Бехъан — ӕрдзы цыртдзӕвӕн

0
218

Нӕ республикӕ хъӕздыг у уӕлзӕххон ӕмӕ дӕлзӕххон дӕтты фӕрӕзтӕй. Уымӕй уӕлдай нӕм ис тӕвд дӕтты ӕхсӕз гуырӕны дӕр. Республикӕйы цӕугӕдӕттӕ дих кӕнынц дыууӕ бындурон къордыл. Иутӕн сӕ гуырӕнтӕ сты суадӕттӕ, иннӕтӕ равзӕрынц цъититӕй. Суадӕттӕй цы цӕугӕдӕттӕ рауайы, уыдонӕн фылдӕр хатт сӕ райдайӕнтӕ вӕййынц хъӕдӕхгӕд кӕмттӕ ӕмӕ адгуытӕ. Уӕдӕ нӕ быдырон зӕххыты дӕр ахӕм суадӕттӕ чысыл нӕй. Зӕгъӕм, ӕрыдоны, Змейкӕйы, Бехъаны ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Сӕ иумӕйаг дӕргъ та у 400 километры бӕрц.

Цъититӕй равзӕргӕ цӕугӕдӕттӕ, ахӕмтӕ, куыд Терк, Ӕрӕф, Ӕрыдоны дон, Фыййагдон, Джызӕлдон иннӕтӕй хицӕн кӕнынц, фылдӕр дон кӕй хардз кӕнынц ӕмӕ йӕ фылдӕр фӕзуӕтты кӕй ӕмбырд кӕнынц, уыдӕттӕй. Куыд нымайынц, афтӕмӕй нӕ хӕххон цӕугӕдӕтты иумӕйаг дӕргъ у 500 километры. Республикӕйы ӕрдзон кӕсагхӕдзарадон дондӕтты цӕры кӕсӕгты 20 хуызӕй фылдӕр: хъаспиаг лосось, кутум, балер, хуыдзых, подуст, сардзан, урс амур, сом ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Нӕ республикӕйы фӕзуӕтты ӕнӕхъыгдардӕй баззадысты зынаргъ экологон системӕтӕ. Уыдон хъахъхъӕнын ӕмӕ сӕ ӕрдзон миниуджытӕ фӕфылдӕр кӕнынӕн та ис стыр ахадындзинад, цӕмӕй Цӕгат Ирыстоны уӕлдай тынгдӕр хъахъхъӕнинаг фӕзуӕтты системӕты рӕзт ма фӕкъуылымпы уа.

Ахӕм экосистемӕтӕм хауы алӕмӕты ӕрдзон бынат Бехъан дӕр. Уӕлдай фылдӕр ахадындзинад та ис йӕ цадӕн, ардӕм ӕввахс цъымараджын бынӕттӕн, цӕугӕдӕттӕ Урсдоны, Дур-Дуры хицӕн рӕттӕн, ӕмӕ, Бехъаны цад донӕй чи ӕфсады, уыцы чысыл цӕугӕдӕттӕн. Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ экологон системӕтӕ иухуызон сты, фӕлӕ ӕппӕтӕн дӕр ис ахсджиаг донхъахъхъӕнӕн миниуӕг: донӕй ӕфсадынц алыварс ӕрдзон бынӕттӕ.

Бӕрӕггонд куыд ӕрцыд, афтӕмӕй ам бирӕ суадӕттӕ гуырынц зӕххы уӕлцъармӕ, се ‘мхуызон ахӕм ӕрдзон фӕзындтытӕ та нӕй суанг ӕппӕт Центрон Кавказы дӕр. Бӕлвырддӕр куы зӕгъӕм, уӕд 220 суадонӕй фылдӕрӕй секундмӕ дон кӕлы 15 кубометры бӕрц ӕмӕ ӕфсадынц алыварс чысыл цӕугӕдӕтты, сӕ донӕй та кусы Бехъаны гидроэлектростанцӕ.

