Цъамад ӕмӕ Инджынтӕ

0
222

Ирыстоны тӕккӕ рагондӕр хъӕутӕ Цъамад ӕмӕ Инджынтӕ кӕрӕдзимӕ ӕввахс сты Уӕлладжыры комы хӕхты. Дыууӕйӕн дӕр сӕ уидӕгтӕ хӕццӕ кӕнынц алайнаг дугмӕ. Нӕ фыдӕлтӕй куыд ӕрыхъуыстам, афтӕмӕй кӕддӕр ам ӕрцардысты алайнаг хӕстон разамонӕг Ос-Бӕгъатыры фырт Сидӕмоны байзӕддӕгтӕ.

Уӕды рӕстӕджы фыдызнӕгтӕ арӕх бырстой Уӕлладжыры коммӕ ӕмӕ-иу хӕххон хъӕутыл зынг бафтыдтой. Абон дӕр ма Цъамады астӕу Черчесты ӕрдӕгхӕлд мӕсыг — рагон цауты ӕгомыг ӕвдисӕн — лӕууы стыр къӕдзӕхдурыл. Таурӕгъы куыд баззад, афтӕмӕй персайнаг шах Аббас I ӕфсӕдтӕ XVII ӕнусы райдайӕны ӕрбабырстой Уӕлладжыры коммӕ. Цъамады цӕрджытӕ сӕхи баууон кодтой Черчесты фондзуӕладзыгон мӕсыджы ӕмӕ ныхкъуырд лӕвӕрдтой персайнӕгтӕн.

Ахӕм цаутӕ фӕстӕдӕр ӕнусты дӕр чысыл нӕ уыд Уӕлладжыры комы хӕхбӕсты, фӕлӕ ӕппӕт хабӕрттӕ дӕр аныгъуылдысты историйы фӕлмы. Ӕрмӕст ма хӕххон хъӕуты царды бӕлвырд ӕвдисӕнтӕ баззадысты Цӕгат Ирыстоны паддзахадон архивы ӕрмӕджыты.

Ӕнусы размӕ Уӕлладжыры комы нӕргӕ хъӕутӕ Дагом, Цъамад, Инджынтӕ, Джими, Быз, Зынцъар, Холыст, Донысӕр Уӕллаг ӕмӕ Дӕллаг Уынал хаудтой Дагомы зылдмӕ. Фӕлӕ ацы хъӕутӕй Цъамад ӕмӕ Инджынты цӕрджытӕ кӕрӕдзимӕ уӕлдай ӕввахсдӕр уыдысты зӕрдӕйӕ. Бӕлвырддӕр куы зӕгъӕм, уӕд дыууӕ хъӕуы дӕр хаудысты иу администрацимӕ ӕмӕ пайда кодтой иумӕйаг зӕххы хайӕ.

Цъамад ӕмӕ Инджынты ӕдӕппӕт цард 600 адӕймагӕй чысыл фылдӕр кӕнӕ та Дагомы зылды цыппӕрӕм хай. Паддзахы администраци 1886 азы цы сфыст сарӕзта, уый ӕрмӕджытӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ Цъамады цард 57 хӕдзары. Адонӕй Бицъотӕ уыдысты 10, Уататӕ, Уырымтӕ ӕмӕ Черчестӕ — фӕйнӕ 8, Кӕсӕбитӕ — 5, Пагӕтӕ — 4, Тохсыртӕ ӕмӕ Мадзатӕ та — фӕйнӕ дыууӕ хӕдзары

Хохӕгтӕй бирӕтӕ цардысты дзӕвгар азтӕ. Фондзыссӕдз азӕй фылдӕр цыд Бицъоты Ханимыл. Чысыл кӕстӕр йеддӕмӕ дзы нӕ уыдысты Цӕрукъаты Темырыхъо, Хъайттаты Хадо ӕмӕ Созӕты Хамырзӕ. Хӕхбӕсты цард ӕвадат кӕй уыд, уый тыххӕй фылдӕр мыггӕгтӕ цардысты бирӕ бинонтӕй. Зӕгъӕм, Бицъоты Ханимы ӕхсӕз фырты цардысты иу цары бын. Ам диссагӕй ницы ис, фӕлӕ фырттӕй алкӕмӕн дӕр уыд цоты цот. Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та, хӕдзары бинонтӕ уыдысты 33, се ‘мбис — сывӕллӕттӕ.

