Битарты Вячеславы разамынды куысты принциптæ

0
252

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг ныр фондз азы дæргъы у Битарты Вячеслав. Ацы бынаты йæ размæ чи куыста, уыдонау партион кадртæ цæттæ кæныны скъола нæ рацыд, æмæ республикæйы хицаудзинады бæрзонддæр къæпхæнмæ афтæмæй схызт. Уымæй уæлдай, йæ размæ æвæрд уыд уæззау хæс — регионы социалон-экономикон уавæр цæхгæр раивын, размæ йæ ракæнын. Уыцы дыууæ æууæлы нымайгæйæ, республикæйы Сæргълæууæгæн фондз азмæ цас бантыст, уыдонæн гыццыл схонæн нæй. Чи зоны, чидæртæ йæ ‘нтыстдзинæдтæй разы ма уой, æмæ, фыццаджыдæр, Битары-фырт йæхæдæг. Уымæн æмæ республикæмæ кæсы хæдзардзин цæстæй, æмæ, хæдзары хорз хицау куыд вæййы, афтæ йæ фæнды, цæмæй дзы алцыдæр уа бæстон, нывыл æмæ аккаг.
Уæдæ, цымæ, цы у йæ феномен Битарты Вячеславæн, куыд ног дуджы, ног уавæрты архайæг разамонæг, афтæ? Цавæр сты йæ куысты бындурон принциптæ республикæйæн разамынд дæттыны хъуыддаджы? Ууыл у йæ ныхас мæскуыйаг политолог АТАЙТЫ Артурæн.

Политикон истори размæ куыд цыд, афтæ равдыста: дзырддаг чи свæййы æмæ йæ ныхмæ дзурджытæ зыгъуыммæтæ кæй кæнынц, уыцы хицаудзинад хицаудзинад нал у. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы та уавæр у æндæрхуызон. Хицаудзинады политикон институты бæрзонддæр бынат бацахсынмæ дзы чи хъавы, уыдон сты цалдæр адæймаджы, æмæ сæ чи сусæгæй архайы, чи æргомæй. Ахæм уавæр дзурæг у, республикæйы абоны разамонæг йæ бынаты кæй ис æмæ йæ хæстæ æнтыстджынæй кæй æххæст кæны, ууыл.

Дзырдæн, фидар хицаудзинады ныхмæ адæм никуы фæдзурынц, фæлæ алкæддæр вæййынц лæмæгъ æмæ дызæрдыггаг хицаудзинады ныхмæ. Цæгат Ирыстоны ныры хицаудзинад нæу нæдæр дызæрдыггаг, нæдæр лæмæгъ. Битарты Вячеслав, куыд республикæйы Сæргълæууæг, афтæ, фондз азы размæ цы уыд, уымæй ныр кæны хицæн. Йæ разамынды фæстиуджытæ сты ахадгæ: республикæйы æххæстгонд æрцыд 500-йæ фылдæр чысыл æмæ стыр проекты — хъæууон фелсырон-акушерон пунктæй райдай æмæ фæу ахсджиагдæр геополитикон арæзтад — Мæздæджы районмæ ног фæндагæй.

Æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæгмæ йæ куысты кæй ис, хорз фæстиуджытæм чи æркæны, хъуыддагæн ахъазгæнæг ахæм принциптæ æмæ кæй сты куыстхъом, хъæугæ æмæ пайдайаг. Æркæсæм ма сæм бæлвырддæр.

 

Хъуыддагæй
архайыны принцип

 

