Хъарацаты Асланы ног æнтыстдзинад

0
386

   Ирыстойнаг теннисист Хъарацаты Аслан афæстаг рæстæг тынгæй-тынгдæр дисы æфтауы дунейы теннисуарзджыты.

Æрæджы Австралийы цы стыр ерыстæ цыди, уым йæхимæ ‘ркæсын кодта, дунейы зындгонддæр теннисисттимæ хъазгæйæ. Афæдзы размæ дæр ма дунеон профессионалон теннисы йæ рейтинг 253 кæмæн уыд, уыцы Хъарацаты Аслан Австралийы ерысты фæстæ схызт 63-æм бынатмæ, фæлæ Аслан уым æрлæууынмæ кæй нæ хъавыд, уый равдыста, чысыл фæстæдæр Иугонд Араббаг Эмиратты æмæ Катары АТР-ы цы дунеон турнирты архайдта, уым. Катары сæйраг горæт Дохайы Аслан уæрæсейаг теннисист Андрей Рублевимæ, дыгæйттæй хъазгæйæ, сси турниры уæлахиздзау.

Ноджы тынгдæр Хъарацаты сæрæн гуырд йæхимæ æркæсын кодта, Иугонд Араббаг Эмиратты горæт Дубайы цы АТР-турнир цыдис, уым. Аслан иугæйттæй хъазгæйæ, фæуæлахиз æхсæз амæй-ай зындгонддæр теннисистыл æмæ бацахста 1-аг бынат.

Дубайы йæ ныхмæлæуджытæй иу уыди тыхджын уæрæсейаг теннисист Андрей Рублев дæр. Андрей дыууæ къуырийы размæ уæлахиздзау сси, Роттердамы цы дунеон АТР-турниры архайдта, уым. Дубайы Аслан æмæ Андрей фембæлдысты турниры æрдæгкæронбæттæны. Сæ ныхмæлæуд рауад тынг цымыдисаг æмæ ахицæн 2:1 хыгъдæй Асланы пайдайæн.

Кæронбæттæны йæ ныхмæлæууæг уыди Хуссар Африкæйы Республикæйы минæвар Ллойд Джордж Харрис. Уый Дубайы равдыста стыр арæхстдзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад. Кæронбæттæнмæ рацæуыны размæ фæуæлахиз, дунейы хуыздæр теннисистты хыгъдмæ чи хауы, уыдонæй цыппарыл: Доминик Тим, Филипп Крайнович, Кей Нисикора æмæ Денис Шаповаловыл. Харрис Хъарацаты Асланы ныхмæ дæр рацыд фæуæлахиз уæвыны зондæй, фæлæ уыцы фæндимæ кортмæ рахызт Аслан дæр. Сæ фембæлд ахаста 1 сахат æмæ 15 минуты. Уый ахæм ерысты кæронбæттæны фембæлдæн стыр рæстæгыл нымад нæу. Асланы фæуæлахиз уæвынæн бахъуыд æрмæстдæр дыууæ сеты. Фыццаджы, Аслан рамбылдта 6:3 хыгъдæй, дыккаджы та фæуæлахиз 6:2-йæ æмæ сси турниры сæйраг хæрзиуæг рамбулæг.

Хъарацаты Аслан цыбыр рæстæгмæ дунейы 253-æм бынатæй 26—27-æм бынатмæ кæй схызт, уый ныр диссагæн хæссынц дунейы зындгонддæр теннисисттæ æмæ ацы спорты хуызы специалисттæ.

Уæрæсейы теннисы федерацийы президент Шамиль Тарпищев Хъарацаты Асланы æнтыстджын хъазт схуыдта фантастикон. «Хъарацаты Аслан афæдзы дæргъы цы хъазт равдыста, уый дисы ‘фтауы канд мах нæ, фæлæ дунейы тыхджындæр теннисистты. Аслан, æнæмæнг, хъуамæ архайа, Токиойы цы Олимпиаг хъæзтытæ цæудзысты, уым», — загъта Шамиль Тарпищев.

Ирыстоны спортуарзджытæн Аслан йæ диссаджы хъазтæй скодта стыр лæвар. Хъарацы-фырт уыдзæн фыццаг ирон теннисист — Олимпиаг хъæзтыты архайæг, æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, йæ хуыздæр фæндтæ йæ къухы куыд бафтой, спортивон амонд æй Олимпиаг хъæзтыты уæлдæр хæрзиуæг райсæг куыд скæна, æмæ йæ сыздæхтыл æгас Ирыстон куыд цин кæна, уый.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here