Гайто — Уырыссаг театры сценæйыл

0
364

   Цæгат Ирыстоны Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры сценæйыл фыццаг хатт æвæрд æрцыд Гæздæнты Гайтойы уацмысмæ гæсгæ спектакл «Полет».

Спектакл сæвæрдта нæ республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг, режиссер Валерий Попов.

Театры аивадон разамонæг Владимир Уваров журналисттæн куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсейы театралон историйы ацы цау фыццаг у, Гæздæнты Гайтойы сфæлдыстадмæ кæм раздæхтой сæхи, ахæм.

— Гайтойы уацмыстæм «бавналын» махæн стыр бæрнондзинад æмæ ныфсджын къахдзæф у. Ацы аз нæ театр бæрæг кæндзæн йæ равзæрды 150 азы юбилей, æмæ ацы спектаклæй райдыдтой юбилейон циклы мадзæлттæ. Сæрыстыр стæм театрæй, уымæн æмæ ацы сценæйы йæ фыццаг къахдзæфтæ аивады акодта Евгений Вахтангов, театрæн фыццаг пьесæтæ ныффыста Михаил Булгаков. Нывгæнæг-декорацитæ æвæрæджы бынаты фыццаг хатт йæхи бафæлвæрдта Хетæгкаты Къоста, æмæ йын æнтысгæ дæр иттæг хорз бакодта. Къостайы æмдугонтæ куыд дзырдтой, афтæмæй поэт фæлвæрдта актер-режиссеры ролты дæр. Уый тыххæй нын æвзæрын кæны нæ зæрдæты сæрыстырдзинад уырыссаг театр. Фæлæ ма ацы аз ноджыдæр сæмбæлдзыстæм иу зæрдылдарæн æнкъард цауыл. 50 азы рацыд, не ‘хсæнæй фыссæг Гæздæнты Гайто куы ацыд йе ‘цæг дунемæ, уæдæй абонмæ. Театрдзаутæ рагæй бæллыдысты ацы диссаджы фыссæджы уацмыстæм гæсгæ æвæрд спектаклтæ фенынмæ. Æмæ уыцы бæллиц ныр сæххæст. Спектаклы æвдыст цæуы уырыссаг бинонты-эмигрантты цард. Сæ арæхстдзинæдтæ, се ‘нкъарæнтæ æмæ бæллицтæ. Фæлæ, уацмысы сæйраг мидисыл Гайто нымадта хæрзæгъдауы миниуджытæ. Бæлвырд равдыста, Уæрæсейæ алидзæг адæмы хъысмæт фæсарæнты куыд рауад, бирæтæ æгъдау цы у, уый куыд ферох кодтой æмæ æнæуаг миты фæндагыл куыд ацыдысты, уыцы цаутæ. Уый уыдис фыссæджы дуджы æцæгдзинад, цæстытæ «сæхгæнын» цы хъуыддæгтыл нæ уыд, ахæм рæстæг, — дзырдта Владимир Уваров.

Гæздæнты Гайтойы уацмыс «Полет»-ы царды хабæрттæ райдыдтой 1903 азы æмæ ахæццæ сты 1971 азы онг.

Уацмысы уырыссаг эмигранттæ рæстæджы зилдухы бахаудысты, уарзондзинады монц сæ йæ базыртыл систа. Хæстæгдзинады таг се ‘хсæн аскъуыд, æмæ, сыгъдæг уарзт цы у, уый нал æмбарынц. Æгъдауы сæрты ахызтысты. Фыссæг сагъæс кæны адæймаджы уды сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъд миниуджытыл. Уыдон куы нæ уой, уæд æхсæнад сæфтмæ кæй цæуы, ууыл.

Спектакл сæвæрдта нæ республикæйы адæмон артист, аивæдты сгуыхт архайæг Валерий Попов æмæ куыд радзырдта, афтæмæй ацы уацмысы фæдыл пьесæ ныффыссынмæ рагæй бæллыдис.

— 1998 азы ныффыстон пьесæ, æвæрд та æрцыд 23 азы фæстæ. Æнцон нæ уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ мæ фæнд мæ къухы бафтыд. Гайто мæ зæрдæйы стыр бынат ахсы. Куыд фыссæг, куыд адæймаг-интеллигент æмæ куырыхон лæг цымыдисæй кæсын йæ уацмыстæ, æмæ кæд Гайтойы хъысмæт йæ райгуырæн бæстæйæ дард ахаста, уæддæр уыд не ‘мзæххон, ирон лæг æмæ аргъ кæмæн кодтой фæсарæнты, ахæм фыссæг. Уый та махæн чысыл сæрыстырдзинад нæ дæтты, — загъта Валерий Попов.

Спектаклы архайынц уырыссаг театры артисттæ: Цæллаты Алан, Мария Федорович, Элинæ Захарова æмæ Бязырты Дауыт.

Ног спектакл хаст æрцыд театры репертуарон пъланмæ.


Саутæты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here