Хохӕгтӕ куыд нӕ тыхстаиккой, зӕхх сӕм фаг кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Алы цӕрӕджы хыгъдмӕ дӕр хуымгӕнд хаудта дӕсӕтины цыппӕрӕм хай, кӕнӕ быдыры хъӕутӕй 7, хъазахъхъаг станицӕтӕй та 17 хатты къаддӕр. Зӕхх сыгъзӕринӕй кадджындӕр уыд хӕхбӕсты. Иу бонгӕнды тыххӕй лӕвӕрдтой 100 хъуджы. Цъамад ӕмӕ Инджынты хуымгӕнд, уыгӕрдӕнтӕ ӕмӕ фосхизӕнтӕ уыдысты 50 дӕсӕтины, дурджын зӕххытӕ 270 дӕсӕтины та ницы пайда лӕвӕрдтой. Хохӕгтӕ цӕмӕй афӕдзӕй-афӕдзмӕ сӕ бинонты ирвӕзын кодтаиккой, уый тыххӕй-иу 25-50 километры дарддӕр зӕхх райстой хаццоны.

Хӕхбӕсты цӕрджытӕн фос дарын дӕр ӕнцон нӕ уыд. Зымӕг дӕргъвӕтин вӕййы, ӕмӕ хос амал кӕнын хъуыд 8 мӕйы фаг. Фӕлӕ уый тыххӕй хохӕгтӕ сӕ фос никуы фӕкъаддӕр кодтой. 1886 азы сфыстмӕ гӕсгӕ Цъамад ӕмӕ Инджынты цӕрджытӕм стуртӕ уыдис 400, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ — 2200, бӕхтӕ — 42, хӕрджытӕ — 50.

Ацы фосы дзӕвгар хай уыдис Бицъоты Аслӕнбеджы, Созӕты Хамырзӕ ӕмӕ Черчесты Мысырбийы къухты. Иннӕтӕ бирӕ фос нӕ дардтой. Фылдӕр хӕдзӕртты нӕдӕр фыстӕ уыдис, нӕдӕр сӕгътӕ. Бӕх чи дардта, уыцы бинонтӕ нымад уыдысты хъӕздыгыл. Фӕззыгон куыстытӕ-иу куы фесты, уӕд-иу ӕрзӕт Садонӕй ластой Даргъ-Къохмӕ, кӕнӕ та-иу хъӕд ласыны куыстыты ныллӕууыдысты Алагиры хъӕды хӕдзарады.

Хохӕгтӕ тыхстысты хъӕды суг кӕныныл дӕр. Уӕды рӕстӕджы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ къазнайы хъӕдмӕ цӕуӕн нӕ уыд. Ӕрмӕст зымӕджы мӕйты Алагиры хъӕды хӕдзарады барлӕвӕрдӕй уыдис кӕлддзаг хъӕд ласӕн. Бирӕ азты фӕтох кӕныны фӕстӕ, Дагомы зылды хъӕдгӕстӕ, Тохсырты Хадо ӕмӕ Черчесты Бодзы хъӕппӕрисӕй 1902 азӕй фӕстӕмӕ хицауад хохӕгтӕн цӕуыны бар радта алыварс хъӕдтӕм.

Абон уавӕр афтӕ у, ӕмӕ хӕххон хъӕуты ивгъуыд дуг мах бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕны. Хъыгагӕн, ныртӕккӕ аргъ кӕмӕн нӕй, дунейы бирӕ бӕстӕтыл сӕ кой кӕмӕн айхъуыст, уыцы ӕмбисонды рагон архитектурӕйы цыртдзӕвӕнтӕ заууатмӕ ӕрцыдысты. Уӕлдай маст та нын у, иуӕй-иу ӕвзӕргӕнджытӕ сӕ халыныл кӕй нӕ ауӕрдынц, уый.

Нӕ ныхас куы фӕбӕлвырддӕр кӕнӕм, уӕд иу рӕстӕг Бицъоты зӕппадзы къул бакъахтӕуыд Цъамады ӕмӕ дзы фыдгӕнджытӕ рахастой, рагон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цалдӕр ӕнусы размӕ мӕрдты фарсмӕ цы фыдӕлтыккон ӕхсаргӕрдтӕ, хъаматӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ, зынаргъ згъӕртӕ ӕмӕ дуртӕй конд нывӕфтыд дзаумӕттӕ (ӕвзист рӕттӕ, риуы ӕгънӕджытӕ, цонгдарӕнтӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ) уыдис, уыдон. Бӕргӕ, зӕрдӕдарӕн куы уаид, дарддӕр нӕм ахӕм хабӕрттӕ кӕй нал ӕрцӕудзӕн, ууыл. Хъуамӕ стырӕй, чысылӕй цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнӕм нӕ рагон фыдӕлты фарн, ӕрмдзӕф ӕмӕ ӕнцойдзинад.

Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here