Хъӕдхойӕн йӕ сӕр цӕуылнӕ риссы?

0
246

Ацы мӕргътӕ бӕлӕсты зӕнгтӕ фӕкъахынц, секундмӕ 20 цӕфы ныккӕнгӕйӕ. Цы тых радтынц, уый та абарӕн вӕййы реактивон хӕдтӕхӕг, ӕппӕты тагъддӕр тӕхгӕйӕ, йӕхи зӕххы уӕлцъарыл куы ныццӕвы, уӕд дзы цы хъару сӕвзӕры, уыимӕ. Иу адӕймаг дӕр удӕгасӕй нӕ баззаид ахӕм цӕфы фӕстӕ, хъӕдхойтӕ та йӕ хъуыды дӕр нӕ кӕнынц. Уыдон ӕнцад-ӕнцойӕ цӕрынц, сӕ «куысты» фӕтк нӕ фехалгӕйӕ.

Алыварс цӕрӕг удтӕй хъауджыдӕр хъӕдхойтӕ цасфӕнды куы фӕхойынц бӕлӕсты зӕнгтӕ, уӕддӕр ӕй ницӕмӕ ӕрдарынц.

Уӕдӕ хъӕдхойӕн йӕ сӕр хъыгдард цӕуылнӕ баййафы ӕрвылбоны «уӕззау куыстӕй»?

Фыццаджыдӕр, уымӕн, ӕмӕ йӕ «ӕфсӕн» бырынкъ хъӕд фӕхойы бӕласы зӕнджы уӕлцъары комкоммӕ. Цӕфтӕй та уый нӕ фӕтасы, стӕй ӕндӕрхуызон дӕр нӕ кӕны. Ацы хъуыддаджы йын ӕххуыс кӕнынц бӕрзӕйы хӕцъӕфтӕ, «хойӕн» куыстыты архайынц, ӕрмӕстдӕр сӕры размӕ-фӕстӕмӕ змӕлдтытӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы хӕцъӕфтӕ, бӕрзӕйы фӕрсырдӕм змӕлдтытӕ та ницы фӕархайынц. Ома, хъӕдхой физикон уагӕй цы архайы, уымӕй йын аздӕхӕн нӕй.

Дыккагӕй, хъӕдхойы сӕры кӕхц ӕмӕ йӕ магъз хицӕн кӕны мидсӕргӕхцы тӕнӕг цъар, ӕмӕ уый зыр-зырты нӕ бауадзы фаг тых ӕрӕмбырд кӕнын, цӕмӕй магъз тӕссаг уавӕрмӕ ӕркӕной. Уымӕй уӕлдай ацы тӕнгъӕд ныхӕсаг у, ӕмӕ уайтагъд, цӕфӕй цы уылӕнтӕ равзӕры, уыдон ныссабыр кӕны, хъыгдарын нӕ бауадзы нервыты ахсджиаг центры.

Ӕртыккагӕй, сӕры магъз сызмӕлынӕй хъахъхъӕныны стыр ахадындзинад ис маргъы дӕлӕвзагон стӕджы ахсджиаг хайӕн. Уый йӕхӕдӕг дӕр ӕргъиу у, стӕджы хъуымац нӕу. Хъӕдхойӕн уый тынг кусы, ӕмӕ ис канд ласӕггаджы нӕ, фӕлӕ ма сӕры кӕхцы алыварс дӕр.

Уымӕй уӕлдай ма хъӕдхойӕн ис йӕхихуызон «ӕдасдзинады рон» дӕр цӕстытӕн. Цӕфы рӕстӕг ӕртыккаг уӕлтъыфал (ныкъуылӕн тӕнӕг цъар) ӕрӕхгӕны ацы маргъы цӕстытӕ, цӕмӕй цӕстыгагуы хъахъхъӕна хойынӕй. Уымӕ гӕсгӕ хъӕдхойты уынынад ӕдзухдӕр вӕййы нывыл, кӕд сӕ цард хойгӕйӕ ӕрвитынц, уӕддӕр.

Хъӕдхойтӕ сты ӕнахуыр диссаджы мӕргътӕ ӕмӕ зондджын, «кусынӕй» та фӕллад дӕр нӕ зонынц. Ныртӕккӕ ахуыргӕндтӕ хъуыды кӕнынц, уыдоны арӕхстдзинад адӕймагмӕ куыд фӕхӕццӕ кӕнӕн ис, ууыл.

Юрий Комаров,

Цӕгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон фӕдзӕхст бынаты орнитолог, биологон наукӕты кандидат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here