Алӕмӕты ӕрдзон бынаты канд бирӕ нӕй суадӕттӕ, фӕлӕ ма хъӕздыг у дӕлзӕххон дӕттӕй дӕр. Ам ис, йӕ диаметр 1 километр кӕмӕн у, йӕ бӕрзӕнд — 30 метры, ахӕм рагон географион объект. Уӕдӕ Бехъаны цъымараты торфы ӕвӕрӕнтӕ дӕр ма разынд ӕмӕ ахсынц 2996 квадратон метры. Уымӕй уӕлдай, ӕндӕр регионты чи нӕй, уыцы ӕрдзон бынаты цы сакъадӕхтӕ ис, уыдоны ӕнӕхъыгдардӕй баззадысты, нӕ республикӕйӕ иннӕ рӕтты чи нал ис, ахӕм ӕмбисонды тулдз бӕлӕсты рӕсугъд къохтӕ. Хицӕн рӕтты бӕрӕггонд ӕрцыдысты РЦИ-Аланийы Сырх чиныгмӕ хаст зайӕгойтӕй бирӕты хуызтӕ. Зӕгъӕм, малусӕгтӕ кавказаг ӕмӕ лыстӕгсыфджын, ӕндӕртӕ дӕр.

Бехъаны цад ис доныленкгӕнӕг бирӕ алыхуызон мӕргъты тӕхӕн фӕндагыл, уыимӕ, Уӕрӕсейы ӕмӕ РЦИ-Аланийы Сырх чингуытӕм хаст чи ‘рцыд, уыдоны дӕр — сау кӕсагласы, орлан-белохвосты ӕмӕ иннӕ мӕргъты дӕр. Цад ӕмӕ йӕ алыварс суадӕтты ӕрвылаз банымайӕн вӕййы 3-6 мин алыхуызон маргъы. Ам ӕрвылаз зымӕгиуат фӕкӕнынц денджызы хъазтӕ, бабызтӕ, доныленкгӕнӕг ӕндӕр мӕргътӕ.

Иу ныхасӕй, Бехъан у, Уӕрӕсейы цӕгатаг хайы ӕмӕ Хъаспийы денджызы хъызт рӕстӕг куы скӕны, уӕд ам рӕстӕгмӕ чи ‘рцӕры, ахӕм доныленкгӕнӕг мӕргъты станцӕ. Ӕрӕджыйы онг ам уыдис, РЦИ-Аланийы Сырх чиныгмӕ хаст лыстӕг кӕсагластӕ ахстӕттӕ кӕм кодтой, иунӕг ахӕм бынат Центрон Кавказы. Цады ӕмӕ алыварс цӕугӕдӕтты цӕры ахӕм кӕсӕгтӕ, куыд балер, хуыдзых, сардзан, карп ӕмӕ ӕндӕртӕ. 1974 азы Цӕгат Ирыстоны Министры Советы уынаффӕйӕ Бехъаны цадӕн лӕвӕрд ӕрцыд, регионалон нысаниуӕг кӕмӕн ис, ӕрдзы ахӕм гидрологон цыртдзӕвӕны статус.

Ацы уӕлдай тынгдӕр хъахъхъӕнинаг ӕрдзон фӕзуӕтты цы стӕм экологон системӕтӕ ис ӕмӕ удӕгас организмтӕ цӕры, уыдоныл фыдбылыз не ‘руадзыны тыххӕй абон мах фӕкъаддӕр кӕнын хъӕуы ӕрдзӕй гуымиры хуызы пайда кӕныны архайд. Фӕлӕ хатгай ахӕм цаутӕ вӕййы, ӕмӕ ӕнӕзакъон цуанӕттӕ ӕмӕ кӕсагахсджытӕ знаггад фӕкӕнынц Бехъаны цад ӕмӕ йӕ алыварс фӕзуӕтты ӕмбисонды ӕрдзы удӕгас ӕмӕ ӕнӕуд объекттӕн. Уымӕ гӕсгӕ «Цады хӕдзарад «Бехъан»-ы кусджыты чысыл коллектив афӕдзы кӕцыфӕнды афон дӕр цӕстыгагуыйау хъахъхъӕны ӕрдзон цыртдзӕвӕны ӕвӕджиауы экологон системӕтӕ, цӕмӕй фылдӕр кӕной ацы фӕзуӕтты биологион алыхуызондзинӕдты хъӕздыгдзинӕдтӕ.

Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here