Горæтарæзтады политикæйы уагæвæрдтæ æмæ Дзæуджыхъæуы архитектурон хæдбындурдзинад

0
321

   Дзæуджыхъæуы историон хайы архитектурон хæдбындурдзинад бахъахъхъæнынæн цы уæлæмхасæн уавæртæ саразын хъæуы? Республикæйы цæрæн бынæтты горæтарæзтады политикæйы уагæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц? Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл сæ кусæг фембæлды рæстæг æрдзырдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Архитектурæ æмæ горæтарæзтады фарстыты фæдыл республикон комитеты сæрдар Цæллагты Алыксандр.

Хицауады Сæрдар профилон ведомствæйы разамонæджы æргом аздæхта, ног цæрæн хæдзæрттæ æмæ æндæр ахсджиаг объектты арæзтады рæстæг подрядон организациты архайдмæ цæстдарæг структурæты ‘рдыгæй иудадзыгон бæстон каст кæй хъæуы, уымæ. Уыимæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, ахæм иудадзыгон цæстдарды фæрцы бынат нæ уыдзæн горæтарæзтады политикæйы бындурты хæлдтытæм.

Уæлдæр амынд фарстытæ фæбæрæг кæнгæйæ, Цæллагты Алыксандр радзырдта, комитет иннæ республикон ведомствæтæ æмæ муниципалитеттимæ куыд æмгуыстад кæны, уый тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, комитетæн хорз æмархайд ис бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ æмæ арæзтады фарстытæм бардарæг иннæ структурæтимæ дæр. Ахæм æмархайды фæрцы муниципалитеттæ комитетмæ афойнадыл æрбадæттынц алыхуызон ахсджиаг объектты проекттæ. Æмæ афтæмæй ис уыцы проекттæм горæтарæзтады политикæйы уаг`вæрдты бындурыл ивддзинæдтæ хæссыны фадат.

— Кæй зæгъын æй хъæуы, иу кæнæ иннæ объектæн йæ проектыл «гæххæтты» æмвæзадыл цас бæстондæр куыст æрцæуа, уыйбæрц фæстæдæр «æдасдæр» уыдзыстæм алыхуызон техникон æмæ архитектурон хъуагдзинæдтæй. Уыимæ, сæрмагонд æргом хъуамæ здæхт цæуа нæ горæттæ æмæ хъæуты архитектурон хæдбындурдзинад æмæ историон бæстыхæйттæ бахъахъхъæныны хъуыддагмæ дæр, — фæнысан кодта Тускъаты Таймураз.

Фембæлды архайджытæ сæрмагондæй æркастысты, фыццаградон национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты уагæвæрдтæ æххæст кæныны куыстмæ, Архитектурæ æмæ горæтарæзтады комитеты ‘рдыгæй цы цæстдард ис, уымæ дæр.

Ивгъуыд азы архайды бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, Тускъаты Таймураз комитеты коллективæн бузныг загъта, пандемийы æууæлты дæр сæ куыст ахадгæ хуызы æххæст кæнынмæ кæй тырныдтой, уый тыххæй.


РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here