Арфæтæ — коммуналон хæдзарады кусджытæн

0
316

 Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд фæлладуадзæн бонты сæ профессион бæрæгбон уыд Уæрæсейы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн.

Уыцы æууæл хынцгæйæ, къуырисæры Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы цы æмбырд сарæзтой, уым кад кодтой горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хуыздæр кусджытæн. Фембæлды архайджытæн сæ профессион бæрæгбоны фæдыл арфæтæ ракодта æмæ хæрзиуджытæ радта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан.

«Сымах архайдæй бирæ аразгæ у нæ горæты адæмы æппæтфадатджын цард. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, уæ зын, фæлæ хъæугæ куыст алкæддæр арфæйаг уæд», — загъта Фæрниайы-фырт.

Уыцы бон хæрзиуджытæ райстой компани «Владсток» æмæ иннæ муниципалон коммуналон кусæндæтты минæвæрттæ.

«Æхсызгон нын у, хуымæтæг кусæг лæджы архайдæн абон кад кæй скодтой, уый», — æмбырды фæстæ фæбæрæг кодта «Владсток»-ы слесыр Андрей Козлов.


Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here