссер, РЦИ-Аланийы адæмон артист Цæриаты Валери. Уый фæстæ та номарæн изæры азæлыд Бексоланы нуарджын, цардæфсæст рæсугъд хъæлæс. Уый каст, зындгонд поэт, журналист Къадзаты Станислав цалдæр азы размæ Ирыстоны æхсæнады, æвзаджы, культурæйы уавæры тыххæй цы аивадон-публицистон уац «Къостайы фæдзæхст сæххæст кæнæм» ныффыста, уый. Куыддæр артисты хъæлæс райхъуыст, афтæ номарæн изæры архайджытæй бирæтæн сæ рустыл æруад сæ цæссыг.

Бексолтан, канд аивады нæ, фæлæ ирон æгъдауы дæр, цины, зианы рæстæджыты, куыд дзырддзæугæ, уæздан æмæ бæлвырд ныхас кодта, фынг-иу йе ‘гъдауæй куыд барæсугъд кодта, уый тыххæй номарæн изæры радзырдта журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редакторы хæдивæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, зындгонд поэт æмæ фыссæг Дзасохты Музафер.

— 1969 азы райдыдтон кусын Ирон театры. Уæд мæ кармæ гæсгæ йæ актерты кæстæр фæлтæрæй уыдтæн, уæддæр мæ Бексолтан дæлдзиныг ницæмæй кодта. Йæ зæрдæ уыд, æргом сабийау, сыгъдæг æмæ парахат, — загъта зындгонд жураналист, газет «Рæстдзинад»-ы хистæр уацхæссæг, Ирон театры раздæры артист, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Баскаты Уырызмæг, — Театры актерты хистæр фæлтæр дæр æм иттæг хорз цæстæй кастысты. Йæхæдæг дæр сын бирæ кæстæриуæг бакодта. Йæ царды фæстаг бонмæ дæр-иу æй телеуынынадмæ, радиомæ куы фæхуыдтой, нæ театры бындурæвæрджыты тыххæй радзурын дзы-иу куы домдтой, уæддæр-иу æхсызгонæй цыд эфирмæ. Нæ театры аивады уалдзæггæнæг артисттыл та-иу ахæм зæрдиагæй, уарзонæй æмæ бæстонæй дзырдта, æмæ раст диссаг. Ныр, хъыгагæн, не ‘хсæн нал ис, фæлæ йæ ном рох нæ уыдзæн, — загъта Уырызмæг.

Адæмæн уарзон артист йæ дзыллæйæн, канд театры сценæйы нæ лæггад кодта, фæлæ аккаг æвæрæн бахаста нæ республикæйы радиойы сфæлдыстадон азфыстмæ.

— Аивадон-литературон радиожурнал «Уацамонгæ» рауадзыны хъуыды нæм куы сæвзæрд, уæд Нæртон алæмæт кæхц кæй хъæлæсæй дзурдзæн, ууыл нæ хъуыды кæнын дæр нæ бахъуыд. Æвиппайды нæ зæрдыл æрбалæууыд Бексолтан. Æмæ-иу æрвылхуыцаубон нæ радиобакаст райдыдта йæ аив хъæлæсæй. Уымæй уæлдай ма-иу ын æндæр аивадон, литературон бакастытæ саив кæнын дæр бар кодтам. Уыцы æппæт хъуыддæгтæ, йе ‘ххуысы хай нæ Иры фидиуæгæн, Бексолтан кодта йæ парахат, æнкъараг, рæдау зæрдæйы хорзæхæй. Царды дæр, куыд дзуапджын, фендджын хистæр, афтæ бирæ хæттыты-иу æрбалæууыд мæ фарсмæ. Æмæ дзы æз цæрæнбонты дæр бузныг уыдзынæн, — дзырдта паддзахадон радио «Алани»-йы редактор, журналист, поэт Къадзаты Станислав.

— Бексолтан кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр ныртæккæ цы бæстыл бафтыд, уым йæ бынат рухс æмæ хуыздæр адæмтимæ кæй уыдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кæнын, уымæн æмæ йæ уды фарнæй, йæ алыварс чи уыдис, уыцы адæмыл, хиуæттыл, махыл, артисттыл, цы рухсы тынтæ байуæрста, уыдонæй нæ алчидæр хайджын фæци. Кæмдæриддæр уыдаид, уыцы бынæтты-иу уыдис æгъдау æмæ фæтк. Йе сфæлдыстадон хæстæм куыд артист, афтæ каст бæрнон цæстæй. Ирон театры 60 азы фæкуыста, æмæ никуы байрæджы кодта нæдæр репетицитæм, нæдæр спектаклмæ. Йæ уыцы æгъдау фæхаста йæ царды кæронмæ. Кæд фылдæр æппæрццæг хъайтарты сценикон сурæттæ арæзта, æфсæддонты ролты дæр арæх хъазыд, уæддæр йæ зæрдæ уыд фæлмæн æмæ райдзаст, — дзырдта Ирон театры сæйраг режиссер, УФ-йы сгуыхт артист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Сæбанты Тамерлан.

Адæмы уарзон артист Тылаттаты Бексолтанæн, Хуыцауæй, канд сценикон курдиат лæвæрд нæ уыд, фæлæ ма фыста хъæлдзæг радзырдтæ æмæ лирикон этюдтæ. Хицæн чиныгæй йын рацыдысты 2017 азы. Уымæй уæлдай ма, фарон рауагъдад «Ир»-ы рухс федта йæ театралон мысинæгты чиныг «Царды фæндæгтæ». Автор дзы равдыста канд йæхи цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг нæ, фæлæ ма æрымысыд, театры йæ алыварс цы актерты фæлтæртæ уыд, уыдоны нæмттæ, се сфæлдыстадон æрмдзæфы тыххæй загъта æргом йæ хъуыды. Актерæн йæ литературон курдиаты æмæ йæ мысинæгты чиныг «Царды фæндæгтæ»-йы тыххæй номарæн изæры йæ хъуыдытæ радзырдта чиныгуадзæн «Ир»-ы сæйраг редактор, филологон наукæты кандидат Тъехты Тамерлан. Йæ раныхасы, чиныджы тыххæй дзургæйæ, зæрдæйы рухс æнкъарæнтимæ фæнысан кодта, Бексолтан йæ чиныджы къухфыстыл йæ редактор Цæрæкты Аллæимæ куыд бæстон куыст кодта, кæстæр хойы зæрдæ йæм кæй дардта, уый.

— Ме сфæлдыстадон фæндаг Бексолтаны рухс зæрдæйы хорзæхы фæрцы æнтыстджын рауад, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Театрмæ куы æрбацыдтæн, ам кусыны тыххæй мæ куырдиат дæр Бексолтанмæ балæвæрдтон. Уæд куыста аивадон разамонæгæй, — дзырдта Ирон театры аивадон разамонæг, РЦИ-Аланийы æмæ Кæсæг-Балхъары сгуыхт артист Уалыты Геор, — Не ‘ппæтмæ дæр дардта хи фыд æмæ, æфсымæрау, уарзон, хорз зæрдæ. Нæ уавæртæ куы фæхуыздæр уой, уæд ын, æнæмæнг, нæ театры сценæйы сараздзыстæм стыр номарæн аивадон изæр, уымæн æмæ уый аккаг у.

Мыггаджы номæй мысæн изæр саразджытæн æмæ уазджытæн арфæ ракодта Тылаттаты Аслæнбег.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here