0
234

Ахсджиаг ныхас

Цæгат Ирыстонмæ балцы фæлладуадзынмæ чи ссæуы, уыцы адæмæн хъуамæ уа алыхуызон лæггæдтæн банчы картæйы фæрцы бафидыны фадат. Ацы æмæ иннæ фарстытыл сæ кусæг фембæлды æрдзырдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Уæрæсейы Национ банчы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Дзиуаты Иринæ.

Дзиуаты Иринæ куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн Уæрæсейы субъектты закъонæвæрынадон актты уыцы фæтк фидаргонд æрцыд. «Ирыстонмæ цы туристтæ ссæуа, уыдонæн ахсджиаг у лæггæдтæ картæйы фæрцы фидын. Фарст равзардзыстæм, уымæн æмæ адæмæн ахсджиаг у æнæрмæджы хыгъдæй фидын», — фæбæрæг кодта управленийы хицау.

Битарты Вячеслав йæ хъæппæрисыл сразы, равдыста хъæугæ æххуыс бакæнынмæ цæттæдзинад. «Дæхицæн æмæ дæ коллективæн бузныг уæ куысты тыххæй. Транспорты фæрæзты æнæрмæджы хыгъдæй фидыны тыххæй та цæттæ стæм æххуысмæ, хъуамæ республикæйы æппæт фадæттæ дæр уа туристтæн», — загъта Битары-фырт.

Дзиуаты Иринæ куыд бафиппайдта, афтæмæй банчы кæддæриддæр цæттæ сты фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнынмæ. «Нæ специалисттæ цæттæ сты финансон базарады æнæзакъон архайджытæ фæбæрæг кæнынмæ, уыдонимæ — æнæзакъон æфстæуттæ дæтджыты æмæ æхцайæ æддæгуæлæтæ аразджыты. Республикæйы районтимæ цæттæ стæм ацы куыст иумæйагæй кæнынмæ», —ахæм уыд управленийы разамонæджы хатдзæг.



РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here