РЦИ-Аланийы премьер-министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Тускъаты Таймураз дипломтӕ радта, РЦИ-Аланийы Хицауады ацы азы премитӕ фӕсивӕдон политикӕйы къабазы кӕмӕн саккаг кодтой, уыцы специалисттӕн.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ацы премийы лауреатты номхыгъд ӕрӕджы сбӕрӕг кодта сӕрмагонд хицауадон къамис. Ацы республикон преми лӕвӕрд цӕуы паддзахадон фӕсивӕдон политикӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддагмӕ стыр ӕвӕрӕн бахӕссыны тыххӕй.
Ӕмӕ ныр ацы азы лауреаттӕ райстой сӕ дипломтӕ.
Ацы кадджын хӕрзиуӕг кӕмӕн саккаг кодтой, уыдонӕй иу у Рахизфарсы районы Сывӕллӕтты уӕлӕмхасӕн ахуырады центры разамонӕг Санаты Людмилӕ. Тускъайы-фырт центры разамонӕгӕн арфӕ ракодта ӕмӕ йын бузныг загъта, йӕхӕдӕг дӕр, стӕй центры иннӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр фӕсивӕды хъомылад ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырадӕн сӕ цард кӕй снывонд кодтой, уый тыххӕй. Хицауады Сӕрдар куыд бафиппайдта, афтӕмӕй центры кусджытӕ ахуырадон программӕтӕй уӕлдай, ӕххӕст кӕнынц уӕрӕх хъомыладон ӕмӕ патриотон акцитӕ дӕр. Зӕгъӕм, центры хъомылгӕнинӕгтӕ сӕ цӕст дарынц Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты хъӕбатырты ингӕнтӕ ӕмӕ цыртдзӕвӕнтӕм. Центры специалистты хъомысджын куысты фӕрцы районы рӕзгӕ фӕлтӕр зӕрдиагӕй архайы алыхуызон зонадон ӕмӕ интеллектуалон ерысты.
Хицауадон преми кӕмӕн саккаг кодтой, уыдонӕй иу у регионалон ӕхсӕнадон ӕфсӕддон-патриотон клуб «Ас-Алантӕ»-йы разамонӕг Дзитойты Артур дӕр. Фӕсивӕды ‘хсӕн ӕфсӕддон-патриотон хъомылады куыстӕй уӕлдай, клубы минӕвӕрттӕ ӕнгом ӕмархайд кӕнынц тыхы ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтимӕ. Клубы дӕлхайӕдтӕ хъомысджын куыст кӕнынц Алагиры 2-ӕм ӕмӕ 5-ӕм скъолаты, стӕй Цӕгат Кавказы хъӕды техникумы бындурыл. Дзитойты Артур йе ‘мцӕдисонтимӕ иудадзыгдӕр аразы, кӕстӕртӕн цымыдисаг чи у, ахӕм мадзӕлттӕ: ӕфсӕддон дӕсныйады ахуыртӕ, бӕстӕзонӕн экскурситӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Клубы архайды сӕрмагонд бынат ахсы наркотикты ныхмӕ профилактикон куыст дӕр.
— Кӕд Дзитойты Артур йе ‘фсӕддон службӕ ахицӕн кодта, уӕддӕр ӕрыгон афицер йӕ зӕрдӕ нӕ сивта бӕстӕйы хъахъхъӕнынады фарстатыл, йӕ къухы бафтыд, рагӕй цы хъуыддагмӕ бӕллыд, уый саразын. Афтӕ фӕзынд ӕфсӕддон-патриотон клуб «Ас-Алантӕ». Артурӕн йӕ ӕнтыстджын архайды тыххӕй ӕз арфӕ кӕнын, — загъта Тускъаты Таймураз.
Фӕсивӕдон политикӕйы къабазы иннӕ премийы хицау ссис сывӕллӕтты технопарк «Кванториум»-ы разамонӕг, ЦИПУ-йы математикӕйы факультеты ахуыргӕнӕг Алексей Котец.
Алексейӕн хӕрзиуӕг дӕтгӕйӕ, Тускъайы-фырт куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй «Кванториум» у, ахуырад ӕмӕ хъомылады раззагдӕр нырыккон технологиты бындурыл чи кусы, ахӕм технопарк. ӕмӕ кӕд нырма ацы ахуырадон кусӕндон хӕрзӕрыгон у, уӕддӕр ныридӕгӕн йӕ ӕвзонг хъомылгӕнинӕгты цымыдисаг наукон-техникон куыстыты кой дӕрдтыл айхъуыст. Хицауады Сӕрдары ныхасмӕ гӕсгӕ, технопарчы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ хъомылгӕнинӕгтӕ кусынц, экологон нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм проекттыл дӕр. Уыдонӕй иу — доны фӕрӕзтӕ сыгъдӕг кӕныны проект.
Фембӕлды кӕронбӕттӕны Тускъаты Таймураз премийы лауреаттӕн ноджыдӕр ма иу хатт йӕ арфӕйы ныхасы фӕбӕрӕг кодта, йӕ зӕрдӕ сын ноджы стырдӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ кӕй зӕгъы, уый.
Ӕмбырды архайдта Фӕсивӕды хъуыддӕгты республикон комитеты сӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Джусойты Руслан дӕр.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














