Чызг чи хъомыл кæны, уый хъомыл кæны наци

0
292

 

Ис ахæм ныхас: нæлгоймаг, дам, мин зондджын дзырды куы скæна, уæддæр сылгоймагæн йæ иунæг фæндоны аргъ дæр нæ уыдзысты. Уый хуымæтæг ныхас нæу, æмæ дзурæг у бирæ цæуылдæрты. Нæ куырыхон сылгоймаг-мадæлтæ хъомыл кæнынц, лæгдзинады хуыздæр миниуджыты хицау чи суыдзæн фидæны, ахæм нæлгоймæгты, уый фæстæ та уыцы хуыздæр миниуджытæ царды æвдисынмæ сæ разæнгард кæнынц сæ уарзон сылгоймæгтæ.

Сывæллон, йæ мады гуыбыны ма куы вæййы, уæд дæр ын æнкъары йæ алы миниуæг, йæ алы фæзилæн, йæ царды уаг, хæринагæй цы уарзы æмæ цы нæ уарзы, суанг уый дæр. Уæдæ скъоламæ дæр нæма бацæуы, афтæ йæ ныййарæджы лæмбынæг цæстæнгасы фæрцы сывæллон базоны фæллойы фыццаг æхсызгон æнкъарæнтæ, мады фæрцы фидар кæнынц йæ зонындзинæдтæ, йæ удварны хуыздæр миниуджытæ.

Уæдæ чызг хъомыл кæнын уæлдай ахсджиаг цæмæн у, цымæ? Цæгат Ирыстоны сывæллæттæ цас гуыры, уыцы фарста, раздæрау, у карз, æмæ уавæр нæ ивы фæстаг дæсгай азты дæргъы дæр. Алыхуызон низты аххосæй чи мæлы, уыдоны нымæц та кæны фылдæрæй-фылдæр. Æмткæй райсгæйæ, ацæргæ чи у, уыдон æрыгæттæй сты фылдæр. Фæсивæдæй бирæтæ хуыздæр цардагур цæуынц Уæрæсейы иннæ рæттæм. Ныййарæг суæвыны кары цы сылгоймаг æмæ нæлгоймаг сты, ахæм бинонтæ нæм цас ис, уый тыххæй бæлвырд бæрæггæнæнтæ не ‘рхæсдзынæн, фæлæ, 30-50 азы кæуыл цæуы, афтæмæй моймæдзыд чи нæу, ахæм сылгоймæгты нымæц нæм Цæгат Кавказы федералон зылды регионтæй æппæты фылдæр кæй у, уый у бæлвырд. Уый аххосæй, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ адæмы нымæц кæны къаддæр.

Демографийы фарста ахсджиаг кæй у, уымæн йæ иннæ аххосаг — бинонты институты лæмæгъдзинад. Æрвылаз дæр регистрацигонд чи æрцæуы, алы уыцы 100 бинонтæй 60 фехæлы. Æмæ æртыккаг аххосаг — социологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй, сылгоймаг цас ахуыргонддæр уа, уый бæрц сывæллæттæ къаддæр ныййары (афтæмæй, уæлдæр ахуырад кæмæ ис, уыцы адæм нымæцмæ гæсгæ Уæрæсейы æппæт регионты ‘хсæн Цæгат Ирыстон ахсы фæндзæм бынат). Уæдæ нæ арæндæттæм куы æркæсæм, уæд дзы фылдæр фенæн ис сыхаг республикæтæй æрбацæуæг сылгоймæгты.

Библийы дæр, Хъуыраны дæр бæлвырд фыст у, сылгоймаг царды æмæ бинонты ‘хсæн цы бынат ахсы, уый. Ирон адæмы царды æгъдауы æмæ фæткы та уыдæттæ бæлвырдæй никуы æрцыдысты бæрæггонд («Особа»-йæ фæстæмæ), чи зоны, æмæ нæм абон бинонты хъуыддаг ахæм тæссонд уавæры уый аххосæй ис. Уыцы хъуыддагмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, се ‘вæрæн бахастой нырыккон экономикон зындзинæдтæ, ныры царды ног домæнтæ æмæ ног уавæртæ. Фæлæ æппæт уыдæттæ нæ сыхæгты куыд нæ бахъыгдардтой, æмæ царды зындзинæдты ныхмæ уыдон махæй фидардæр цæмæн разындысты?

