Фтизиопульмонологийы республикон центры сбæрæг кодтой Тарнизы нымæ тох кæныны бон. Центры кусджытæн арфæ ракодта нæ республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг — æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан.
— Центры кусæг коллектив нæ республикæйы у, дæсныдæртæ æмæ хуыздæртæ кæм бамбард сты, куыстхъомдæр ахæм медицинон коллективтæй иу. Æвæрд ыл ис стыр уæз æмæ бæрндзинад. Алкæмæн дæр уæ арфæ кæнын, мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад. Рагæй-æрæгмæ дæр Центры æрфидар хорз фæтк — фæлтæрддзинад, зонындзинæдтæ æмæ дæсныдзинад фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттын. Æмæ йæ дарддæр дæр рæсугъдæй куыд æххæст кæнат, уый уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уе ‘рыгон æмкусджытæ — студенттæ, ординатортæ — сæ хистæрты зоной, аргъ сын кæной æмæ сæ фæлтæрддзинадыл сæхи ахуыр кæной. Æнтыстджын æмæ куыстхъом ут дарддæр дæр, — загъта министр.
Сæ дæсныйады тыххæй, стæй, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы бирæ азты дæргъы æнæзæрдæхудт æмæ æнтыстджынæй кæй кусынц, уый тыххæй Центры æхсæз хуыздæр кусæджы Годжыцаты Тамерлан схорзæхджын кодта РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады Кады грамотæтæй.
Фтизиопульмонологийы республикон центры сæйраг дохтыр Кобесты Никъала арфæ ракодта министрæн, фтизиатрийы службæ республикæйы райрæзын кæныны хъуыддаджы аккаг бавæрæн кæй хæссы, уый тыххæй æмæ йын Центры номæй радта зæрдылдарæн майдан «Тарнизы ныхмæ тох кæнынмæ аккаг бавæрæн хæссыны тыххæй».
Уымæй уæлдай, Центры иуæндæс кусæджы хорзæхджын æрцыдысты медицинон организацийы Кады гæххæттытæй, зæрдылдарæн майдантæ æмæ æхцайы премитæй.
Тарнизы ныхмæ тох кæныны боны кадæн Центры разамынд бацæттæ кодта лæвæрттæ, Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны фтизиатрийы хайады сæхи цы сывæллæттæ дзæбæх кæнынц, уыдонæн æмæ сæм сæ фæхæццæ кодта.
ДЖИХАТЫ Стэллæ,
РЦИ-Аланийы
Æнæниздзинад
хъахъхъæнынады
министрады
пресс-службæ