Хъæдæрмæг цæттæ кæныны куыстытæ урæд æрцæудзысты закъоны бындурыл

0
231

Дыгуры районы хъæды бирæ бæлæстæ калд кæй цæуынц, уый тыххæй Урсдоны цæрджытæ социалон хызы фæрцы сæ хъаст бахастой республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ сенатор Фадзайты Арсенмæ. Уыцы хъасты фæдыл 6 апрелы Урсдоны цæрджытимæ фембæлдысты РЦИ-Аланийы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хидирты Батраз æмæ министрады иннæ минæвæрттæ.

Хъæуы цæрджыты ма тыхсын кæны, кæддæр йæ былгæрæттæй æддæмæ цы Урсдон бырста, уый бынтон кæй ныттæнæг, æмæ ацы цау бæттынц, хъæд æгъатырæй калд кæй цæуы, уыимæ.

Фембæлды архайдта 150 адæймагæй фылдæр. Кæй фæндыд, уыдонæй алчидæр бафарста, загъта йæ тыхсты хабæрттæ хъæуы уавæры тыххæй, бахаста йæ фæндæттæ уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Æмæ уый æмбæрстгонд у, уымæн æмæ хъæуы цæрджытæ нæ зыдтой, хъæд закъоны бындурыл калд кæй цæуы, уыцы куыстытæ зынгсирвæзтæй хъахъхъæнын æмæ санитарон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ, хъæды уавæр бахъахъхъæнынмæ арæзт кæй сты.

Хидирты Батраз хъæуы цæрджыты тыхст хабæрттæм байхъусыны фæстæ радзырдта, разамынд цы ведомствæйæн дæтты, уый æргом кæй у алкæмæндæр, Дыгуры хъæды хæдзарады цы куыстытæ цæуы, уыдон та кæй сты закъоны бындурыл, хъæдмæ базилыны охыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2020 азы министрад Урсдоны хъæды хæдзарады сарæзта хъæдæрмæг цæттæ кæныны æргом аукцион æмæ, цы хъæдæрмæг бацæттæ кодта, уый æфснайдта пансионат «Урсдон»-ы зæххытыл.

Уæрæсейы Федерацийы хъæдты нывыл арæзтады архайæг «Воронежлеспроект»-ы специалистты амындтытæм гæсгæ бæлæстæ калд цæуынц æвзаргæ хуызы, цæмæй рынчын, æмбыд бæлæстæ ма хъыгдарой скæсæйнаг тæрс рæзынæн, цæмæй æрыгон бæлæстæ сæрибарæй рæзой, уый тыххæй калын хъæуы зæронд бæлæстæ. Афтæмæй хъæд æрдзон хуызы кæны æрыгондæр. Фембæлды экологтæ хъæуы цæрджытæн бамбарын кодтой: Урсдон кæй ныттæнæг, уый баст нæу хъæды калдимæ.

Цæугæдæттæ тæнæгдæр кæй кæнынц, уый аххосаг алы донæн дæр æндæр у. Абон Уæрæсейы цæугæдæттæй бирæтæ ныттæнæг сты. Доны фæрæзты специалисттæ уый кæнынц, фæстаг дыууæ зымæджы мит чысыл кæй æруарыд, уый аххос. Уымæй уæлдай, Уæрæсейы алы рæтты дæр климæт зынгæ хъармдæр кæй кæны, уый дæр æвзæрæрдæм зыны, цæугæдæттæ гуылфгæнгæ кæй нал цæуынц, ууыл.

Экономикæйы уæлдæр скъолайы экологийы наукон-иртасæн институты специалисттæ, дæттæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр кæй тæнæгдæр кæнынц, уый бæттынц, уарынтæ кæй фæкъаддæр сты, æмæ климæт кæй ивы, уыимæ.

Министрады хъæдтæ бахъахъхъæнын æмæ сæ фæногдæр кæныны хайады хицау Тыджыты Ингæ хъæд калыны æмæ йæ фæногдæр кæныны тыххæй куыд загъта, афтæмæй фæстаг дыууæ азы Дыгуры хъæды хæдзарады æлхæнын æмæ уæй кæныны бадзырдтæм гæсгæ калд æрцыд 2000 бæласы бæрц. Нацпроект «Экологи» æмæ æрвылазон акцитæм гæсгæ та сыгъд æрцыд 37,5 мин талайы. Уый амоны, алы иу бæласы хыгъдмæ дæр сагъд кæй æрцыд 150 ног талайы. Уымæй уæлдай, министрады специалисттæ фондз азы дæргъы кæнынц агротехникон æмæ хъæдмæзилæн куыстытæ.

Фембæлды кæронбæттæны æмбырды архайджытæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, цæмæй Дыгуры районы бынæттон хиуынаффæйады администраци хъæуы цæрджыты къухфыстытимæ Урсдоны хъæды хæдзарады хайады хъæдæрмæг цæттæ кæныны куыстытæ æруромыны тыххæй бадæттой сæ уынаффæ Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрадмæ, æмæ йæм уым æркæсдзысты закъоны бындурыл.

«Æз æдзухдæр цæттæ дæн конструктивон ныхасмæ. Æрæфы районы бынæттон уынаффæйады администрацийы сæргълæууæгæй куыстон æмæ хорз зонын хъæуы æнæлыггонд фарстатæ. Нæ ведомствæмæ дзы цы хауы, уыдонæй уæ кæд исты тыхсын кæны, уæд сæ комкоммæ мæхимæ фæхæццæ кæнут. Уый у цыбырдæр фæндаг цыфæнды фарста алыг кæнынæн дæр. Хъæд калыны хъуыддаджы фæдыл та, хъыгагæн, махæн нырма ничи фехъусын кодта», — загъта Хидиры-фырт.



Дзыныхты Аленæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here