Уавæр бынтон сæфтмæ кæй не ‘рцæудзæн æмæ кæй фæхуыздæр уыдзæн, ууыл зæрдæ дарæн ис уæддæр. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты психологон-педагогикон факультеты ахуырдзау чызджытæй моймæдзыд чи нæма у, уыдоны ‘хсæн фарон арæзт æрцыд æрфарст, æмæ 37 чызгæй 21 загътой, фидæны бинонтæ скæнгæйæ сæ кæй фæнды, æртæ æмæ уымæй фылдæр сывæллæттæ сын куыд уа. Уымæй уæлдай, æрыгон чызджытæ загътой бирæ раст хъуыдытæ бинонты тыххæй. Уый ныфс дæтты, сæвзæрæг демографион къуырцдзæвæнæй кæй рацæудзыстæм, уымæн. Фæлæ рабæрæг сагъæссаг хъуыддаг дæр: куыд хæдзары æфсин, бинонты фидар цæджындз, бинонтæ кæрæдзиуыл бæттæг æмæ сæ æнгомгæнæг тых, уыцы хуызы сылгоймагыл цы хæстæ æвæрд цæуы, уыдæттæ ацы æрыгон мойгæнæг чызджытæн ничи амоны.

Бинонты фарстатæ æвзарынмæ дæсны чи у, уыцы социологты хъуыдымæ гæсгæ, хорз уаид, къайад бафидар кæныны размæ уал æрыгæттæ сæхицæн куы сбæлвырд кæниккой, иумæйаг царды сын цы ахсджиаг фæзилæнтæ уыдзæн, уыдон. Ома, сывæллоны рæвдауæндонмæ чи бацæттæ кæндзæн кæнæ, бырон чи ракалдзæн, ахæм хуымæтæг хъуыддæгтæ нæ, фæлæ бындурон фарстатæ. Зæгъæм, кæй хардзæй цæрдзысты æрыгон бинонтæ? Фылдæр хатт ацы фарст дурау æрлæууы бинонтæ скæныны хъуыддагæн йæ размæ, кæнæ свæййы бинонтæхалæг. Царды цыфæнды зындзинæдтæ куы уа, уæддæр йæ сæрыхицауимæ а æмæ о-йæ цæрыныл разы чи у, ахæм æрыгон чызджытæ иу æмæ дыууæ не сты, ууыл дзырд дæр нæй. Фæлæ лæппутæм фылдæр хатт ныфс нæ разыны ацы зын хъуыддагыл аныхас кæнынæн. Йæ материалон уавæр дызæрдыггаг куы уа, уæд бинонты хъуыддаг бакæнынмæ йæ ныфс нæ бахæссы æмæ афтæмæй æнæбинонтæ баззайы. Цал сывæллоны дарынхъом уыдзысты? Кæм цæрдзысты æрыгон бинонтæ? Кæуыл дзы цы хæстæ æвæрд цæудзæн? (Ацы фарстытæ Кавказы цæрæг адæммæ бынтон нæ хауынц, фæлæ уæддæр). Хистæртимæ цæрын сæ фæнды æви нæ? Æппæт ацы фарстытæн дыууæ æрыгон адæймаджы дзуаппытæ хъуамæ радтой, иумæ цæрын цалынмæ нæма райдыдтой, уæдмæ.

Бинонтæ фылдæр хатт цæй аххосæй фехæлынц, уый æвзаргæйæ, ис скæнæн ахæм хатдзæг: бинонты бюджет, сæ хæрдзтæ æмæ æфтиæгтæ сты вазыгджын фарстатæ, æмæ рагацау нывылгонд куы не ‘рцæуынц, уæд дыууæ бинойнаджы кæрæдзимæ фæвæййынц фылдæр хатт уый аххосæй.

Иннæ ахæм, бинонты цард кæнын куы райдайынц, уæд дыууæ æрыгон адæймаджы, алчидæр дзы йæ ныййарджыты хæдзары цы ахастдзинæдтæ федта, уыдон семæ æрбахæссынвæнд кæнынц, æмæ уый аххосæй дæр сæ ныхас кæрæдзиуыл нал фæбады. Уымæ гæсгæ, бинонтæ цæмæй ма фехæлой, уый тыххæй хъуамæ зоной æргом æмæ зæрдæбын ныхас кæнын. Уымæн дзы аргъ нæй. Скæсæйнаг ахуыргæндтæ-философты хъуыдымæ гæсгæ, сылгоймаг æнаипп уæд уыдзæн, бинойнагæн уæд бæздзæн, æмæ дæлдæр ранымад фондз миниуæджы хицау куы уа.

