Сæргълæууæджы арфæтæ райстой

0
301

Культурæйы кусæджы боны кадæн РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бæрæгбоны арфæтæ, кадджын хæрзиуджытæ æмæ лæвæрттæ ракодта, нæ республикæйы культурæйы къабазы куыстимæ йæ архайд, йæ хъысмæт чи сбаста, культурæйы фæрцы æхсæнады нывыладыл чи кусы, уыцы адæймæгтæн. Битары-фырт йæ арфæйы загъта:

— Культурæйы кусæджы уæхсчытыл вазыгджын бæрнондзинад ис. Аивадмæ цымыдисад адæймаджы уды уый æвзæрын кæны. Æрдз нын радта курдиæттæ æмæ сæ сымах, культурæйы кусджытæ, æргом кæнут, сæ рæзтыл сын архайут æппæт мадзæлттæй дæр. Ирыстоны культурон цард алы рæстæджыты дæр бæрзонд æмвæзадыл лæууыдис. Зындгонд артисттæ, музыканттæ, кафджыты къордтæ нæ бæстæйы кадыл кад æфтыдтой, кæмдæриддæр æндæр бæстæты гастролты-иу куы уыдысты, уæд.

— Дунейыл хæцгæ низ куы ахæлиу, уæд дзы нæ республикæ дæр æвыдæй нæ баззад, фæлæ, уæддæр нæ культурон царды артдзæст уыцы тыхст бонты дæр нæ бамынæг. Арæзт цыдысты уæддæр алыхуызон мадзæлттæ, уæ фадат, уæ гæнæнтæ куыд амыдтой, афтæ сæ æххæстгæнгæйæ.

2021 аз дæр нын уыдзæн мидисджын æмæ хъæздыг культурæйы къабазы бæрæгбонтæй. Ацы аз бæрæг кæндзыстæм Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры равзæрды 150 азы, Ирон æвзаг æмæ литературæйы музейы, бæхты театр «Нартæ»-йы юбилейтæ. Ис сын хъæздыг истори æмæ цымыдисаг куыст. Фæстаг азты нæ республикæйы бирæ арæзт цæуы культурæйы хæдзæрттæ, галуантæ, скъолатæ, спортивон залтæ, рæвдауæндæттæ. Дарддæр дæр араздзыстæм ацы объекттæ, цæмæй Ирыстоны фæсвæд хъæуты цæрджытæн дæр æмбæлгæ уавæртæ æмæ хæрзвадæттæ уа сæ культурон, ахуырадон æмæ спортивон царды рæзтæн. Æз бахæс кæндзынæн нæ республикæйы культурæйы министрæн, цæмæй хъæууон фæзуæтты культурон цардмæ фылдæр æргом здæхт цæуа. Ныр та мын радтут бар уæ арфæйаг куыстæн аргъ скæнынæн, — загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ кадджын ном «РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг» лæвæрд æрцыд Рахизфарсы районы культурæйы галуаны методист Бебпиты Альбертæн; Мæздæджы Михаил Глинкайы номыл сывæллæтты музыкалон скъолайы ахуыргæнæг Надеждæ Безуглая æмæ нæ республикæйы Национ-наукон библиотекæйы сæйраг библиограф Хекъилаты Ларисæйæн.

Уымæй уæлдай, Битарты Вячеслав æхцайы премитæй схорзæхджын кодта, хихъæппæрисадон æмæ аивадон къордтæй республикон фестивал «Иры фарн»-ы республикон æркасты сæйраг бынæттæ чи бацахста, уыцы районты сæргълæуджыты.

Фыццаг бынат æмæ æхцайы премийы сертификат — 1050180 сомы лæвæрд æрцыд Алагиры районæн.

Дыккаг бынаты сертификат — 1015935 сомы Æрæфы районæн.

Æртыккаг бынат — 719145 сомы Кировы районæн. Иннæ районтæн дæр лæвæрд æрцыд æхцайы премитæ.

РЦИ-Аланийы Парламенты Кады гæххæттытæ та райстой Хетæгкаты Аслан æмæ Хъалæгаты Амалия.


Саутæты Тамилæ

Къам систа

ХЪАЙЫРТЫ Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here