Боны фæткы — террористон фæзындтытæй æдасдзинады мадзæлттæ

0
300

 

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд Терроризмы ныхмæ архайды фарстыты фæдыл республикон къамисы радон æмбырд.

Æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой, транспортон инфраструктурæйы объекттæ террористон фæзындтытæй бахъахъхъæныны нысанимæ профилон ведомствæтæ цы мадзæлттæ кæнынц, стæй уæлдæр амынд объекттæн æдасдзинады паспорттæ куыд арæзт цæуынц, уыдæттæм. Уыимæ, сæрмагондæй æрдзырдæуыд, транспортон фæрæзтæ сæхæдæг дæр террористон фæзындтытæй æдасдзинады фæрæзтæй цас фаг ифтонг сты, ууыл дæр.

Фарстыл бæрнон ведомствæты минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй республикон къамисы минæвæрттæ рæстæгæй-рæстæгмæ æрзилынц транспортон куыстуæттыл æмæ сбæрæг кæнынц, террористон фæзындтытæй æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Уыимæ, фæстæдæр уæлдай лæмбынæг каст вæййы, бæрæггонд аиппытæ куыд иуварсгонд цæуынц, уымæ дæр.

Йæ рæстæджы терроризмы идеологты ахæсты чи бахауд æмæ Сиримæ хæцынмæ чи ацыд, уыцы адæмæй бирæтæн, зындгонд куыд у, афтæмæй сæ сывæллæтты фæстаг цалдæр азы дæргъы ласынц Уæрæсемæ.

Ахæм дæнцæгтæ уыд Цæгат Ирыстоны дæр. Æмæ ныр къамисы уæнгтæ ногæй æрдзырдтой, уыцы сывæллæтты террористон идеологийæ фæиппæрд кæнынæн, стæй сын аккаг социалон реабилитаци саразынæн хъæугæ мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.

Куыд зонæм, афтæмæй федералон центры æмвæзадыл фидаргонд æрцыд 2019-2023 азты терроризмы идеологи парахат кæнынæн гæрæнтæ æвæрыны паддзахадон пълан. Куыд иннæ уæрæсейаг регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр къæпхæнгай æххæстгонд цæуынц уыцы пъланы мадзæлттæ. Уыцы документы уагæвæрдтæ æххæст кæныны хъуыддагмæ комкоммæ цæстдард ис, РЦИ-Аланийы Национ ахастдзинæдты фарстыты фæдыл министрады цур цы сæрмагонд кусæг къорд снысан кодтой, уый уæнгты ‘рдыгæй. Æмæ ныр ацы æмбырды архайджытæ байхъуыстой кусæг къорды уæнгты хатдзæгтæм.

Æмбырды архайдтой æмæ сæ хъуыдытæ загътой РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир, Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, респуббликæйы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Хицауады Сæрдары хæдивæг — æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан, Терроризмы ныхмæ архайды къамисы аппараты разамонæг Олег Баранов, Хицауады уæнгтæ, муниципалитетты сæргълæуджытæ æмæ тыхы ведомствæты минæвæрттæ.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here