Фыццаг — йæ сæрыхицауы хъуамæ зона раст фæндагыл аразын, раздæр æй йæ ныййарæг мад куыд арæзта, афтæ, стæй, бинонты нывыл цардæн хуыздæр цы уыдзæн, уыдæттæ йын амонын.

Дыккаг — сылгоймаг хъуамæ уа куырыхон зонды хицау. Дыууæ къайæ иу иннæйы зæрдæхудты макуы бацæуа, иу иннæйы зæрдæ гыццылдæр истæмæй ма фæриссын кæна, ахæм цардæй бацæрын, мæнмæ гæсгæ, никæмæн ма бантыст. Æмæ сылгоймагæн йæ бон хъуамæ уа уыцы зæрдæхудтытæ æмæ зæрдæрыстыты сæрты ахизын. Хъыгагæн, абоны царды социалон-экономикон фарстатæ фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц, уымæ гæсгæ ацы миниуæджы хицау бирæ сылгоймæгтæ нæ разынынц.

Æртыккаг — чызг йæ ныййарджытæн куыд коммæгæс вæййы, афтæ коммæгæс хъуамæ уа йæ сæрыхицауæн дæр æмæ йæ уынаффæтыл дыууæ хъуамæ ма зæгъа.

Цыппæрæм — бинойнаг хъуамæ ма уа домаг æмæ æмбара нæлгоймагæн йæ удыхъæды хицæндзинæдтæ, йæ тыхст æмæ йæ зындзинæдтæ.

Фæндзæм — куыд уарзон адæймаг æмæ уарзон цардæмбал, афтæ уыцы миниуæгæй дæр сылгоймагæн æмбал хъуамæ ма уа.

Ацы миниуджытæ, хицæнтæй нымæйгæйæ дæр сты диссаджы хорз, бынтон диссаг — сылгоймаг се ‘ппæты хицау дæр куы разына, уæд. Фæлæ, зæгъæн ис, æмæ уымæн гæнæн нæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, сылгоймагæн йæ размæ цард æвæры бирæ домæнтæ, æмæ йæ йæ ныййарджытæ хъуамæ хъомыл кæной уыцы хуызы, цæмæй сæ æххæст кæнынмæ уа цæттæ. Афтæ куы нæ уа, уæд, чи фехæлд, ахæм бинонтæ нæм кæндзысты фылдæрæй-фылдæр. Ацы цæстæй акæсгæйæ, чызг схъомыл кæнын бинонтæн у вазыгджын хъуыддаг. Ныййарæг суæвын сгуыхтдзинадæй уæлдай нæу, æмæ йæм цæттæ цы сылгоймаг нæу, уый куыд хъуамæ схъомыл кæна æцæг нæлгоймаг: нæлгоймаг-хæстон, нæлгоймаг-хъахъхъæнæг, нæлгоймаг-бинонтæдарæг?

Рагон заманты нæ куырыхон дадатæ æмæ нанатæ сæ кæстæртæн уыдысты цард æмæ зонды скъола. Уыдон ныхасæй дæр, хъуыддагæй дæр ахуыр кодтой кæстæрты, цæмæй сылгоймагæй рауайа амондджын бинойнаг æмæ амондджын ныййарæг, нæлгоймагæй та — бинонтæ хъахъхъæнæг, сæ дарæг æмæ сылгоймагæн йæ хорз сæрыхицау.

Ныры дуг æмæ абоны царды æцæгдзинад ныззыгъуыммæ кодтой бинонтæн сæ цардарæзты бындуртæ, сæмтъеры кодтой æгъдæуттæ. Уымæ гæсгæ царды ахсджиагдæр бындур — бинонты институт — хъæуы бахъахъхъæнын, цæмæй нæ кæстæртæ кæной фылдæрæй-фылдæр, цард та — нывылдæр. Паддзахадон программæ «Демографи» уымæн у хорз фæрæз. Ноджы хуыздæр та уыдзæн, не ‘гъдæуттæ, нæ истори, ирон царды фæтк æмæ нæхи национ хицæндзинæдтыл æнцой кæнгæйæ, демографион къуырцдзæвæнæй рацæуынæн æндæр фæрæзтæ дæр ма куы ссариккам.


ХÆТÆГТЫ Владимир,

æхсæнадон уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here