Битарты Вячеславæн хицаудзинад, фыццаджыдæр, у архайд. Уыцы архайд республикæйы Хицауады уæнгтæн сæ размæ æвæры бæлвырд хæстæ æмæ сын амоны, куыд хуыздæр æххæстгæнгæ сты, цы хуызы, уый. Алы хъуыддаджы дæр цы æмбæлгæ фæтк ис, уый цардхъом, архайынхъом куынæуал уа, уæд хицаудзинад лæмæгъ кæны. Уымæ гæсгæ ис ахæм хатдзæг скæнæн — уаг æмæ нывылдзинад куы уа хицаудзинады институты, уæддæр уыдон сæхæдæг сæхи æгъдауæй ницы аивдзысты, практикон æгъдауæй архайд куы нæ цæуа, уæд. Æрæджы ныхас кодтон (А.А.) РЦИ-Аланийы Амалхъомты бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын Медойты Тимуримæ, æмæ мæ фарстæн, Битарты Вячеславæн йæ хорз миниуæг цы у, зæгъгæ, радта ахæм дзуапп: «Битары-фыртæн йæ бон у республикон министрадтæн се ‘ппæты разамонджыты æмæ сæ кусджыты размæ æвæрын бæлвырд æмæ комкоммæ хæстæ уыцы хуызы, цæмæй сæ сæххæст кæнынмæ уыдон дæр разæнгард кæной». Ныхас ма кодтон æндæр чиновникимæ дæр. Уый та загъта, Битарты Вячеслав республикæмæ кæй кæсы, хæдзары хорз хицау йæ хæдзармæ цы цæст дара, ахæм цæстæй, æмæ йæ фæхъомысджындæр кæнынæн хуыздæр цы уа, ахæм мадзæлттæй архайы.

Хъуыддагæй архайыны принципæн цы хорз фæстиуджытæ ис, уыдон тынг фæбæрæг сты, зæгъæм, æнæниздзинад хахъхъæнынады къабаз республикæйы куыд райрæзыд, ууыл: Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны арæзт æрцыд, рынчынтæн 100 бынаты кæм ис, ахæм инфекцион корпус; Хуссайраг поселочы кусын райдыдтой тарнизы ныхмæ ног диспансеры бæстыхæйттæ æмæ поликлиникæ; Мæздæджы фæзынд ног поликлиникæ; Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны гинекологон æмæ гастроэнтерологон хайæдты бындурон цалцæггæнæн куыстытæ, стæй ма 40 фылдæр медицинон объекты республикæйы алы районтæ æмæ хъæуты — Бæтæхъойы хъæуы, Бруты, Михайловскы хъæуы, Сунжæйы, Красногоры, Кæрдзыны, Дæллаг Бирæгъзæнджы, Майскийы, Хурыхъæуы, Донгæроны, Черноярскы станицæйы æмæ афтæ дарддæр. Зæгъæн ис, æмæ Цæгат Ирыстоны æппæт фæзуатыл дæр, цæгатæй хуссармæ, аххæссыд медицинæйы къабаз фæхуыздæр кæныны политикæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ковид æмæ йæ фæстиуджытæ рабæрæг кодтой, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы лыггæнинаг фарстатæ нырма бирæ кæй сты, уый. Фæлæ республикæйы разамонæджы æнтыстджын архайд ныфс дæтты, къæпхæнгай уыцы фарстытæ дæр лыггонд кæй цæудзысты, уымæн.

 

Принцип —

алцыдæр афоныл

 

«Йæхи политик чи хона, уый хицаудзинад нæ хъæуы, фæлæ хицаудзинады та хъæуы политик» — ацы принципы бындурмæ гæсгæ архайы Битары-фырт, æмæ уый амоны —Ирыстоны абон хъæуы Битары-фырт. Ныртæккæ æхсæнады фидарæй-фидардæр кæны ахæм хъуыды — хицаудзинадмæ хъуамæ цæуой, ныры рæстæг цы профессионалон, психологон æмæ удыхъæды миниуджытæ домы, уыдоны хицау чи у, ахæмтæ.

Алцыдæр афоныл — ацы принципы бындурыл архайынц, Битарты Вячеславæн йæ фарсмæ цы адæм кусынц, уыдон, æмæ сын бантыст бирæ проекттæ сæххæст кæнын: Ирыхъæумæ, Горæтгæрон районы хицæн рæттæм, Дæллаг Санибайы скъолайы хъармгæнæнмæ газы хæтæлтæ ауадзын, «Дзæуджыхъæуы бирæкъабазджын рынчындон»-ы хъармгæнæны фæзуатыл хъармдæттæн нырыккон электростанцæ саразын æмæ ма ахæм объекттæ, афоныл арæзт чи æрцыд, уыдон — æппынкъаддæр 14.

