Раздӕр азты хъӕддаг цӕрӕгойтӕ арӕх уыдысты нӕ республикӕйы цуангӕнӕн хӕдзарӕдты. Цы сырд нӕ федтаис хӕхбӕсты, хъӕды къуылдымтӕ ӕмӕ ӕрхыты? Суанг ма-иу быдырон уыгӕрдӕны уӕвгӕйӕ дӕр, тӕрхъус ӕвиппайды атӕррӕст кодтаид дӕ къӕхты бынӕй.
Хъыгагӕн, ныр хъӕддаг цӕрӕгойтӕ скуынӕг сты кӕмфӕнды дӕр. Ӕмӕ цы хабар у? Раздӕры хуызӕн сырдтӕ арӕх цӕуылнӕуал сты нӕ алыварс ӕрдзон бынӕтты.
Фыццаджыдӕр зӕгъдзыстӕм уый, ӕмӕ хатгай махмӕ скӕны хъызт рӕстӕджытӕ. Мит арф ныууары хъӕдсӕрты, ӕмӕ цӕрӕгойтӕ цы бахӕрой, уый нал вӕййы. Мӕ зонгӕ цуанӕттӕ мын куыд дзырдтой, афтӕмӕй иу рӕстӕг Црауы хъӕды къорд раны федтой, сыдӕй чи амард, ахӕм хъӕддаг хуыты.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, канд холладжы тыххӕй цӕрӕгойтыл зиантӕ нӕ цӕуы. Зымӕджы мӕйты сӕгуыттӕн, ӕндӕр сырдтӕн дӕр дард лидзын не ‘нтысы арф миты, ӕмӕ бирӕгътӕ, чи схъӕддаг, ахӕм куыйтӕ сӕ фӕстӕ цуан фӕкӕнынц ӕнцонӕй.
Алы хатт дӕр хӕхбӕсты цӕрӕг сырдтӕ бахауынц уӕлдай зындӕр уавӕрты. Митзӕйты, лӕбырдтыты, донивылдты ӕмӕ ӕндӕр ӕрдзон фӕзындтыты рӕстӕг дзӕбидыртӕ ӕмӕ сычъитыл ӕнӕнхъӕлӕджы стыр зиантӕ ӕрцӕуы. Хъӕддаг цӕрӕгойтӕ кӕй фӕкадавар сты, уымӕн ма ис ӕндӕр бӕлвырд аххосӕгтӕ дӕр. Нӕ республикӕйы ӕрдзон бынӕттӕм кӕдӕмфӕнды куы ацӕуӕм, уӕддӕр раздӕр сырдтӕн бирӕ холлаг кӕм уыдис, уыцы хъӕдты дымджытӕ алы ран дӕр цагъд ӕрцыдысты. Уӕдӕ къуылдымты чи зад ӕмӕ бирӕ мыггаг чи лӕвӕрдта, уыцы тӕрс бӕлӕсты та хъӕды хайӕдтӕ скуынӕг кодтой. Цы ма хӕрой хъӕддаг хуытӕ, сӕгуыттӕ, ӕндӕр сырдтӕ дӕр зымӕгон?
Ныртӕккӕ сырдты нымӕц фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй цы биотехникон мадзӕлттӕ арӕзт цӕуынц, уыдонӕн та, мӕнмӕ гӕсгӕ, фаг ахадындзинад нӕй. Уымӕн ӕмӕ хъӕды цӕрӕгойтӕн холлаг, цӕхх лӕвӕрд цӕуы, трактор кӕнӕ бӕхуӕрдон кӕдӕм бацӕудзысты, ахӕм рӕтты. Сырдты дзӕвгар хай та сӕрд ӕмӕ зымӕг дӕр фӕхизынц хъӕд ӕмӕ хӕхты сӕрты.
Ардӕм холлаг, цӕхх фӕхӕццӕ кӕнӕн та ис ӕрмӕстдӕр вертолетыл. Абоны уавӕрты уымӕн фадат нӕй. Уӕдӕ ӕрвылаз ӕрдзхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ цы холладжы хуымтӕ бакӕнынц сырдтӕн бахӕрыны тыххӕй, уыдоны фылдӕр хай дӕр йӕ нысаныл нӕ сӕмбӕлы.
Уӕвгӕ, канд биотехникон мадзӕлттӕ дӕр ӕгъгъӕд не сты сырдтӕ фылдӕр кӕнынӕн. Мах афтӕ ӕнхъӕл стӕм, ӕмӕ сӕйрагдӕр у сӕ хъахъхъӕнын. Раздӕр азтӕм ногӕй куы раздӕхӕм, уӕд цуанӕттӕ нӕ уыдысты кӕмфӕнды дӕр. Ныр та сын нымӕц дӕр нӕй. Сӕ фылдӕрмӕ ис хӕдӕхсгӕ хӕцӕнгӕрзтӕ, оптикон кӕнӕ ӕхсӕвыгон уынӕн кӕмӕй ис, ахӕм прибортимӕ ӕмӕ сӕ цъиуы цӕст нӕ ивгъуыйы. Ӕнӕзакъон цуан та кӕнынц афӕдзы кӕцыфӕнды афон дӕр.
Куыд загътам, афтӕмӕй тӕрхъус арӕх нал уыд алы ран дӕр, ӕмӕ уымӕн алкӕм дӕр уыд бӕлвырд аххосӕгтӕ. Зӕгъӕм, Црауы раздӕры совхоз «Коммунизммӕ фӕндаг» дӕргъвӕтин рӕстӕг йӕ дыргъдӕттӕ пырх кодта маргджын химикаттӕй ӕмӕ тӕрхъустӕ ӕмӕ рувӕстӕ фӕцагъды сты. Ныр хӕдзарад ӕмӕ дыргъдӕттӕ дӕр нал сты, ӕмӕ куыд ӕнхъӕл стут? Тӕрхъустӕ, рувӕстӕ фылдӕр кӕнын райдыдтой Црауы хъӕдбынты.
Уӕдӕ цӕй ӕмӕ ӕмхуызонӕй архайӕм ӕрдзы фарн тыхджын кӕныныл. Хӕдзар ӕдзӕрӕгӕй куыд нӕ фидауы, афтӕ нӕ алыварс хъӕдтӕн дӕр ӕнӕ сырдтӕй къаддӕр ахадындзинад нӕ уыдзӕн, ӕмӕ хъуамӕ алы цуанон дӕр уый йӕ зӕрдыл дара.
Мӕрзойты Ӕхсарбег,
Цӕгат Ирыстоны цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджыты ӕхсӕнады уӕнг
















