Архайдта хицауады къамисы æмбырды

0
403

РЦИ-Аланийы разамонæг Сергей Меняйло архайдта Уæрæсейы туризмы рæзтæн фадæттæ скæныны Хицауады къамисы æмбырды. Видеобастдзинады фæрцы йæ амыдта Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко.

Ныхас бацахста национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзыны индустри», уый республикæйы конд цæудзæн 2030 азмæ. Хицауады Сæдары хæдивæг куыд бацамыдта, афтæмæй туризмы къабазы проекты фарс рахæцыд Президент Владимир Путин. Проекты нымад æрцыдысты амалхъомадæн, регионтæн, граждæнтæн æххуыс. Уырдæм ахæсгæ сты уæлбар æфстæуттæ, инфраструктурæйæн бардæттæг субсидитæ, амалхъомады куыстуæттæн гранттæ, корпораци «Туризм. УФ»-йæн æхцайы хай дих кæнын æмæ æндæр нысантæ.

«Ахсджиаг у, цæмæй регионты сæргълæуджытæ национ проектты авналæнтæй пайда кæной, бынæтты туриндустрийы рæзтæн фадæттæ аразой, фæзуæттæ пълан кæныны архайой. Мах сараздзыстæм турпроектты иумæйаг базæ, цæмæй национ проекты авналæнтæй субъекттæ пайда кæной, уый тыххæй байгом кæндзыстæм Координацигæнæг центр», — бафиппайдта Дмитрий Чернышенко.

Туризмы федералон агентады разамонæг Дыгъуызты Зæринæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзыны индустри»-йæн нысангонд æрцыд 39 миллиард сомы, сты федералон бюджетæй. «Ныртæккæ цы мадзæлттæй пайда кæнæм æмæ ма æххуысы ног авналæнтæн цы æхца арвитдзыстæм, уыдон сты фысымуæттæ аразыны, бындуронæй сæм базилыны, инфраструктурæ фæрæзтæй сифтонг кæныны, амалхъомадæн гранттæ дих кæныны æмæ æндæр хъуыддæгтæн. Фылдæр нысантæ конд цæудзысты ерысы бындурыл, афтæмæй туризмы рæзтæн фадæттæ фæзындзæн», — загъта Дыгъуызты Зæринæ.

Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллин куыд бацамыдта, афтæмæй туристон фæзуæттæн хæрзхъæд æмæ фадатджын уавæртæ саразынæн хъæуы инженерон æмæ транспортон инфраструктурæйыл бакусын. «Хъуамæ федералон центр регионтæн ахæм объекттæ саразынæн баххуыс кæна. Ныртæккæ корпораци «Туризм. УФ»-имæ мах бакуыстам федералон бюджетæй инфраструктурæ саразынæн регионтæн субсидитæ дих кæныны уагæвæрдтыл. Проект лæмбынæг равзаргæйæ, йæ ахадындзинад ын равзаргæйæ, фæрæзтæ дихгонд цæудзысты», — фæбæрæг кодта министр.

Арæзтады министр куыд загъта, афтæмæй туризмы фæзуæтты рæзтæн ацы аз гæххæттыты æртæ пакеты бацæттæ кæндзысты. Уымæй сбæрæг уыдзæн инфрастуктурæйы арæзтад, цас фæрæзтæ йын бахъæудзæн, уый.

 

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here