Æртæ боны Дзæуджыхъæуы цæудзæн профессион дæсныдзинады конкурс «Строймастер».
Сæ арæхстдзинад равдисынмæ Ирыстонмæ ссыдысты хуыздæр аразджытæ, къулсæрдджытæ, æндадзджытæ, æндæр специалисттæ, — Цæгат Кавказы æппæт республикæты æмæ Стъараполы крайы минæвæрттæ, æдæппæт 30 адæймаджы. Ерысты архайджытæ иууылдæр сты сæхи регионалон къæпхæнты уæлахиздзаутæ. Конкурсы архайджытæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы аразджыты национ хæдбар организацийы генералон директор Кудзойты Фидар.
— Æхсызгон мын у, азæй-азмæ нæ архайджыты нымæц фылдæр кæй кæны, уый. Нæ æнтыстджын архайдæй мах кад кæнæм кусæг адæймагæн, аразæджы дæсныйадæн. Хъуамæ арæзтады къабаз æмдзу кæна рæстæгимæ, пайда кæнæм нырыккон технологитæй, — загъта Кудзойты Фидар.
Æмбырды уыд кадджын уазджытæ дæр — РЦИ-Аланийы арæзтады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин, республикæйы Парламенты Сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадз, æндæр бæрнон кусджытæ.
— Рæсугъд уæладзгуытæ уынгæйæ, хатгай рохуаты аззайынц, йæ къухвæллой, йæ фæлтæрддзинад дзы æнæвгъауæй чи бавæрдта, уыцы аразджытæ, къулсæрдджытæ, æндадзджытæ, ахорджытæ. Ацы ерысты уæлахиздзау кæй уыдзыстут, уый мæ уырны. Сымах фæрцы ноджы кадджындæр уыдзæн аразæджы дæсныйад. Уæ фæндтæ уæ къухы бафтæнт, зæрдæрухс ут уæ куыстæй, — загъта фысымты номæй Моргуаты Константин.
Конкурс ныр дæсæм хатт цæуы, алы аз дæр хицæн республикæты. Зæгъæм, иннæ аз та цæудзæн Кæсæг-Балхъары республикæйы. Алы номинацийы дæр архайджытæн сæ куыстæн аргъ кæндзысты жюрийы уæнгтæ. Фыццаг равдисдзысты теорийæ зонындзинæдтæ, стæй та сæ суазæг кæндзысты Дзæуджыхъæуы арæзтадон техникумы, уым сын фадат уыдзæн сæ къухты арæхстдзинад равдисынæн. Куыд базыдтам, афтæмæй фыццаг æртæ бынаты чи бацахса, уыдонæн ратдзысты дипломтæ æмæ æхцайы премитæ, 45 — фыццаг, 35 — дыккаг æмæ 25 мин сомы æртыккаг бынаты уæлахиздзаутæн. Зæрдæлхæнæн лæвæрттæ райсдзысты конкурсы архайджытæ иууылдæр.
Фæстæдæр Цæгат Кавказы федералон зылды уæлахиздзаутæ архайдзысты æппæтуæрæсеон конкурсы Мæскуыйы.
Гугкаты Жаннæ
Къамтæ систа
ХЪАЙЫРТЫ Дианæ














