Парады архайдзысты

0
513

   Хуссайраг æфсæддон зылды 58-æм æфсады ракетон иугонды æфсæддон службæгæнджытæ Уæлахизы боны кадæн Дзæуджыхъæуы саразинаг парады архайгæйæ, равдисдзысты оперативон-тактикон ракетон комплекстæ «Искандер-М».

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 76 азы кадæн Дзæуджыхъæуы парады равдисдзысты хæцæнгарз æмæ æфсæддон техникæйы 48 иуæджы, уыдонимæ: комплекс «Искандер-М», танктæ «Т-90А», фистæгæфсæддонты хæстон хæдтулгæтæ «БМП-3», гуыргъахъхъ фæндæгтыл цæуæг бирæнысанон хæдтулгæтæ ГАЗ-2330 «Тигр», бронетранспортертæ «БТР-82А» æмæ сыфцæй ласгæ гаубицæтæ «МСТА-Б».

Уымæй уæлдай, парадмæ æрбацæуæг адæмæн уыдзæн 120-миллиметрон 2Б11 минометимæ хæдтулгæ «ГАЗ-66», хæсгæ зенитон ракетон комплекс «ПЗРК»-йы расчетимæ бронетранспортертæ «БТР-82АМ», бастдзинады бирæнысанон мобилон комплекс «Редут», гуыргъахъхъ фæндæгтыл цæуæг, уæзæгтæ æнæ бæлццæттæй ласæг хæдтулгæтæ «УАЗ-3151», хæдтулгæтæ «УАЗ «Патриот», стæй æмæхстгæнæн реактивон системæтæ «Ураган» æмæ «Торнадо-Г» феныны фадат.

Æрæджы æфсæддон службæгæнджытæ амынд техникæ парадмæ арвитынæн æххæстæй бацæттæ кодтой.

Санитарон-эпидемион нормæтæ баххæст кæнынæн ОТРК «Искандер-М»-йы расчеттæн коронавирусы низæфтауæджы ныхмæ скодтой прививкæтæ.

Æдæппæт 15 мин æфсæддон службæгæнæджы кæм архайдзысты, Хуссайраг æфсæддон зылды фæзуатыл Уæлахизы уыцы парадтæ ацæудзысты горæттæ-хъæбатыртæ Волгоград, Керч, Новороссийск æмæ Севастополы, стæй, æфсæддон зылды иугæнды штабтæ кæм æрбынæттон сты, ахæм горæттæ Ростов-Дон, Новочеркасск, Стъарапол, Дзæуджыхъæу, Симферопол æмæ Каспийскы.


Хуссайраг

æфсæддон зылды пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here