0
286

«Хуыздæр дохтыр»

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз райрæзын кæныны сæйрагдæр мадзæлттæй иу у дохтырты дæсныйад фылдæр кæнын.

Уыцы нысан къухы цæмæй бафта, уый тыххæй ивгъуыд аз республикæйы арæзт æрцыд «Хуыздæр дохтыр», зæгъгæ, ахæм конкурс дыууæ номинацимæ гæсгæ: дохтыр-терапевт æмæ дохтыр-педиатр. Архайыны бар дзы уыд ацы дæсныйæдты æппæт дохтыртæн дæр. Хъæлæс кæныны уагыл хуыздæрты равзæрстой республикæйы цæрджытæ. Уымæй уæлдай, конкурсы архайджытæн аргъгæнæг уыдысты профилон къамисты уæнгтæ. Архайджытæй чи цас хъæлæстæ æрæмбырд кодта, уыцы бæрæггæнæнтæм гæсгæ конкурсы кæронбæттæнмæ рацыдысты 12 дохтыры: 5 — терапевттæ æмæ 7 — сывæллæтты дохтыртæ. Æмæ сæ уæлахиздзау чи ссис, уыдонæн знон Национ музейы уыд кад кæныны бон. Арфæ ракæнынмæ сын æрбацыд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

— Сымах стут медицинæйы хуыздæр минæвæрттæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз размæгæнæг тых. Уæ хъарутæ, уæ рæстæг, удыхъæды хуыздæр миниуджытæ не ‘вгъау кæнут рынчынтæн, æмæ уын уый тыххæй стыр бузныг. Уæ куыст у æрвылбоны гыццыл сгуыхтдзинад, уый уæлдай тынгдæр рабæрæг пандемийы рæстæг. Æмæ, уæ куыстæй цæмæй разы уат, ууыл дарддæр дæр архайдзыстæм, — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

«Участочы хуыздæр педиатр», зæгъгæ, ацы номинацийы фæуæлахиз Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты 2-æм поликлиникæйы дохтыр Хуыгаты Мæдинæ. Лæвæрд ын æрцыд 1-аг къæпхæны диплом æмæ дæгъæлтæ ног фатерæй. 2-аг къæпхæны диплом лæвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты 3-æм поликлиникæйы дохтыр Хъассохаты Викторияйæн, 3-аг къæпхæны диплом та — Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты 1-æм поликлиникæйы дохтыр Хæмыцаты Стеллæйæн.

Номинаци «Участокы хуыздæр терапевт»-ы уæлахиздзау ссис Горæтгæрон районы Æрхонкæйы поликлиникæйы дохтыр Гæбуты Алисæ. Уымæн дæр лæвæрд æрцыд 1-аг къæпхæны диплом æмæ фатеры дæгъæлтæ. 2-аг къæпхæны диплом райста Дыгуры районы Дур-Дуры амбулаторийы дохтыр Сехинаты Ритæ, 3-аг къæпхæны диплом та — Дыгуры районы Николаевскы станицæйы амбулаторийы дохтыр Легкойты Аннæ.

Конкурс арæзт æрцыд нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы кусæндæттæ дæсны медицинон кусджытæй æххæст кæнын»-ы регионалон проекты фæлгæты. Проекты нысан у дохтыры дæсныйады кад ноджы бæрзонддæр кæнын, нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы дæсны специалистты нымæц фылдæр кæнын, стæй сæ сæ куыстмæ разæнгарддæр кæнын.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

Къам систа

ХЪАЙЫРТЫ Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here