Афоныл рацарæзт чи æрцыд, ахæм объекттæн сæ зынгæдæр сты: горæт Дзæуджыхъæуы донуадзæн системæ, ныллæгдæр æмæ рæстæмбис æлхъывдады газуадзæн хæтæлтæ Горæтгæрон районы, «Æрыгон бинонтæ», зæгъгæ, республикон нысанмæарæзт ацы программæйы фæлгæты йæ архайджытæн Джызæлы цы зæххы хæйттæ лæвæрд æрцыд, уым коммуналон инфраструктурæйы объектты арæзтад.

Афтæ нæ зæгъын, æмæ республикæйы раздæры разамонджытæ ахæм проекттыл нæ архайдтой æмæ сæ не ‘ххæст кодтой. Фæлæ ныры разамонæгæн йæ хорз миниуæг у, æхсæнадон царды æмæ экономикæйы алы къабæзты фарстатæ æмхуызонæй, уыцы-иу рæстæг лыг кæнынæн ахадгæ системæ кæй сарæзта, уый.

 

Æххуысы принцип

 

Политик-разамонæг хъуамæ уа, закъæттæ сæ царды æмæ архайды бындур кæмæн сты, ахæм адæмæн сæ фарсхæцæг. Уымæн æмæ уыцы закъæттæ æмæ принципты фæрцы уыдонæй рауад æнтыстджын адæймæгтæ. Хицаудзинад хъуама архайа, астæуккаг кълас кæй хонынц, ахæм адæймæгтæ нæм фылдæр куыд уа, ууыл. Уыдон хъуамæ æмбарой, се ‘нтыстытæ уыцы хицаудзинады фæрцы кæй сты. Æмæ уæд хицаудзинадæн уыдзæн æххуыс се ‘рдыгæй. Битарты Вячеслав йæхæдæг дæр хæрзæрæджы дæр ма уыд рæстæмбис амалхъом, æмæ сын хорз æмбары сæ тыхст, сæ домæнтæ. Уымæ гæсгæ стыр æргом здахы фæндæгты инфраструктурæйы райрæзтмæ дæр. Ацы къабазы арæзт æрцыд тынг бирæ — райдай федералон автомобилон фæндаг «Кавказ»-æй инæлар Плиты Иссæйы номыл колхозы фермæмæ цæуæг фæндаджы гæбазæй æмæ фæу горæт Дзæуджыхъæуы магистралон уынгты фæндæгты рацарæзты куыстытæй. Уыдонæй уæлдай, арæзт æрцыдысты аст автомобилон фæндаджы, хидтæ æмæ хиды кæрæтты хъахъхъæнæн арæзтадон комплексты бындурон цалцæггæнæн куыстытæ.

Битары-фырты фыццаг фондзазыкконæн ма схонæн ис «агропромы æнус» дæр. Уыцы фондз азы дæргъы агропромышленнон къабазы æххæстгонд æрцыд аст стыр проекты. Уыцы æмхуызон чи цæуа, хъæууонхæдзарадон ахæм рæзт нæй Цæгат Кавказы иунæг республикæйы дæр. Хъуыддаг куыд æвдисы, афтæмæй сыхаг регионты разамонджытæн сæ куыстæй бæрæг у, æххуыс кæй кæнынц æрмæстдæр иу кæнæ дыууæ проект царды рауадзынæн. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы та уыцы-иу рæстæг сырæзт ног дыргъдон, арæзт æрцыд дыргътæ æфснайæн егъау бæстыхай, ис нæм, æхсæр кæм рæздзæн, ахæм дыргъдоны арæзтад, агротехнологон комплекс «Кироваджы» арæзтад æмæ афтæ дарддæр.

