08.08.08: Номарӕн мадзӕлттӕ — Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы

0
273

Ӕртындӕс азы рацыд, Гуырдзыстоны ӕнаккаг хицӕуттӕ Хуссар Иры ныхмӕ ногӕй гӕрзифтонг ӕрбалӕбурд куы сарӕзтой, сӕрибаруарзаг республикӕ басӕттын радон хатт куы сфӕнд кодтой, ууыл. Ирыстоны хъӕбатыртӕ Уӕрӕсейы Гӕрзифтонг тыхты дӕлхайӕдты ӕххуысӕй тугмондаг лӕбурджытӕй Хуссар Иры зӕхх асыгъдӕг кодтой, знаджы йӕ лӕгӕтмӕ фӕсырдтой.

2008 азы августы цаутӕ нӕ адӕмы нырыккон историйы баззайдзысты, куыд ӕппӕты зӕрдӕриссӕндӕр цаутӕ, куыд удуӕлдайдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады дӕнцӕгтӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ирон адӕмы — цӕгатӕй хуссармӕ — иудзинады ирд ӕвдисӕн.

Ӕмӕ фӕстаг азты куыд вӕййы, афтӕ та ныр дӕр Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны, стӕй ирон адӕмы диаспорӕтӕ кӕм ӕрбынӕттон сты, уым ацы бонты цӕуынц, 2008 азы августы цаутӕ кӕм мысынц, Хуссар Ир хъахъхъӕнгӕйӕ, йӕ цард чи радта, уыцы ирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ бархионты, стӕй сабырцӕрӕг ӕнаххос адӕмы рухс нӕмттӕ кӕм арынц, ахӕм ӕмбырдтӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, номарӕн мадзӕлтты сӕйрагдӕр бынат алкӕддӕр вӕййы Цхинвал. Ивгъуыд сабаты Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕт бабӕрӕг кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло. Цӕгат Ирыстоны разамонӕг ӕмӕ республикӕйы иннӕ кадджын уазджытӕ радон хатт равдыстой сӕ иузӕрдиондзинад Хуссар Иры цӕрджытимӕ, дидинджытӕ ӕмӕ дидинӕгбастытӕ сӕвӕрдтой хъӕбатырты мемориалтыл…

2008 азы августы цаутимӕ баст номарӕн мадзӕлттӕ Цхинвалы цыдысты боны дӕргъы. Зӕгъӕм, республикӕйы Парламенты цур цы саударӕн митинг уыд, уым Хуссар Ирыстоны разамынды фарсмӕ балӕууыдысты Сергей Меняйло, Абхазы республикӕйы Президент Аслан Бжания ӕмӕ иннӕ кадджын уазджытӕ.

Саударӕн ӕмбырды йӕ раныхасы Сергей Меняйло куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ алкӕддӕр ӕмзӕрдӕ сты Хуссар Иры адӕмимӕ.

— 2008 азы августы цаутӕ ныр нӕ истори сты. Ӕмӕ ӕрмӕст ӕрхӕндӕг цаутыл дзурӕг нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм уыдзысты Фыдыбӕстӕйы сӕрибардзинады сӕраппонд адӕймаджы ӕгӕрон хъӕбатырдзинады дӕнцӕг дӕр. Дывыдон арты бахаугӕйӕ, республикӕ иунӕгӕй нӕ баззад. Ирыстоны фарсмӕ ӕрбалӕууыд Стыр Уӕрӕсе — уый ӕххуысы фӕрцы хъахъхъӕд ӕрцыд республикӕйы хӕдбардзинад, йӕ адӕмы сӕрибардзинад. Дызӕрдыг нӕ кӕнын, Хуссар Ирыстоны уӕззаудӕр рӕстӕджытӕ фӕсте кӕй аззадысты, ууыл. Республикӕ рӕзты фӕндагыл ӕрлӕууыд. Ӕмӕ уыцы фӕрныг фӕндагыл Хуссар Ирыстоны къухы ӕфтӕнт арфӕйаг ӕнтыстдзинӕдтӕ! Уыимӕ, алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, сӕрибардзинад ӕмӕ сабыр царды сӕраппонд сӕ удтӕ чи снывонд кодта, уыцы зӕрдӕргъӕвд адӕмы, — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Номарӕн мадзӕлтты архайджытӕ бабӕрӕг кодтой, уӕлдай карздӕр хӕстытӕ кӕм цыд, уыцы бынӕттӕ ӕмӕ иннӕ хӕстон мемориалтӕ.

Фӕстӕдӕр Сергей Меняйлойӕн сӕрмагонд фембӕлд уыд республикӕйы Президент Бибылты Анатолиимӕ. Уый цӕгатаг ӕфсымӕртӕн арфӕ ракодта, хъыджы дӕр ӕмӕ цины дӕр хуссарирыстойнӕгтимӕ кӕй вӕййынц, уый тыххӕй. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы бонты цӕгатирыстойнаг делегаци Цхинвалы кӕй ис, уый ма ирд ӕвдисӕн у дыууӕ республикӕйы адӕмы ӕнгомдзинадӕн.

2008 азы августы цаутимӕ бастӕй номарӕн мадзӕлттӕ цыдысты Цӕгат Ирыстоны дӕр. Афтӕ, ивгъуыд сабаты изӕрӕй горӕты цӕрджытӕ ӕрбамбырд сты Сыгъдӕг Георгийы аргъуаны размӕ. Уым фӕстаг азты традицимӕ гӕсгӕ, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ сарӕзтой саударӕн ӕмбырд. Митинджы чи раныхас кодта, уыцы адӕм ногӕй зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой уыцы ӕвирхъау цаутӕ, ӕрыгон фӕлтӕртӕм фӕсидтысты, цӕмӕй ма рох кӕной, сӕрибардзинад кӕй тугӕй ӕлхӕд у, уыцы хъӕбатырты рухс нӕмттӕ, цӕмӕй ӕнувыд уой Фыдыбӕстӕйыл… Саударӕн ӕмбырды архайджытӕ ссыгътой мыдадзын цырӕгътӕ.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here