Раздзог сылгоймæгтæ

0
286

Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы къуырцдзæвæны уавæртæй бахизыны мадзæлттæм цæстдарды хайады хицау Æлборты Алинæ архайы «Раздзог сылгоймаг 2021» ахуырадон программæйы дыккаг хайы.

Бæстæйы 41 регионæй ацы программæйы чи архайы, уыцы 153 сылгоймагмæ ис разамонæджы, кæнæ социалон проектты архайыны фæлтæрддзинад.

Æртæ мæймæ нымад программæмæ хауынц цыппар хайы. Ацы хæйттæй æртæ ацæудзысты дæрддзæгмæ, цыппæрæм та — комкоммæ уагæй Мæскуыйы облæсты горæт Солнечногорскы æрмадз «Сенеж»-ы городокы.

Президенты платформæ «Уæрæсе — фадæтты бæстæ»-йы æрмадз «Сенеж» æмæ Сылгоймæгты евразийаг форумы совет æххæст кæнынц программæ «Сылгоймаг-раздзог». Программæ æххæст кæнын кæй райдыдтой, уый тыххæй хабар фарон сентябры разамынддæтджыты конкурсы суперкæронбæттæны рæстæг фыццаг хатт фехъусын кодта Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенко. Программæ æппæтæй раздæр каст чи фæци, уыцы адæмимæ хъуыддаджы фембæлды рæстæг Парламенты уæллаг палатæйы сæргълæууæг бафиппайдта, бæстæйы сылгоймæгты раздзогдзинады рæзтæн программæйы ахадындзинад æмæ программæ ацы аз дарддæр кæй æххæст кæндзысты, ахæм хабар фехъусын кодта.

Программæйы фыццаг хайы архайæг 42 регионæй 140 сылгоймаджы ныридæгæн сæ ахуырад кæронмæ ахæццæ кодтой. Экологон фарстытæ лыг кæнынмæ, ахуырад æмæ сывæллæтты хъомылады ног фæзилæнтæ агурынмæ, царды æнæниз уаг парахат кæнынмæ æмæ хистæр кары адæмæн æххуыс кæнынмæ арæзт чи у, программæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ архайджытæ социалон уагæй ахадгæ 25 ахæм проекты бацæттæ кодтой.

Программæ кастфæуæг сылгоймæгтæн арфæ кæнгæйæ, Федерацийы Советы Сæрдары хæдивæг Галинæ Карелова загъта: «Программæ арæзт у канд нырыккон разамынддæттæджы миниуджытæ аразынмæ нæ, фæлæ сылгоймæгтæ регионты социалон-экономикон фарстытæ лыг кæныны хъуыддаджы цæмæй ноджы зæрдиагдæрæй архайой, уымæ дæр».

Юлия Старченко

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here