 

Аккаг дзуапп

дæттыны принцип

 

Уæвгæ та, закъæттæ, уагæвæрдтæ, фæтк чи ницæмæ дары, ахæм адæймæгтæ уыд алкæддæр. Ныр дæр сты, æмæ уыдзысты. Уыдон не сты разы хицауадæй, критикæ йæ кæнынц, уыимæ, уыцы хъуыддаджы пайда кæнынц алыхуызон мадзæлттæй æмæ гæнæнтæй. Уый алкæддæр уыд æмæ уыдзæн. Критикæмæ хицаудзинад цы цæстæй кæсы, уымæй аразгæ у, йæхимæ йын цы цæстæй кæсынц, уый дæр. Ахæм адæймæгтæм хицаудзинад хъуамæ кæса, уыдонæн аккаг чи уа, ахæм цæстæй. Æмæ ивгъуыд азы 20 апрелы митинг чи сарæзта, уыдонмæ дæр хицаудзинад акаст аккаг цæстæй. Йемæ тасдзинад чи хæссы, политикæйы ахæм хуызæй оппозици пайда кæд кæны хицаудзинады ныхмæ, уæд ын хицаудзинад дæр хъуамæ дæтта аккаг дзуапп — æрмæстдæр уыцы хуызы хицаудзинад скæндзæн йæхицæн ном æмæ йын æхсæнады ‘рдыгæй уыдзæн аккаг аргъгонд.

Хъуыддаг куыд æвдисы, афтæмæй æппæтæй карздæр вæййынц экологон ныхмæлæудтытæ. Советон дуг йæ кæронмæ куы цыд, уыцы азты сыхаг Цæцæны, уæды советон Прибалтикæйы сепаратистты змæлд райдыдта экологон ныхмæлæудтытæй. Æмæ уыдонæй равзæрд фæстæдæр карз оппозицион политикон ныхмæлæуддзинад. Ацы цæстæй акæсгæйæ, Битарты Вячеславы разамынды бæрæггæнæнтæй иу у аккаг дзуапп, аккаг ныхкъуырд дæттыны принцип. Уыцы принципы бындур у, экологон ныхмæлæуд политикон ныхмæлæудмæ не ‘руадзын. Экологон æгъдауæй уæлдай тæссагдæр чи уыд, уыцы куыстуæттæ, бырондæтты уавæрмæ республикæйы Сæргълæууæг уыд уæлдай æргомздæхт. Ныхас цæуы, пайдайаг æрзæтты æппарæццæгтыл бакусыны фæстæ чи баззад, Фыййагдоны æмæ Уыналы уыцы маргхъæстæ буаргъæдты æмбырдгæндтыл, «Электроцинчы» зианхæссæг архайды ныхмæ мадзæлттæ аразыныл.

Цы ма мæ фæнды бафиппайын кæронбæттæны? Республикæйæн йæ историйы дæргъы цы разамонджытæ уыд — уыдон уыдысты бирæ (Дзасохты Алыксандр та республикæйы сæргъы æрлæууыд дыууæ хатты. Алкæмæ дæр дзы уыд йæхи зондахаст, йæхи цæстæнгас, йæхи мадзæлттæ, йæхи гæнæнтæ æмæ уыдæтты фæрцы республикæйæн разамынд лæвæрдтой. Хъулаты Хъуыбады, Хъæбæлоты Билар, Галазты Æхсарбег, Дзасохты Алыксандр, Мамсыраты Таймураз, Æгъуызарты Тамерлан — уыдонæн сæ архайд нырма иртасдзысты политологтæ, журналисттæ, фысджытæ, социологтæ. Фæлæ уыдон се ‘ппæт дæр ацыдысты политикон кадртæ цæттæ кæныны партион-хæдзарадон бæрзонддæр скъола. Битарты Вячеслав республикæйы Сæргълæууæг ссис, йæхæдæг дæр æнхъæл нæ уыд, афтæ. Æмæ уыцы фæлварæн, чи зоны, æмæ йæ царды æппæты сæйраг фæлварæн — радта, æмæ йæ радта тынг аккагæй æмæ цæсгомджынæй.

Стыр разамонæджы, политикы арæх абарынц дирижеримæ, йæ къорды сæргъы иунæгæй чи лæууы, уыимæ. Фæлæ Битарты Вячеслав иунæг нæу. Йæ разамынды принциптæ, æнæмæнг, уыдзысты фидар бындур республикæйы фидæны разамонджытæн.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here