Дон у цард ӕмӕ нӕ хъӕздыгдзинад

0
400

Куыд зонӕм, афтӕмӕй ӕрвылбон кӕй нуазӕм, уыцы донӕн стыр ахадындзинад ис канд адӕймаджы нӕ, фӕлӕ ма цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойты царды дӕр. Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт удӕгас чырӕгты куыстхъомдзинад фидар баст у ацы диссаджы хъӕугӕ буаргъӕдимӕ. Дон организмы чырӕгтӕм хӕццӕ кӕны тайӕн буаргъӕдтӕ ӕмӕ ӕддӕмӕ ратӕры цардархайды ӕппарӕццӕгтӕ. Фӕлӕ тынг сыгъдӕг дон Н2О нӕй ӕрдзон уавӕрты. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй нуазыны донӕфсисады ис Дмитрий Менделеевы периодикон системӕйы 80 элементы.

Ӕппӕт ацы хорздзинӕдтӕй нӕ республикӕйы алы ран дӕр хайджын кӕй стӕм, уый та чысыл хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ кӕсы, цыма сыгъдӕг доны ӕвӕрӕнтӕ Дыгургомы цӕугӕдон ӕрӕфы бассейнӕй фылдӕр никуы сты Цӕгат Ирыстоны. Йе ‘рдзон дӕттӕ та дих кӕнынц хицӕн къордтыл. Зӕгъӕм, атмосферон дӕттӕм хауынц къӕвдатӕ, мит, ихуарынтӕ, ӕндӕр ӕрдзон фӕзындтытӕ; уӕлзӕххон дӕттӕ сты цӕугӕдӕтты ӕмӕ митджын цъититы нуазыны дӕттӕ; дӕлзӕххон дӕтты къордмӕ ахӕссӕн ис суардӕттӕ; хицӕн къордыл та дих кӕнынц нӕ хӕххон ӕмӕ быдырон суӕрттӕ. Уыдон сты Гурмастентӕ, Тӕнайы, Мосотӕйы, Гурамы, Хуымесы суӕрттӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ — ӕдӕппӕт 12 суары.

Фӕстаг азты иудадзыг цӕстдарӕнтӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй цас денджызы ӕмвӕзадӕй уӕлдӕр уӕм, уыйас уарынтӕ фылдӕр вӕййы Дыгургомы. Зӕгъӕм, кӕд 1000 метры бӕрзӕнды ӕруары 800-100 миллиметры, уӕд 2000-3500 метры бӕрзӕнды — 2000 миллиметры афӕдзмӕ. Уарынтӕ та ӕдзухдӕр сӕ фӕстӕ расайынц алыуызон ӕрдзон фӕзындтытӕ.

Зӕгъӕм, национ парк «Алани» кӕм ис, хӕххон Дыгуры уыцы хайы бирӕ сты цъититӕ. Фӕлӕ 1882-1890 азты кӕд сӕ нымӕц уыдис 58 ӕмӕ иумӕ ахстой 127,9 квадратон километры, уӕд абон уыдон сты 92, сӕ фӕзуат та фӕкъаддӕр 72,4 квадратон километры онг. Иу ныхасӕй, цъититы нымӕц фылдӕргӕнгӕ цыдис сӕ фӕзуат ӕмӕ гуырахст къаддӕр кӕныны хардзӕй ӕмӕ денджызы ӕмвӕзадӕй уӕлдӕр цӕуыны тыххӕй.

Хӕххон Дыгурыл дарддӕр нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд уӕлдай фылдӕр цӕугӕдӕттӕ ис цӕугӕдон Къӕрӕугомы бассейны, дыккаг бынат ахсы Хӕресыдоны бассейн, ӕртыккаг бынат Сонгутидоны бассейн.

Цъититӕ ис Билӕгыдоны, Хӕзныдоны, Тӕнадоны, Хуымесыдоны, Гебидоны, Бартуйдоны, Даргомидоны, Сардидоны, Гуылӕрыдоны ӕмӕ цӕугӕдон Хуппарайы гуырӕнты дӕр. Ӕдӕппӕт 70 цӕугӕдонӕй фылдӕр ис хӕххон Дыгуры. Ам ис цъититӕй равзӕргӕ хӕххон цадтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Гуылӕры ис дыууӕ цады. Уыдон сты Хуппары, Микелайы (иу рӕстӕджы ацы цады ауӕзт ратыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ бассейн дзаг кӕны). Уымӕй уӕлдай, хӕххон цадтӕ фенӕн ис Фастагдоны, Бартуйы, Гебийы, Чифандзары, Къубусты цъымарайы. Чысыл цадтӕ та ис Къӕрӕугомы цъитийы ӕвзаджы цур, Донысӕры дӕр, зӕгъӕм, Дзӕбидырты цад, Къайсары та бӕрӕггонд ӕрцыд ӕрдӕгдӕргъ тымбыл цад.

Дыгургомы хӕхбӕстӕ хъӕздыг у ӕхсӕрдзӕнтӕй дӕр. Зӕгъӕм, Хӕресы цъитийы ис Хӕйрӕджыты куырой, зӕгъгӕ, ахӕм ӕхсӕрдзӕн, цӕугӕдон Гӕлдӕрыдоны — йе ‘мном ӕхсӕрдзӕн, Таймазийы цъитийы та фенӕн вӕййы ӕртӕ хойы ӕхсӕрдзӕн. Уымӕй уӕлдай, ардыгӕй ныгуылӕнырдӕм ма ноджыдӕр ис иу ӕхсӕрдзӕн. Цӕугӕдон Цадуатыдоны фондзкъӕпхӕнджын ӕхсӕрдзӕн та ардӕм ӕрбацӕуджыты ӕдзухдӕр дисы бафтауы йӕ рӕсугъддзинадӕй.

Дарддӕр нӕ бафиппайын фӕнды: Дыгургомы дӕттӕ сӕ гуырӕнты сты тынг сыгъдӕг. Уымӕн ӕмӕ цы хӕххон фӕндӕгтыл цӕуынц, уыдон хъӕздыг сты тад минералон буаргъӕдтӕй, чысыл сӕ ис органикон буаргъӕдтӕ ӕмӕ бактеритӕ. Цӕрджытӕ ӕмӕ хӕдзариуӕггӕнӕг субъекттӕ хорз ӕфсӕст цӕуынц нуазыны донӕй. Алчидӕр дзы пайда кӕны хисӕрмагонд кӕнӕ ӕхсӕнадон донуадзӕнтӕй, кӕй цас хъӕуы, уый бӕрц. Дон цард ӕмӕ нӕ хъӕздыгдзинад кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Дыгургомы хъӕуты цӕрджыты хӕс у хӕххон цӕугӕдӕтты сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнын, цӕмӕй нын кӕддӕриддӕр хӕссой ӕнӕниздзинад.

Кертанты Лазӕр,

фӕллойы ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here