Аэропорт «Дзæуджыхъæу»: уалдзыгон-сæрдыгон куысты фæтк

0
202


Ивгъуыд хуыцаубон, 28 мартъийæ фæстæмæ аэропорт «Дзæуджыхъæу» раивта уалдзыгон-сæрдыгон куысты фæткмæ.

Уыимæ, зымæджы мæйты дæргъы Дзæуджыхъæуæй иннæ уæрæсейаг горæттæм цы рейсытæ æххæстгонд цыд, уыдоныл хæстæгдæр рæстæг ноджыдæр бафтдзæн. Афтæ, Дзæуджыхъæу æмæ Мæскуыйы ‘хсæн уæлдæфон маршрутыл кусын райдайдзæн авиакомпани «Smartavia». Уымæй уæлдай, авиакомпани «Победа» Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæуы ‘хсæн æрвылбон дæр æххæст кæндзæн дыууæ рейсы. Афтæмæй уалдзыгон-сæрдыгон рæстæг Дзæуджыхъæуæй æрвылбон тæхдзæн 5 хæдтæхæджы æппæт мæскуыйаг аэропорттæм дæр.

Фæахадгæдæр уыдзæн Дзæуджыхъæу æмæ Бетъырбухы ‘хсæн уæлдæфон маршруты куыст дæр. Невайы былгæрæттæм рейс ныр æххæстгонд цæудзæн æрвылбондæр. Сочимæ уæлдæфон балцыты нымæц дæр сырæздзæн. Раздæры 3 балцмæ ма бафтдзæн ноджыдæр иу, æмæ ныр Дзæуджыхъæу æмæ Сочийы ‘хсæн рейс къуырийы дæргъы æххæстгонд цæудзæн цыппар хатты. Ацы маршрутыл Сау денджызы былгæронмæ адæмæн абалц кæныны фадат уыдзæн дыццæджы, æртыццæджы, майрæмбон æмæ хуыцаубоны.

Адæмæй бирæтæ фæрсынц, Дзæуджыхъæуæй уæлдæфон балцытæ фæсарæйнаг бæстæтæм кæд сног кæндзысты, уымæй дæр. Ацы хъуыддаджы фæдыл сæвзæргæ эпидемиологон уавæрмæ гæсгæ æмбæлгæ уынаффæтæ хæсдзысты паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ. Абоны онг ахæм уынаффæтæ хаст нæма ‘рцыдысты.


Данил Шепелев

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here