Социалон ахадындзинадимæ проекттæ

0
222

«Уæрæсейы граждæнты æвзæрстыты æмæ референдумты архайыны сæйраг зæрдæдарæнты тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ, 18 азы кæуыл цæуы, уыцы адæмæн бар дæтты бынæттон æмæ регионалон референдумты архайынæн дæр», — знон Парламенты советы æмбырды закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хыуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур фæбæрæг кодта ахсджиаг фарст.

Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев.

Цæгат Ирыстоны 2021 азы æмæ 2022-2023 азты бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй советы раныхас кодта финансты министры фыццаг хæдивæг Оксанæ Карова. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæмæ Федералон центрæй æрвитынц комкоммæ хæрдзтæн æхца, уыцы хъуыддаг ныр дæр цæуы. «Æрæрвыстой уал 190 милуан сомы, уыдон бюджеты æфтиæгты хайыл бафтыдысты, хъалонтæ æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ æнæ ивдæй баззадысты», — фæбæрæг кодта министры фыццаг хæдивæг.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæрæзтæ лæвæрд æрцæудзысты Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фонды рацарæзтæн, амбулаторон æгъдауæй йæхи коронавирусæй чи дзæбæх кæны, уыдонæн, дзулуадзæг куыстуæттæн, Советон Цæдисы Хъæбатыртæн, ветерантæн æххуысæн. Хъуамæ сæ ведомствæты ‘хсæн, ведомствæты мидæг адих кæной. Къостайы проспекты цалцæггæнæн куыстытæн, бассейны, футболон фæзы арæзтадæн, рæвдауæндæттæм цыппар уæлæмхасæн бæстыхайы саразынæн, Фæсивæды хъуыддæгты тыххæй комитетæн йæ программæ æххæст кæнынæн æмæ ма æндæр хæрдзты тыххæй радзырдта Оксанæ Карова.

Уый ма дзуаппытæ радта депутатты фарстытæн.

Бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Баликъоты Валери цы фарстытæ рахаста, уыдонимæ уыдис нæ республикæйы Хицауады закъонæвæрынадон хъæппæрис транспортон хъалоны тыххæй. Сæрмагонд экономикон бынæтты цы коммерцион организацитæ æмæ амалхъотæ кусдзысты, уыдонæн сæ транспортон хъалон хъæуы аивын. Советы уæнгтæ сразы сты ацы хъæппæрисимæ.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы тыххæй комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Алан куыд радзырдта, афтæмæй бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæм хъарм кæнæ уазал доны нымайæнтæ æвæрд не сты, фидынц нормативмæ гæсгæ. Уый та зынгæ фылдæр у хæрдзтæй. Цæрæнуæтты кодексмæ хъавынц ивддзинæдтæ бахæссын, хъуамæ цæрджытæ сæхæдæг хæссой фæнд, нымайæнтæ сæ хъæуы æви нæ, уый тыххæй.

Наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Моурауты Алан рæгъмæ рахаста Уæрæсейы хицæн закъонæвæрынадон акттæм зондамонджыты тыххæй ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл проект. Хистæр ахуыргæнджытæ кæстæр, æрыгон специалисттæн хъуамæ æххуыс кæной, сæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ сын амоной, ахъаззаджы специалисттæ сæ саразой.

Социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ куыд радзырдта, афтæмæй æгуыстуæвджытæ Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны комитетæй исынц фиддонтæ. Сты ныллæг, адæймаг ма æндæр ранмæ дæр бацæуы куыстмæ, фæлæ комитеты фиддон дæр фæисы. Арæх сыл бахъаст кæнынц, фæстæмæ сæ службæйы æхца радомынц, фæлæ ма сыл уголовон хъуыддаг дæр байгом кæнынц. Уый раст нæ кæсы Паддзахадон Думæйы депутаттæм æмæ «Уæрæсейы Федерацийы адæмæн куысты бынæттæ кæныны тыххæй» закъонмæ хъавынц ивддзинæдтæ бахæссын.

Комитеты сæрдар ма фæбæрæг кодта æндæр ахсджиаг закъонты проекттæ дæр, уыдонимæ Уæрæсейы инвалидты бартæ бахъахъхъæныны, медицинон æмæ ахуырады кусджытæн фæдзæхстадон пенситæ райсыны, граждæнтæн комкоммæ хойраджы æххуыс кæныны тыххæй акттæ. Советы уæнгтæ сразы сты ацы ивддзинæдтимæ.

Бутаты Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here