Ног нымæрдар

0
422

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы ацыд æппæтуæрæсеон политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады XXXI конференци.

Архайдтой дзы: Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур, уæлдæр амынд партийы нæ республикæйы æппæт районты хайæдты делегаттæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ.

Æмбырд амыдта æххæстгæнæг комитеты разамонæг Едзойты Марат. Конференцийы боны фæткмæ хаст æрцыдысты, партийы регионалон хайады ног нымæрдар æмæ, ацы мæй Мæскуыйы чи ацæудзæн, уыцы съездмæ æртæ адæймаджы равзарын.

Уымæй уæлдай ма мандатон къамисы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Бæзиты Ларисæ, нымайæн къамисы сæрдарæй та — Хетæгкаты Алан.

Конференцийы Едзойты Марат йæ раныхасы фæбæлвырд кодта, нымæрдары хæстæ æххæстгæнæг Ортабайты Тимур йæ бартæй барвæндонæй суæгъд кæныны фæдыл куырдиат кæй ныффыста, æмæ радзырдта, Ортабайы-фырт йæ куысты хæстæ кæддæриддæр бæрнонæй кæй æххæст кодта, уый фæдыл. Загъта, политикон партийы Цæгат Ирыстоны регионалон хайад иудадзыг кæй архайы нæ республикæйы æхсæнадон царды уавæртæ нывылдæр кæнын æмæ социалон-экономикон фарстатæ лыг кæныны хъуыддæгты.

— Бæрзонд æмвæзадыл æвæрд ис бархионты куыст дæр. Нæ хайады минæвæрттæй уыцы рæнхъыты чысыл нымæц нæй. Уыдон пандемийы рæстæг цы куыст бакодтой, канд рынчынтæн нæ, фæлæ дохтыртæн æххуыс кæныны мадзæлтты, уымæн аргъ нæй. Нæ республикæ архайы бирæ паддзахадон æмæ регионалон программæты, нацпроектты дæр. Æмæ æппæт ацы хъуыддæгты ирдæй зыны «Иугонд Уæрæсе”-йы цæгатирыстойнаг хайады уæнгты куыст дæр. Фæззæджы уыдзысты Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ, æмæ та нæм, куыд алы хатт, афтæ ныр дæр кæсы стыр бæрнондзинад аккаг кандидаттæ равзарынæн, — дзырдта Едзойты Марат.

Конференцийы рæстæг ног нымæрдар равзарыны фарста æххæстгонд цыдис сусæгæй хъæлæс кæныны уагæй. Делегаттæй алчидæр бюллетены бацамыдта, йæ зæрдæ фылдæр кæуыл дары, уыцы кандидаты. Кандидаттæ та уыдысты дыууæйæ: Джиоты Георги æмæ Таймазты Артур. Делегаттæ фылдæр схъæлæс кодтой Таймазты Артурыл, æмæ афтæмæй, иумæйаг хъæлæсæй “Иугонд Уæрæсе”—йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады нымæрдарæй æвзæрст æрцыд Таймазты Артур.

Конференцийы архайджытæн Таймазы-фырт зæрдиаг арфæ ракодта, кæй йыл баууæндыдысты æмæ йыл сæ ныфс кæй дарынц, нæ республикæйы цард хуыздæр кæныны хъуыддæгтæй, уый фæдыл, æмæ сын бузныг загъта. Æмбырды æвзæрст æрцыдысты, съездмæ чи ацæудзæн, уыцы æртæ делегаты: Гаглойты Альбинæ, Зассеты Олег æмæ Цагъаты Сослан.

 

Саутæты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here