Дзыллон вакцинаци цæуы дарддæр

0
293

Куыд иннæ уæрæсейаг регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр дарддæр æххæстгонд цæуынц коронавирусы ныхмæ дзыллон мадзæлттæ.
Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, абоны онг нæ республикæйы вакцинаци скодтой 19842 адæймагæн (уыдонæй 13795 ныридæгæн райстой уколы дыккаг хай дæр).

Куыд зонæм, афтæмæй ног азы райдайæнæй нырмæ рынчынты нымæц къаддæргæнгæ цæуы. Уыимæ, фæстаг рæстæг специалисттæ арæхæй-арæхдæр зæгъынц, низы æртыккаг «уылæнæй» тæссаг кæй у, уый. Уыцы æууæл хынцгæйæ, дзыллон вакцинацийы ахадындзинад кæны ноджы бæрзонддæр, уымæн æмæ ацы мадзалы фæрцы ахсджиаг гæрæнтæ сæвæрæн ис карз низæфтауæджы ныхмæ.

Абоны онг уыцы фадатæй бирæ адæм спайда кодтой. Иннæты зæрдыл лæууын кæнæм, вакцинаци скæныны фадат 18 азæй хистæр адæмæй алкæмæндæр кæй ис, уый. Уæлдай лæмбынæгдæр се ‘нæниздзинадмæ хъуамæ акæсой, 60 азæй хистæр кары, стæй сæкæрнизы, астмæйы, зæрдæ æмæ дадзинты низтæ кæй хъыгдарынц, уыцы адæм.

Афтæмæй та республикæмæ дарддæр æрвыст цæуынц хосы ног бæрцытæ. Зæгъæм, ацы бонты республикæмæ сластой вакцинæ «Гам-Ковид-Вак»-ы 3000 комплекты.


Джихаты Стэллæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here