Нӕ республикӕйы дуканитӕ ӕмӕ базартыл куы азилӕм, уӕд бынӕттон дыргътыл зынӕй фӕхӕст уыдзыстӕм. Уый хыгъд кӕмдӕриддӕр тӕрхӕджытыл парахатӕй вӕййы ӕндӕрбӕстаг фӕткъуытӕ, кӕрдотӕ, сӕнӕфсир, чылауитӕ, чъерамитӕ, балтӕ ӕмӕ ӕндӕр дыргътӕ. Уӕвгӕ, уыдон нӕм хӕстӕг ӕмӕ дард фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй кӕцӕй нӕ ласынц, ахӕм нӕй: Азербайджанӕй, Гуырдзыстонӕй, Сомихӕй, Туркӕй, Грецийӕ, Кипрӕй, ӕндӕр бӕстӕтӕй…
Махмӕ дыргъдӕтты продукци ӕндӕр рӕттӕй кӕй ласынц, ӕз уыцы фӕлхасады ныхмӕ нӕ дӕн. Мӕн тыхсын кӕны, абон дыргъты базарады нӕ республикӕйы цы ӕдзӕллаг уавӕр сӕвзӕрд, уый.
Уавӕр афтӕ у, ӕмӕ фӕсарӕйнаг дыргътӕ ӕмӕ суанг халсартӕ дӕр арӕх ӕмыдзаг вӕййынц алыхуызон химион буаргъӕдтӕй кӕнӕ та хъыгдард вӕййынц, нӕ республикӕйы дыргъцӕхӕрадӕттыл апырх кӕнынӕй тӕссаг кӕмӕн вӕййы, зайӕгойты ахӕм низтӕй. Зӕгъӕм, уадзӕн бынат «Уӕллаг Ларс»-ы лӕууӕг РЦИ-Аланийы фитосанитарон службӕйы кусджытӕ бирӕ хӕттыты баурӕдтой Турк ӕмӕ ӕндӕр фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй ласт дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ. Амынд службӕйы кусджытӕ ахӕм «тӕрхон» рахӕссынц, зайӕгойты продукци хъыгдард кӕй вӕййы, уый тыххӕй.
Мах та сӕ ӕдзухдӕр хӕлофӕй фелхӕнӕм. Стыр хорздзинадӕн сӕ фӕцӕйхӕссӕм нӕ рынчынтӕн. Дызӕрдыггаг дыргътӕ ӕмӕ халсартӕй сӕ низыл низ кӕй ӕфтауӕм, ууыл та хъуыды дӕр нӕ фӕкӕнӕм.
Дохтыртӕ куыд амонынц, афтӕмӕй хъуамӕ алы адӕймаг дӕр дыргътӕ хӕра ӕрвылбон. Уымӕй организм канд фидар нӕ кӕны, ӕххуыс у иуӕй-иу низтӕй нӕхи бахъахъхъӕнынӕн дӕр. Фӕлӕ мӕн ам дарддӕр бафӕрсын фӕнды: цымӕ ныртӕккӕйы тыхст рӕстӕджы махӕй алкӕй бон дӕр у зымӕджы кӕнӕ уалдзӕджы мӕйты дыргъты килӕ ӕдзухдӕр 100-150 сомӕй ӕлхӕнын?
Ай-гъай, абон базарады ацы фарстайы фӕдыл цы тыхст уавӕр сӕвзӕрд, ууыл дзӕбӕхдӕр куы ахъуыды кӕниккам, уӕд ын рӕхджы бӕргӕ уаид срастгӕнӕн. Фыццаджыдӕр, уый тыххӕй хъӕуы нӕ республикӕйы дыргъдарыны куыст ногӕй рапарахат кӕнын. Уымӕн ӕмӕ нӕхи кӕрдотӕ, фӕткъуытӕ, чылауитӕ, балтӕ, алтъамитӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ вӕййынц хӕрзаддӕр, донджындӕр, ӕнӕниздӕр, алы рӕттӕй нӕм кӕй ласынц, уыдонимӕ сын абарӕн ницы хуызы ис. Бирӕ дыргъ ӕмӕ нӕм гагадыргътӕ куы уа, уӕд та сӕ аргъ ныллӕгдӕр уыдзӕн, ӕмӕ фӕлхасгӕнджытӕ зивӕг нӕ кӕндзысты се ‘лхӕнынмӕ,
Ӕз ма хорз хъуыды кӕнын ивгъуыд ӕнусы 50-60-ӕм азтӕ. Уӕд дыргъы куыст тӕккӕ тынгдӕр уыдис Цӕгат Ирыстоны. Алагираг ӕмбисонды кӕрдо ӕмӕ уынайлаг рӕсугъд фӕткъуыйы хорзы кой зӕлыд суанг бынӕттон поэтты зарджыты дӕр. Ӕвӕджиауы дыргъдӕттӕ уыдис Салыгӕрдӕны, Хърупсы, Црауы, Бирӕгъзӕнджы, Суададжы, рӕбыны иннӕ хъӕуты цӕрджытӕм дӕр. Ӕрвылаз-иу сӕ цы тыллӕг ӕрзад, уый фылдӕр хай-иу фӕластой Саратовмӕ, Энгельсмӕ, Центрон Уӕрӕсейы ӕндӕр горӕттӕм, дыргъдарыны куыст та чысыл пайда нӕ хаста алкӕмӕндӕр.
Хорз дыргъдӕттӕ уыдис республикӕйы кӕцыдӕр хӕдзарӕдты дӕр. Зӕгъӕм, Црауы раздӕры совхоз «Коммунизммӕ фӕндаджы» ацы къабаз ахста 1200 гектары, пайда лӕвӕрдта йӕ дыргътӕлӕмарӕн цех дӕр. Уӕдӕ Раздзоджы та дыргъдӕттӕ уыдысты, хуымгӕндӕн чи нӕ бӕззы, ахӕм къуылдымджын зӕххытыл.
Хъыгагӕн, фӕстаг азты нӕ республикӕйы хъӕуты цӕрджытӕ сӕ хъус нал дарынц дыргъы куыстмӕ. Уый хуымӕтӕджы нӕу. Ивгъуыд ӕнусы 50-60-ӕм азты тыллӕг чи лӕвӕрдта, уыцы дыргъбӕлӕстӕ сагъд ӕрцыдысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты агъоммӕ. Зӕронд бӕласӕн та тыллӕг дӕттын йӕ бон нал вӕййы. Кӕм йӕ къалиутӕ хус кӕнын райдайынц, кӕм та бындзарӕй дӕр афӕлдӕхы.
Фарста дарддӕр афтӕ ӕвӕрд цӕуы, ӕмӕ нӕ кӕд хорз цӕрын фӕнды, уӕд ногӕй бавналын хъӕуы дыргъдарыны куыстмӕ. Хъуамӕ, нӕ дыргъдӕтты цы бӕлӕстӕ базӕронд, уыдоны бӕсты ныссадзӕм, сомбон нӕ кӕстӕрты хӕрзад ӕмӕ рӕсугъд дыргътӕй чи ӕфсаддзӕн, ахӕм ӕвзонг талатӕ.
Абоны уавӕрты ацы куыст бакӕнын ӕнцон нӕу, тала 200-300 сомӕй уӕлӕмӕ кӕй у, уый тыххӕй. Фӕлӕ гӕнӕнтӕй фылдӕр цы ис? Нӕ фыдӕлтӕ-иу хъӕддаг кӕрдо ӕмӕ фӕткъуытӕ бантыдтой мигӕнӕнты. Сӕ донӕй къуымӕл дыгътой, сӕ мыггӕгтӕ та-иу ныссагътой таладоны, ӕмӕ-иу куы сырӕзыдысты, уӕд сыл-иу культурон бӕласы къалиутӕ бафтыдтой.
Ацы мадзалӕй фӕпайда кӕнӕн ис, дыргъдарыны куыст райдайыны фӕнд кӕмӕ фӕзына, уыцы амалхъомтӕн дӕр, ӕмӕ хорз хъуыддаджы тыххӕй зивӕг кӕнын нӕ хъӕуы. Хъуамӕ ӕрвылаз ӕппынкъаддӕр 100 гектары талатӕ садзӕм нӕ алыварс хуыздӕр зӕххыты, цӕмӕй нӕ чысыл Ирыстон фидӕны суа дыргъдӕтты бӕстӕ. Уӕд ӕндӕрбӕстаг низхӕссӕг кӕрдотӕ, фӕткъуытӕн бынат нал уыдзӕн нӕ бӕркадджын фынгтыл.
Тохсырты Къоста














